Афæдз рацыд, Хуссар Ирыстоны æцæг патриот, йæ Райгуырæн бæстæйы сæрыл хъæбатыр тохгæнæг  Тадтаты Артуры æнæрынцой зæрдæ йæ куыстæй куы æрлæууыд, уыцы бонæй.

Йæ царды хуыздæр азтæ Фыдыбæстæйы хъахъхъæнынæн снывонд кодта, уыд хæрзæгъдау, цæсгомджын, принципиалон æмæ куыстуарзаг командир, тырныдта йæ дæлбар адæймæгты цард фæхуыздæр кæнынмæ, уыдис ныфсхаст æмæ бæрзонд профессионализмы æмæ æнкъараг зæрдæйы хицау дæр. Артур  уыдис, Райгуырæн бæстæйы хъысмæт зæрдæйæ чи фæрсыгъта, йæ адæмы рыстыл чи рыст, йæ хорздзинæдтыл чи рад, ахæм адæмуарзон адæймаг.

Уый райгуырд интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ мад дæр æмæ йæ фыд дæр хæрзæгъдау, куыстуарзаг,  æхсæнады кадджын æмæ нымад адæймæгтæ уыдысты. Кæмыты куыстой, уым сын стыр кад æмæ аргъ кодтой. Йæ фыд, дзæнæттаг Арсен, уыд тынг хорз инженер-электрик, бирæ рæстæг фæкуыста Хуссар Ирыстоны «Электрохызæджы». Йæ мад, Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Боциты Нинæ абон дæр у сæрæгас, бирæ азты дæргъы куыста Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы географийы ахуыргæнæгæй, фæстагмæ йæ куыст адарддæр кодта гимнази «Рухс»-ы.

Уæдæ ахæм мад æмæ фыдæн куыд нæ хъуамæ уыдаид цæвиттойнаг фырт. Артур йæ ныййарджытæй рахаста фидар удыгъæд, æппæт зонындзинæдтæм тырнындзинад, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Уыцы хорз миниуджытæ йын йæ сонт зæрдæйы уыдон ныффидар кодтой. Æмæ сын уый дæр йæ ахастæй, йæ удыскондæй сæ кад никуы æрныллæг кодта.

Йæ цардæмбал Кокойты Индирæ дæр уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы   ахуыргæнæгæй  кусы горæты 6-æм астæуккаг скъолайы, сæ иунæг фырт  та  ахуыр  кæны ХИПУ-йы æхсæнадæмон ахастыты историйы факультеты 4-æм курсы.

Артур Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты истори æмæ филологийы факультет æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ Советон Æфсады куы службæ кодта, уæддæр йæ уагахаст æмæ тынг хорз службæйы тыххæй   цæвиттойнаг уыд йе ‘фсæддон æмбæлттæн, кад ын кодтой йæ командиртæ дæр. Уый бæрæг уыд, йæ ныййарджытæ цы бирæ бузныджы фыстæджытæ истой сæ лæппуйы командиртæй, уымæй. Тадтайы фырт дыууæ азы службæйы фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ сержанты цины æмæ кусын райдыдта Цхинвалы райкомы инструкторæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады раздæры министр, ныр та Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министр Гассеты Ибрагим Тадтаты Артуры тыххæй афтæ радзырдта:

«Советон Æфсады Гарзджын тыхтæй сержанты цины æрыздæхгæйæ, Артур йæ службæ адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны националон æфсады. Снысан æй кодтой  Æмбæстагон хъахъхъæнынад æмæ уæлвæткон уавæрты министрады хистæрæй. Фыццаг бонæй фæстаг бонмæ йæ службæ здæхт уыд Ирыстоны сабырад хъахъхъæнын æмæ размæцыдмæ.

Тадтайы фырт алы рæстæджыты фæкуыста бæрнон бынæтты къухдариуæггæнæгæй. Уымæн йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ тынг ахсджиаг уыдысты паддзахадæн.  Уыд  оперативон хайады сæргълæууæг дæр æмæ развæдсгæрсты сæргълæууæг дæр. Цыфæнды бынаты кусгæйæ дæр Артур йæ бæрны хæстæ æххæст кодта намысджын æмæ æнтыстджынæй. Фæлæ мæ иууыл тынгдæр банысан кæнын фæнды йæ архайд Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады Кадетты скъолайы директоры бынаты.

