Хуссарирыстойнаг боксер Гæбæраты Алим Мæскуыйы ссис Советон Цæдисы сгуыхт тренер Барис Грековы номарæн турниры уæлахиздзау. Алим акодта æртæ тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Финалы тыхджындæр уыд Ульяновскы областы минæварæй. Афтæмæй Алим райста 14 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар.

Алимы ерыстæм бацæттæ кодтой Кокойты Мурат æмæ Коцты Вадим. Раздæр йæ тренер уыд Тедеты Александр, кæцы æнæнхъæлæджы ацы азы августы мæйы цардæй ахицæн.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Цæгатирыстойнаг горæт Æрыдоны уагъд æрцыд æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой нæ бæстæйы æвзонг богалтæ. Бантыст сын æртæ сыгъзæрин æмæ дыууæ бронзæ майданы рамбулын. Фыццаг бынæттæ бацахстой Уанеты Дмитри, Санахъоты Ален æмæ Кокойты Денис. Æртыккаг бынæттыл та ацыдысты Чилæхсаты Ибрагим æмæ Тедеты Артур.

Спортсменты тренертæ сты Коцты Тамерлан, Гæджиты Артур, Джиголаты Андрей æмæ Гæззаты Алан.

 

Республикæйы шашкæты размæцыды нысанæн спорты ацы хуызы федераци нæ республикæйы скъолаты райдыдта ерыстæ уадзын. Фыццаг турнир уал уыд Дменисы хъæуы астæуккаг скъолайы Советон Цæдисы хъайтартæ Плиты Иссæ, Мамсыраты Хаджи-Умар æмæ Хетæгкаты Георгийы номарынæн. Ерыстæ цыдысты куыд хисæрмагонд, афтæ командон хыгъды дæр. Хисæрмагонд хыгъды иууыл хуыздæр йæхи равдыста Сидамонты Владислав, дыккаг ссис Аулохты Мурат æмæ æртыккаг бынат та бацахста Куымæридтаты Олег.  Командон хыгъды иууыл цæттæдæр разындысты 10-æм къласы ахуырдзаутæ, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та адих кодтой 11-æм æмæ 9-æм кълæсты командæтæ.

«Сæйраджыдæр мæ фæнды, цæмæй шашкæтæй хъазджыты кар февзонгдæр уа. Стæй ма рабæрæг кæнæм курдиатджын сывæллæтты. Радон ерыстæ та уагъд æрцæудзысты Къостайыхъæуы скъолайы», – фехъусын кодта «РХИ-йы шашкæты федераци»-йы президент Лолоты Барис.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.