Ахæм хъуыдыйыл хæст уыд йæ цыбыр царды бонты, Советон Хицауады сæрыл хъазуатон тохгæнæг, дæластæрдон куысты арæхстджын кусæг, зæхкусджыты большевикон организаци аразæг, Хуссар Ирыстоны революцион активон тохгæнæг, 1920 азты геноциды хабæртты ахъазаджы æвдисæн Плиты Иорамы фырт Арон.

    Йæ тохы æмбæлттæ уыдысты: Дзаттиаты Алыксандр, Абайты Алыксандр, Гаглойты Серги, Санахъоты Лади, Козаты Разден. Зæгъын хъæуы, Хуссар Ирыстоны революцион змæлды адон кæй уыдысты сæ раздзæуджытæ, дзæвгар уыд сæ нымæц, семæ Ирыстоны сомбон чи арæзта, уыдонæн дæр.

Хъыгаг та уый у, сæрибары сæрыл тохты йæ туг чи фæкалдта, Ног Советон Хицауад йæ къахыл чи сæвæрдта, уыдон разындысты «знæгтæ» æмæ сæ 1937 азы зæххы  уæлцъарæй фесæфтой. Байсæфт уæд Плиты Арон дæр.

Плиты Арон райгуырдис Дзауы районы Дзомагъгомы Саджджын къуырфы. Дзомагъгом абон æдзæрæг у. Нæргæ комыл нымад куы уыд, уæд дзы цардис 6 хъæуы: Магъ, Фæзы Дзомагъ, Къæззаты хъæу, Дзугаты хъæу (хуыдтой ма йæ Уæллаг хъæу), Саджджын къуырф, Гуыбаты хъæу. Мыггæгтæ та дзы цардис: Джыгкайтæ, Плитæ, Дзугатæ, Касатæ, Гуыбатæ, Уалытæ, Къобертæ. Уыдис сын сæхи авдазон скъола, медицинон пункт.

Ароны хъæу кæддæр сагджын кæй уыд, уый тыххæй йæ схуыдтой Саджджын (Сагджын) къуырф. Ам Плитæй чи цард цард, уыдоны фыдæлты номæй хуыдтой: Бедзетæ, Цаитæ, Гæуитæ, Гарсотæ. Иннæ хай, Къаззаты хъæуы чи  цард – Хадзатæ, Бебетæ, Бадтатæ. Легендæтæм гæсгæ, ацы Плитæ дæр кæддæр зæххъуагдзинады аххосæй Рукъæй балыгъдысты Дзомагъгоммæ.

Йæхи истори ис Дзомагъгомæн. Ууыл дзургæйæ, нæ ахиздзынæ – Плиты Арон æмæ Агуыбейы, Дзугаты Георги, Зауыры æмæ Хаджумары, Джыгкайты Аким, Шамил æмæ Мураты иувæрсты. Уыдон æмæ ма æндæртæ дæр, канд Дзомагъгомы кад нæ, æнæхъæн Ирыстоны кады сæрыл дзурджытæ уыдысты æмæ сты.

Арон райгуырдис 1890 азы. Цæрдхъом уыдысты йæ ныййарджытæ. Йæ фыд Иордан хъæздыг цæрæгыл уыд нымад. Баззад ахæм хабар: «Йæ фыды фыд Бедзе фæрæзджын уыд, иухатт æй æрфæндыд уæздæтты номхыгъдмæ бахауын, арвыста ныстуан паддзахмæ, уæздан æмæ хъæзныджы ном райсыны тыххæй. Паддзах  æм æрбарвыста: «Ме ‘фсадæн мын кæрдзын цал мæйы бахæрын кæндзынæ?». Бедзе нæ, фæлæ æнæхъæн Дзомагъгомы Плитæ дæр сæ хъæбæрхоры æвæрæнтæй иунæг бон дæр нæ суазæг кодтаиккой уырысы æфсады.

Уæздан, нæртон, дзырддзæугæ хæдзар-вæндагыл нымад уыдысты Бедзетæ, Иордан  æмæ йæ ус Калионы сæ къух амыдта, цæмæй сæ зæнæгæн ахуырмæ фæндаг радтаиккой. Йæ хотæй иу – Верицæ уыдис зонадон кусæг Гугкаты Дзаттейы бинойнаг, йе ‘ннæ хо Козаты чындз уыдис, Советон Цæдисы хъайтар Шаликъойы мад.

