Ацы фæстаг азты традицион систы æфсадимæ баст алыхуызон форумтæ, фембæлдтытæ, равдыстытæ. Уыцы мадзæлттæн сæ нысаниуджытæ сты: не знæгтæн нæ тых æмæ нæ хъомыс равдисын, æмбæстæгты æмткæй ног хæцæнгæрзтимæ базонгæ кæнын æмæ адæмы патриотон ахаст ноджы сфидар кæнын.

Уыдæттæ нымайгæйæ, ахæм бæрæгбон-равдыст радон хатт арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. 19 августы Терчы был райтынг Дунеон æфсæддон-техникон форум «Армия 2022». Архайдтой дзы 58 æфсады Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дæлхайæдтæ, Æдасдзинады федералон æмæ мидхъуыддæгты службæйы кусджытæ, æфсæддон пъæлицæ æмæ автоинспекци, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, Суворовон училищейы курсанттæ… Цæгат Ирыстон сси, ацы форум кæм ацæуы, Уæрæсейы уыцы цалдæр регионæй иу. Арæзт æрцыд цыппæрæм хатт.

Бæрæгбонмæ æрбацыдысты кадджын уазджытæ: республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, 58-æм æфсады регионалон хайады командыгæнæг Игорь Гвозденко, бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ…

«Не ‘фсад, нæ гарзджын тыхтæ кæддæриддæр лæууыдысты бæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ æмæ хастой уæлахиз æмæ сабырдзинад. Афтæ у ныр дæр. Нæ хæстонтæ Украинæйы дарддæр хæссынц сæ фыдæлты хъæбатырдзинады традицитæ æмæ куынæг кæнынц фашизмы. Нæ хæс у сæ фарсмæ балæууын æмæ сын баххуыс кæнынм. Ацы равдысты нысан у не ‘фсад æмæ хæстон техникæ цавæр æмвæзадмæ схызт, уый фенын кæнын», – йæ раныхасы банысан кодта Сергей Меняйло.

Игорь Гвозденко куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы ‘фсадæн аразынц, дунейыл æмбал кæмæн нæй æмæ сæрыстыр кæмæй стæм, ахæм хæцæнгарз æмæ æфсæддон техникæ. Уыдон фенæн ис абон равдысты. Уый фæстæ æфсæддон разамонæг бæлвырд ранымадта равдысты гæрзифтонг тыхты сæйрагдæр экспонатты хуызæгтæ æмæ сæ нысан.

Æфсæддон техникæйы равдысты бæрæгбон рауад тынг мидисджын. Дынджыр фæзы адæмæй азмæлæн нæ уыд. Ам сæ продукци равæрдтой республикæйы организацитæ æмæ куыстуæттæ: чиныгуадзæн «Печать Осетии», «Кванториум-15», гимнази «Диалог», нывты равдыст «Осетия – мой край родной», фабрикæ «Галион»-ы æфсæддон дзаумæтты равдыст, Аланские ледники, «Информационные технологии» æмæ бирæ æндæртæ. Зынгæ куыстуæттæ «Бином», «Магнит», «Радуга», «Разряд», «Кавдоломит», «Электроконтактор», «Баспик» æмæ æндæрты истори æвдисæг къамтæ æмæ документтæ кæм уыдысты, уыцы стендтæм цымыдисæй кастысты адæм.

Уымæй дарддæр дзы уыд ирон цардимæ баст дзаумæттæ, мигæнæнтæ, сувениртæ, музейты экспонаттæ. Фенæн дзы уыд цæугæ æфсæддон музей Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы æмæ нырыккон хæстон техникæимæ. Æфсæддон-хæстон транспорт: БТР, БМП, хæстон хæслæвæрдтæ æххæстгæнæг згъæрмашинæ «Патрул», минæагурæн машинæ «Патриот», минаметон комплекс, бастдзинады автомобиль, зынгирвæзты, авариты рæстæджы æмæ бастдзинады машинæтæ, хæцæнгæрзты алыхуызтæ, æнæпилотон аппаратты хуызтæ æмæ бирæ æндæртæ. Кæй фæндыд, уыцы фæсивæдæн уæгътой хæцæнгарзимæ архайыны мастер-класстæ, спортивон ерыстæ. Зарын æмæ дзы кафынæй сæ арæхстдзинад равдыстой республикæйы хъазахъхъаг аивадон къордтæ. Ацаходæн дзы уыд æфсæддон кас æмæ цайæ, стæй ирон чъиритæй.

Форум-равдыст цыдис æртæ боны дæргъы æмæ дзы ноджыдæр фенæн уыдис бирæ алыхуызон программæтæ.

Дзырд дæр ыл нæй, ахæм форумтæ æмæ равдыстытæ рæзгæ фæсивæды зæрдæты æвзæрын кæнынц сæ бæстæмæ патриотон æнкъарæнтæ. Фæсивæд æй хъуамæ зоной, цæмæй цæры абон Уæрæсейы æфсад æмæ бахъуаджы заман цæттæ уой сæ бæстæ бахъахъхъæнынмæ.