Цæмæй Кадетон скъола æмбæлон фæтк æмæ уагыл кусын райдыдтаид, уый тыххæй стыр куыст бакодта скъолайы къухдариуæггæнæг æмæ бындурæвæрæг булкъон Тадтаты Артур йæ æмхъуыдыгæнджытимæ. Йæ хæстон æмæ педагогон фæлтæрддзинады, фидар удыхъæды æмæ хиуыл нæ ауæрдгæ архайды руаджы абон скъола кусы æххæст хъомысæй. Скъолайы курсанттæ цыма йæхи сывæллæттæ уыдысты, афтæ сæ уарзта æмæ сыл аудыдта. Тырныдта скъолайы ахуырады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, курсантты уавæртæ фæхуыздæр кæнын, сæ ахуырфæразондзинад сын фæбæрзонддæр кæнынмæ, иууыл тынгдæр йæ хъусдард здæхта сывæллæтты моралон-хæрзæгъдауон хъомыладмæ. Æппæт йæ зонындзинæдтæ æмæ архайд здæхт уыд рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Уымæн æмæ йæ зыдта, рæзгæ фæлтæрæн абон хорз хъомылад куы нæ радтæм, уæд  Хуссар Ирыстоны сомбон зæрдæхсайгæ  уыдзæн, уымæн æмæ уыдон нæ фидæн сты.

А-дунейæ Артуры ацыд стыр цæф уыд махæн. Уымæн æмæ не ‘хсæнæй фæхъуыд куырыхон зондамонæг, иузæрдион æмбал æмæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот. Нал ис, национ Гарзджын Тыхты рæзтмæ саргъгæнæн цæмæн нæй, ахæм уæзгæ хуынтæ чи бахаста, уыцы адæймаг».

Кадетты скъолайæ Тадтайы фырты коллегæтæ абон дæр хъыгзæрдæйæ мысынц Артуры  рухс ном.

– Артурæн стыр хайбавæрд ис Кадетты скъолайы сырæзт æмæ срæвдз кæнынмæ. 2011 азы Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад Кадетты скъола бакæнынвæнд куы скодта, уæд Тадтаты Артуры снысан кодтой уыцы скъолайы директорæй. Зæгъæн ис, скъола нæ, фæлæ йын æгæрыстæмæй бæстыхай дæр нæма уыд, фæлæ 2011 азы директор нысан æрцыд. Кадетты скъолайы баконд ногдзинад уыд нæ республикæйы æмæ йын алчи нæ зыдта йæ ахуыры здæхт дæр æмæ привилегитæ дæр. Уый фæстиуæгæн Артур йæхæдæг зылд скъолатыл æмæ сывæллæттæн æмбарын кодта ацы скъолайы ахуыры нысаниуæг. Тынг тырныдта, цæмæй скъолайы æппæтдæр бæрзонд æмвæзадыл уыдаид. Скъола Иры хъæумæ куы ахастой, уæд сын сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджыты ласынæн æрмæст иу автобус рахицæн кодтой, фæлæ сын уый нæ фаг кодта, æмæ та ам дæр Артур бацархайдта æмæ райстой дыккаг автобус дæр. Цæмæй сывæллæттæ ма бафæлмæцой, æнцондæр сын уа, уый тыххæй Артур йæхæдæг сахуыр кодта, сывæллæттæ кæмыты цæрынц, уый æмæ автобусты маршрут сарæзта уымæ гæсгæ.

Артурæн йæ туджы ахъардтой педагогы миниуджытæ, йæ хъуыдытæ дæр æмæ зæрдæйæ дæр сывæллæттимæ уыд. Йæ удыл нæ ауæрста, æрмæст уыдонæн хорз уыдаид, уый тыххæй. Исчи-иу курсанттæй куы фæрынчын, рынчындонмæ-иу куы бахауд, уæд-иу сæ æнæ бабæрæгкæнгæ нæ фæцис,  хуынтимæ-иу сæм бацыд, баныхас-иу кодта дохтыртимæ дæр.

Архайдта, цæмæй сывæллæтты цард цымыдисондæр уа, ууыл. Йæ хъæппæрисæй-иу кадеттæ арæх цыдысты экскурситы Хъырыммæ, Абхазмæ, Мæскуымæ. Ахуыр-хъомыладон куысты программæйы фæлгæтты-иу æрвылаз дæр 3-4 боны æмгъуыдмæ  экскурсийы уыдысты «Лермонтовы бынæтты» – горæттæ Ессентуки, Кисловодск æмæ Пятигорскы.  Алы аз дæр-иу ахуыры азы кæрон цыбыркъух бинонты сывæллæтты улæфынмæ  арвыста денджызмæ.

Ахæм рæстæджыты дæр Артур æнæ хъусдард нæ уагъта сывæллæтты, æрвыл бон дæр-иу фæдзырдта, сывæллæттæ кæй бæрны уыдысты, уыцы адæймагмæ, куыд сты, цæуыл тыхсынц, уый базоныны сæраппонд.