Арон фыццаг ахуыр кодта Ручъы аргъуанон скъолайы. Царды фæндæгтæ агургæйæ ахауд Пятигорскмæ, стæй æрбаздæхт  Ирыстонмæ æмæ райдыдта ахуыр кæнын Æрыдоны духовон семинары. Ам базонгæ дуджы раззагон хъуыдытимæ, революцион дуджы æууæлттимæ. Уый уыдис 1914 азы, 1915 азы та йæ ахуыр адарддæр кодта Петербурджы хъæу-уонхæдзарадон институты. Ам æй æрæй-йæфтой революцийы уылæнтæ. Йæ мы-синæгты афтæ зæгъы: «Февралы революцийы æз активон хайад райстон Питеры студентты рæнхъыты уæвгæйæ. Февралы революцийы фæстæ мæн æрхуыдтой завод «Вулкан»-ы кусæгон комитеты секретарæй кусынмæ» (кæс ж. «Фидиуæг», 1970, № 6).

Уæрæсейы фæуæлæхиз революци. Арон ахызт æхсæнадон куыстмæ. «Революцийы фæуæлахизы фæстæ, – зæгъы Арон, – кусынмæ бацыдтæн Петербурджы Хæлцадон Комитеты Ревизион хайадмæ. Куыстон дзы контролерæй». Куыста, фæлæ йæ зæрдæ та дзырдта йæ Ирыстонимæ, йæ райгуырæн къуым Хуссар Иримæ. Куы сæмбæлд Санахъоты Владимиримæ, уæд рараст сты Цхинвалмæ. Йæхæдæг афтæ зæгъы: «…1917 азы, сæрды, Санахъоты Владимиримæ иумæ рараст стæм Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрæвнæлдтон организацион-пропагандистон æмæ массон-агитацион куыстмæ». (уый дæр уым).

Егъау уыд йе’хсæнадон куыст, хорз æмбæрста дуджы уавæр, уыдта, Хуссар Ир тохы фæндагыл лæуд кæй у, революци йæ кæнон нæма бакодта, сæрибардзинад та тохы быдыры агуринаг у. Йе змæлд цахæм уыд, уый тыххæй афтæ зæгъы: «1918 азы июлы кæрон, Дзауы организацигонд æрцыд нæ партийы Оргкомитет Санахъоты Владимир, Дзаттиаты Алыксандр, Гаглойты Серги æмæ Плиты Ароны скондæй. Уый хæд фæстæ, 1919 азы, дæластæрдон конференцийы сæвзæрстам Округон дæластæрдон комитет: Санахъоты Владимир, Дзаттиаты Алыксандр, Гаглойты Серги, Абайты Алыксандр, æз æмæ Козаты Раздены. Активонæй æмæ æдзухон æгъдауæй хайад истам областон дæлæстардон разамынад кæныны æппæт куыстыты дæр».

Хуссар Ир цы уавæры уыд, гуырдзыйы меньшевикты зондахаст, сæ дарддæры нывæстытæ цахæм уыдысты, уый хорз æмбæрстой Арон æмæ йе ‘мтохгæнджытæ. Арæзтой æппæт дæр, цæмæй æнæ тугкалдæй ног хицауад æрфидар уа.

Ароны дæр иу куыстæй æппæрстой иннæмæ. Зæгъгæ дæр æй кæны: «1918 азы, фæззæджы, æз æвзæрст æрцыдтæн Ручъы районы комиссарæй. Уымæй цалдæр къуырийы фæстæ та мæ Хуссар Ирыстоны националон съезды комфракци бакодта Националон Советы Президиуммæ сæрдары æмбалæй»(уый дæр уым).

Ралæууыд ног, сæрибар агурджыты дуг. Рæстæджы фæдисонтæ уæндонæй расидтысты Советон хицауад Онæй Душетмæ. Уыцы хъуыддаг меньшевикон гуырдзыстон банымадта риуы хъама ныссадзыныл. Æппæт йæ тыхтæ радта армы дзаг Хуссар Ирыстонмæ. Ир æнцад кæм бадтысты, знагæн лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд, фæлæ цы, иуæн дыууæ – æфсад. Тугдзых меньшевиктæ басыгътой Хуссар Ир, йæ артмæ сæ къухтæ тавтой лæджы фыдхортæ. Сыгътой, мардтой, никæуыл ауæрстой сывæллонæй зæрондмæ, фæластой мæгуыр адæмы муртæ. Бахъуыд нæ адæмы Цæгатмæ фæлидзыны сæр. Знаджы къухæй чи фæмард, уыдоны нымæц цъус нæ уыд, къаддæр зиæнттæ сыл не ‘рцыд фæндæгтыл дæр. Кæй дон ласта, чи хидæй хаудта, чи хæхтæй тылд, кæй фæндæгтыл стыгътой æмæ мардтой, мардысты рынæй.