 

ÆФСЫМÆР –  ÆФСЫМÆРÆН  ÆХХУЫС

Ирыстоны культурон царды зынгæ цау уыд 2014 азы хъырымаг горæт Ялтæ æмæ Дзæуджыхъæу официалон æгъдауæй æфсымæрон горæттæ куы систы, уæд. Фæстæдæр «æфсымæртæ загътой» Хъырымы æндæр горæт Гурзуф æмæ Беслæн дæр. Уыцы хъуыддагмæ стыр бавæрæн бахаста Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Хъырымы, Ялтæйы Кадджын æмбæстаг, Хъырымы ирон диаспорæйы раздæры сæрдар, зынгæ архитектор Саулаты Валери. Уæдæй фæстæмæ ацы горæттæ сæ бастдзинæдтæ нæ сафынц.

Æфсымæрон горæттæ цæмæй ноджы фæхæстæгдæр уой, уый тыххæй та æрæджы, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, Ялтæйы хъуыддаджы балцы уæвгæйæ, Æмгуыстады бадзырд 2022 – 2024 азтæн бафыста Ялтæйы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Янина Павленкоимæ.

Бадзырды фæлгæты ис цардуаджы алы къабазы дæр кæрæдзи фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын: коммуналон лæггæдты, ахуырады, культурæйы, туризмы, спорты, транспорты, курортон лæггæдты… Уыимæ æркастысты базарадон-экономикон æмгуыстады фарстатæм. Сæ зæрды ис сæ товарæн иумæйаг равдыстытæ аразын æмæ сæ рекламæ кæнын.

Бадзырды фæлгæты культурæйы къабазы æмгуыстадмæ хаст æрцыдысты музейты, библиотекæты иумæйаг культурон мадзæлттæ аразын, аивадон коллективтæн иумæйаг концертон программæтæ цæттæ кæнын; наукæ æмæ ахуырады къабазы  – фембæлдтытæ, семинартæ уадзын;  туристон, курортон лæггæдты къабазы  –  кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Бадзырд бафыссыны рæстæджы дыууæ горæты разамонæджы бæлвырд плантæ скодтой уыцы мадзæлттæ кæд æмæ кæм ауадзой, уыцы æмгъуыдтыл.

Бадзырд бафыссыны кадджын мадзалы рæстæджы ма Милдзыхты Вячеслав риуылдаргæ нысан «Владикавказ – город воинской славы»-йæ схорзæхджын кодта Саулаты Валерийы.

 

ÆВЗÆРСТЫТÆМ – ЦÆТТÆЙÆ

Республикæйы ацы бонты йæ тыхы бацыд Цæгат Ирыстоны Парламентмæ æвзæрстыты кампани. Æвзæрстытæ ацы хатт цæудзысты дыууæ боны – 11 æмæ 12 сентябры.

Æрвылхатт куыд вæййы, афтæ та ныр дæр лидертæ сты фондз политикон партийы. Уыдон сты «Единая Россия», «Родина», ЛДПР, КПРФ, æмæ «Справедливая Роосия – патриоты-за правду». Центрон æвзарæн къамис ацы фондз партимæ снысан кодта кандидаттæ, æвзæрстытæй та аиуварс кодта æртæ партийы: «Коммунисты России», «Новые люди» æмæ «Партия дела». Йæ аххосаг уыд æвзæрстыты Федералон закъоны амынддзинæдтæ кæй нæ сæххæст кодтой, уый. Уыдон тæрхондонмæ балæвæрдтой сæ хъаст æмæ уал барадхъахъхъæнджытæ равзæрстой «Партия дела»-йы хъуыддæгтæ. Цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ Центрон æвзарæн къамисы уынаффæ йæ тыхы баззад.

Ацы хатт, иннæ азтæм абаргæйæ, депутаттæм кандидатты нымæц у бирæ фылдæр. «Справедливая Россия – патриоты – за правду», ЛДПР æмæ «Родина» фæсте фæуагътой «Единая Россия»-йы. Сæ кандидатты нымæц схæццæ 86, 80 æмæ 77 адæймагмæ. «Единая Россия» бавдыста 74 кандидаты. КПРФ—69 кандидаты. Афтæмæй депутаты иу мандатыл тох кæндзысты авд адæймаджы. Депутатты æвзардзысты фондз азы æмгъуыдмæ.

Уыцы бон канд Парламентмæ не ‘взардзысты депутаттæ, фæлæ ма  æхсæз райцентры æмæ 82 хъæумæ минæвæртты æмбырды депутаттæ.  Уыимæ сæргълæуджытæ 62 хъæумæ. Бынæттон хиуынаффæйады органтæм æвзарын хъæудзæн 870 депутаты.

Муниципалон скондты горæттæ æмæ хъæуты Минæвæртты æмбырдтæм кандидаттæй кæй бавдыстой, уыдоны нымæц у 1574, хъæуты сæргълæуджыты бынæттæм та – 216 кандидаты.

Æвзæрстыты æвæрд æрцæудзæн 335 æвзарæн фадыджы. Æвзарджытæн уæлæмхасæн зæрдæдарæнтæн фадæттæ саразыны тыххæй æппæт æвзарæн æнæсцухæй кусдзæн видеоцæстдарды системæ, стæй адæмы хъæлæстæ нымайыны 66 электрон комплексы. Алы политикон партийæн дæр ис алы фадыджы дæр фæйнæ æртæ цæстдарæджы сæвæрыны бар, кæцытæ сæ цæст дардзысты хъæлæс кæныны фæткмæ.

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.