Йæ адæмуарзон  зæрдæ  æрлæууыд афæдзы размæ

Йæ уд хъардта, цæмæй скъолайы хъомылгæнинæгтæ æххæст уой æппæтæй дæр – уагахастæй, ахуырæй, физикон æгъдауæй. Кадеттæ активон хайад истой алыгъуызон ерысты, уыцы нымæцы  Мæскуыйы кадетон сборты æмæ-иу рамбылдтой призон бынæттæ. Фæстаг хатт та фæстиуæгон бахыгъды бацахстой фыццаг бынат. Уый тыххæй-иу Артур арæх райста бузныджы фыстæджытæ ерысты организатортæй.

Артур тынг бæрнон адæймаг уыд. Æдзухдæр хъуыды кодта йæ алыварс цæрæг адæмыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бинонты дæр æнæ хъусдард нæ уагъта, фæлæ æфсæддон службæгæнæг кæй уыд, уый тыххæй йе службæйон хæстæ бæрзонддæр æвæрдта,  уыдон дзы стырдæр бæрндзинад домдтой æмæ сæ Артур дæр æнтыстджынæй æххæст кодта.

Æниу æм уый тыххæй нæ хъыг кодтой йæ цардæмбал дæр æмæ йæ мад дæр. Хъыг нæ, фæлæ ма дзы райгонд æмæ сæрыстыр дæр уыдысты.

Райгуырæн бæстæ уæззау уавæры куы уыд, уæд Артур æхсæвæй бонæй уыд, йæ сæр тынгдæр кæм хъуыд, уыцы бынаты. Кæд-иу йæ хæдзармæ чысыл æрбауад, уæддæр йæ хъуыдытæ йе ‘мхæстон æмбæлттимæ уыдысты. Фæллад, фæлмæцыд æмæ-иу æххормагæй æрбауад, фæндыд-иу æй чысыл аулæфын дæр, фæлæ-иу æхстытæ куы райдыдтой, уæд-иу йæ хæрд дæр фæуагъта æмæ-иу атындзыдта йе ‘мбæлттæм.

Уый йæ службæгæнджыты разæй йæхиуыл  никуы батыхст. Кæд  фондз адæймагæй (мад, фыд, йæхæдæг, йæ цардæмбал æмæ сæ фырт) къуындæг уавæрты – дыууæхатæнон фатеры цардысты, уæддæр сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæныны охыл никуы никæй батыхсын кодта.

Бинонтæй-иу ын исчи куы загъта сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй, уæд-иу сын бамбарын кодта, зæгъгæ, «мæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй куыд хъуамæ бахатон искæмæ. Кæд къуындæг уавæрты цæрæм, уæддæр нын ис, кæм цæрæм, уый. Мæ афицертæй та бирæтæн æппындæр нæй хæдзæрттæ».

Артурæн уыд фæлмæн, æппæтæмбарæг зæрдæ. Уыд уарзæгой фырт, уарзæгой цардæмбал, уарзæгой фыд.

Йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны адæмы уæззау, æндыгъд уавæрты цард йæ зæрдæмæ арф кæй иста, уый тынг бандæвта Артуры æнæниздзинадыл. 2008 азы августы хæсты фæстæ райста зæрдæниз. Кæд-иу арæх бахауд рынчындонмæ, уæддæр йæхи нæ уагъта, йæ разылæууæг хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй.

Уыд æгъдауджын, цæсгомджын афицер, директор, педагог, уарзта чингуытæ кæсын, тынг хорз зыдта уырыссаг, советон æмæ фæсарæйнаг литературæ, тынг хорз зыдта истори, уæлдайдæр Ирыстоны истори, тынг хорз зыдта хæстон хъуыддаг, уыдис хорз топограф.

1989 азæй 2008 азмæ активон хайад иста Гуырдзыстоны агрессийы  ныхмæ тохты. Æрмæст уый нæ, фæлæ ма 2008 азы хæсты фæстæ æххуыс кодта уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг органты куыстæн дæр. Æмæ йын уыдон дæр йæ лæггад нæ ферох кодтой. 2010 азы Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг управленийы къухдариуæгадæй Тадтаты Артур райста бузныджы гæххæт, арæнхъахъхъæнæг органты хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынæн сын кæй баххуыс кодта, уый фæдыл. Арфæйы фыстæг ма райста 4-æм æфсæддон базæйы командакæнынадæй дæр.

Бирæ паддзахадон хорзæхтæй æрцыд хорзæхджын республикæйы къухдариуæгадæй дæр.

… Кæйдæр схъæл æмæ гуымиры ныхæсты аххосæй афæдзы дæргъы дзыназы мад йæ иунæг хъæбулы амæлæтыл, йæ уæздан цардæмбал баззад цæрæнбонтæм æрхæндæг зæрдæйæ, йæ иунæг фырт та йæ фыдæй фæцух.

 

ОСИАТЫ Индирæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.