  Цæгат Ирыстоны дæр Советон  хицауад нырма йæ тыхыл нæ уыд. Уымæй спайда кодтой лæгбирæгътæ, истой адæмы тæригъæддаг муртæ, скъæфтой сын сæ чызджыты. Йæ рæстæджы сæ реалонæй равдыстой Хъуылаты С. («Мæрдты бирæгъ»), Плиты Харитон («Сæлимæт»).

Цалынмæ Гуырдзыстоны ныббырст нæма уыд, уæдмæ апрелы мæйы 1920 азы Арон конд æрцыд Хуссар Ирыстоны Ревкомы скондмæ Гуырдзыстоны растадæн ныхкъуырд радтыны охыл.

  Июны мæйы 1920 азы Хуссар Ирыстоны гарзджын растад састы бынаты баззад, адæмы сæргълæуджытæ сæ тыхтæ радтой фæлидзæг адæмы уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ, бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой Цæгат Ирыстоны зæххыл. Уыцы хъуыддæгты активон хайад райста Арон. Афтæ йæ зæгъы йæхæдæг: «1920 азы 8 июны растад басæттынæй суанг 1921 азмæ куыстон Терк-Дагъыстаны Управленийы инспекторæй лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл. 1921 азы Округон Комитеты скондмæ æмæ Хуссар Ирыстоны Обревкомы гарзджын партизанты къордимæ æз æрцыдтæн фæстæмæ Хуссар Ирмæ».

Æрцыд Арон сыгъд уæзгуытæм, ногæй аразинаг Ирыстонмæ. Ныр ныфсджын у, знаг фæцис бæрзæйсаст. Ног дуг домы ног хъарутæ, хъазуатон куыст, цард йæ къахыл сæвæринаг кæй у, адæмæн цæрæн къуымты тыххæй æххуыс кæй хъæуы, æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, Аронæн æрбадт, æрулæфт нæ уыд, æппæрста йæхи иу куыстæй иннæмæ. Цынæ куыстытæ æххæст кодта Арон ног дуджы къæсæрыл. Куыста: облревкомы хæдивæгæй, юстицийы хайады хистæрæй, социалон æххуысады хистæрæй, ахуырады хайады хистæ-рæй, финансон хайады хистæрæй, газет «Хурзæрин»-ы редакторæй.

Æвæлмæцгæ уыд куысты, йæ адæмы рæсугъд сомбоны сæрвæлтау кусгæйæ фæллад нæ зыдта. Зыдта ма уый дæр, ахуырдзинад æм фаг кæй нæй, кæй хъæуы дарддæр сахуыр кæнын.

1924 азы амидæг Мæскуыйы, ссис Крупскаяйы ном Коммунистон хъомылады академийы студент. Йæ ахуыры æмрæнхъ, егъау уыд йе ‘хсæнадон куыст дæр йæ равзæрст академийы. Уыдис парткомы бюройы уæнг, йæ сæрдар, Мæскуыйы компартийы. Æнтыстджынæй фæцис йæ академи, æрыздæхт Цхинвалмæ, ногæй та бавнæлдта æхсæнадон куыстмæ. Райдыдта кусын Наркомпросы, уый фæстæ та Наркомфины.

Хорз кусæг кæй нæ хъæуы. Ароныл сæ цæст тагъд æрæвæрдтой Тбилисы ног къухдариуæгад. Акодтой йæ Тбилисмæ, кусын райдыдта 26 комиссары номыл заводы партион комитеты хистæрæй, фæстæдæр æй аивтой Тбилисы горкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæджы хæдивæджы бынатмæ.

Куыста Тбилисы, йæ уд та уыдис Цхинвалы. Æрбаздæхт æм 1932 азы æмæ райдыдта кусын ЦÆК-ы сæрдары хæдивæгæй, активон хайад исын райдыдта периодикон мыхуыры. Фыста ног царды арæзтæдтыл, адæмы æнтыстытыл, царды размæцыды къуылымпыдзинæдтыл, кодта тæлмацы куыст иронæй-уырыссагмæ. Арон сарæзта фыццаг ахуыргæнæн чиныг ирон æвзагыл политикон хаххыл чи куыста, уыдонæн.

Егъау уыд йе’ххуысы хай газет «Хурзæрин» æмæ журнал  «Фидиуæг»-æн. Йæ хъус лæмбынæг дардта, цы æрмæджытæ дзы цыдис мыхуыргонд, уыдонмæ. Йæ вазыгджын куысты йемæ уыдысты: Дзаттиаты Алыксандр, Санахъоты Лади (Владимир), Гаглойты Серги, Абайты Алыксандр, Козаты Разден. Се ‘ппæты дæр аныхъуырдта 1937 аз. Революцийы сæрыл тохгæнджытæ, ног Ирыстон аразджытæ, ног дуджы раздзæуджытæ разындысты ног царды «знæгтæ».

Фыццаг геноцидыл дзургæйæ, Арон цардæгас уæйыджы хуызæнæй сысты нæ разы, йе ‘мбаргæ цæстæнгас нæ фæрсы – цы кодтон? Цы ракодтой, цы азымтæ сæм æрхастой, уыдæтты сæ раттæг адæм нæ зонынц, зонынц уый, нымад кæй æрцыдысты  адæмы знæгтыл, националисттыл.

Фæсбайдиан ма зæгъын хъæуы. Аронæн уыд бинонтæ, йæ бинойнаг уыд Гаглойты Рутены хо Раисæ. Уыдис ын дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Йæ фырттæ Агуыбе æмæ Спартак. Йæ цардæмбал Раисæ Ароны байсæфты фæстæ цы федта цардæй, кæстæр фырт Спартак амард Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы туберкулезæй. Хистæр фырт Агуыбе уыдис йæ фыды халдих. Ахуырмæ рæвдз, фæуд ын уыдис Æппæтцæдисон базарады институт. 1953 азы та каст фæцис фæсарæйнаг æвзæгты фæдыл курсытæ. Хорз зыдта англисаг æмæ немыцаг æвзæгтæ. Уыд арæхстджын тæлмацгæнæг, бирæ ратæлмац кодта иронмæ Есенинæй, англисаг æвзагмæ стæлмац кодта Къостайы «Особа», фыста иронау æмдзæвгæтæ. Гуыргæ ракодта 1923 азы Дзомагъы, йæ сæрибар рæстæг æрвыста Дзомагъы, стæй уæд йæ мады рвадæлтæм Цæгат  Къусджыты. 1962 азы хуынд æрцыд нæ пединституты фæсарайнаг æвзæгты кафедрæ бакæнынмæ. Цæугæ бæргæ æрбакодта, фæлæ æхсæвы йæ фыды хойы хæдзæры йæ уд систа. Йæ цардæй ахицæн 39 аздзыдæй.

Арон йæ фыдæл Бедзейы ном кадимæ хъахъхъæдта, ирон лæгдзинæдтæй хай-джын уыд, бирæ цыдæртæ йæ фæндыд саразын армыдзаг Ирыстонæн, фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Æдзардæй, нæ  ног цард аразджытæ, сæ туджы фæхуыдуг сты.

Геноциды æбуалгъ  фæстиуджытæ нын чи радзура, ахæм нал баззад. Беджызаты Чермен ма нæ бæргæ бафæдзæхста, цæмæй нæ ссæдзæм аз макуы байрох уа. Тæригъæд сты, фыццаг геноциды байсæфæг фæлтæр. Нал федтой дыккаг геноциды фæстиуджытæ, Ирыстон сæрибар паддзахад кæй сси, уыцы хъуыддаг.

Плиты Ароны райгуырдыл æххæст кæны 130 азы. Уыдонæй Арон батыдта 40 азы. Йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, йæ уæрæх уис куы рацæйхаста фæтæны, уæд æй æмбисбон арв ныццавта, фæдæлзæх, цы бæсты зæххыл сты йæ фæллад стджытæ, уый дæр нæ зонынц йæ радтæг адæм.

Хорз уаид, Ароны мысыны тыххæй Дзомагъгомы иу рæсугъд дурыл, конд куы æрцæуид мемориалон фæйнæг, цæмæй-иу бæлцæттæ зæгъой: «Рухс дзæнæты бад, Арон»

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.