Сабаты Дзæуджыхъæуы сæйраг фæзуаты ацыд хæстон-патриотон акци «Я – Мы – Россия». Йæ нысан уыд Донбассы сæрмагонд хæстон операцийыл разы уæвын, чи дзы архайы, уыдонæн моралон æххуыс бакæнын, ныфс сæ бауадзын. Акцийы архайдтой хицауады уæнгтæ, æхсæнадон æмæ политикон организацитæ, æфсæддон разамонджытæ, студенттæ…

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй ныры хуызæн никуы рабæрæг нæ иудзинад, ацы стыр трагеди нæ æрбангом кодта. Уый бузныг загъта нæ иумæйаг хæдзар Уæрæсе бахъахъхъæнынмæ æфсæддонтæй дæр æмæ бархийæ дæр хæсты цæхæрмæ чи ацыд, уыдонæн. Уыцы лæппутæ тагъд сæрæгасæй сæ хæдзæрттыл куыд сæмбæлой, ахæм арфæ сын ракодта. Йæ цард чи радта, уы-цы хъæбатыртæн та иу минут æмырæй алæугæйæ, сæ рухс ном ссардтой.

«Æрвылхаттау та раззагдæртимæ сты 58-æм æфсады дæлхæйттæ. Уыдон знагæй сæрибар кодтой Хуссар Ирыстоны, Цæцæны… Ныр дæр æфсымæрон Украинæ националисттæй ссæрибар кæнынмæ атындзыдтой фæлтæрд æфсæддонтæ. Ацы акци нысан кæны, мах дæр сæ фарсмæ кæй стæм æмæ сын сæ архайд хорзыл кæй нымайæм, уый.  Ахæм æрхъуыды сын тынг æхсызгон уыдзæн. Мæнæн мæхи къорд дæр йæхи цæттæ кæны уырдæм, рæхджы ацæудзыстæм æмæ раивдзыстæм хæстонтæй чи фæцæф, уыдоны», – загъта амынд æфсады батальоны командир Валерий.

Акцийы рæстæджы сæ аивад равдыстой национ гвардийы оркестр æмæ республикæйы сфæлдыстадон къорд-тæ. Уынджы æвæрд сценæйæ хъуыстысты хæстон-патриотон зарджытæ æмæ нæ бæстæйы Президент Владимир Путины базырджын ныхæстæ: «Я лакец, дагестанец, чеченец, ингуш, русский, еврей, мордвин, осетин».

Ахæм акцитæ ныртæккæ бирæ цæуы республикæйы. Гуманитарон æххуыс æрвитынæй дарддæр алыхуызон мадзæлттæ æрхъуыды кæнынц организатортæ. Донбассы фольклорон ансамбль «Донбасс» ахæм уавæрты дæр йæ аивадæй адæмы зæрдæ рухс кæны. Æрæджы æрцыдысты Ирыстонмæ æмæ ансамбль «Алан»-имæ равдыстой  иумæйаг концерт «Мы Россия», – зæгъгæ, ахæм номимæ. Адæм сæм фæцыдысты республикæйы алы кæрæттæй. Цы фæрæзтæ райстой, уыдон æрвыст æрцы-дысты Донбассы хæстонтæ æмæ санаториты чи цæры, уыцы лигъдæттæн.

Дарддæр цæуынц гуманитарон акцитæ…

 

ФИДÆНЫ  ДÆСНЫЙАДÆН – УÆЛÆМХАСÆН  АХУЫР

Нæ царды тынг ахсджиаг чи у, ахæм дыууæ дæсныйады тыххæй ног ахуыры азæй республикæйы фæзындзæн уæ-лæмхасæн ахуыры профилон къластæ. Уыцы фæндон рахаста республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уыдон уыдзысты медицинон æмæ инженерон къабазы. Инженерон уæлæмхасæн ахуыры кълæстæ байгом уыдзысты физикон-математикон лицей æмæ 15-æм скъолайы бындурыл, медицинон – 27-æм  æмæ 42-æм скъолаты бындурыл. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ уал райдайæны уыдон фаг сты, дарддæр бæрæг уыдзæн æмæ кæд хъæуа, уæд ацы программæ уæрæхдæргонд æрцæудзæн.

Медицинæйы къабаз кæддæриддæр хъæугæ кæй у, уый алчидæр зоны. Цас фылдæр специалисттæ уа, уыййас хуыздæр, фæлæ техникон кусджытæ дæр къаддæр хъæугæ не сты, æрмæст, хъыгагæн, скадавар сты. Фæсивæдæн сæ фылдæр хай равзарынц медицинон, юридикон, æфсæддон дæсныйад. Сæрмагонд училищæтæ цы пълотниктæ, слесартæ, сантехниктæ, электриктæ цæттæ кæнынц, уыдон дæр уыцы дæсныйадыл кæронмæ нæ ацæуынц. Уымæ гæсгæ, æнæхъæн бæстæйы нæ фаг кæнынц ахæм хъæугæ специалисттæ.

Ацы сæрмагонд кълæсты ахуыр кæндзысты æрмæстдæр 10 – 11 кълæсты ахуырдзаутæ. Исдзысты сæ сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны бындурыл. Йæ нысаниуæг у, скъолайы ахуыргæнгæйæ уæлæмхасæн зонындзинæдтæ райсын, фæсивæды фидæны дæсныйадимæ хуыздæр базонгæ кæнын. Ахуыр дзы кæндзысты профилон предметтæ практикон ахуыртимæ. Ахуырады министрад профилон кълæсты ахуыртæ уадзыны тыххæй æмгуыстады бадзырдтæ бафыста Цæгат Кавказы металлургион институт æмæ Медицинон колледжимæ. Уыдон республикæйы хуыздæр лабораториты уадздзысты практикон ахуыртæ амынд кълæсты ахуырдзаутимæ. Сывæллæттæ скъолайы ахуыримæ каст фæуыдзысты профилон кълæстæ дæр. Æмæ уæд æнцонæй сæ бон уыдзæн уæлдæр ахуыргæнæндæтты бюджетон бы-нæттæм бацæуын. Уымæн та стыр нысаниуæг ис.

Уымæй дарддæр, Цæгат Кавказы металлургион институт бадзырд бафыста Норильскы «Норникель»-имæ. Бадзырды фæлгæтты, уæлдæр ахуыр райсыны фæстæ, уыдон рауагъдонтæн баххуыс кæндзысты Норильскы куысты бынæттæ æмæ цæрæнуæттæ ссарыны хъуыддаджы.

Скъолаты ног профилон кълæстæм ахуырмæ исдзысты республикæйы районтæй, стæй Хуссар Ирыстонæй. Программæйы куыд амынд ис, афтæмæй уыдон ифтонг æрцæудзысты цæрæн бынæттæй æмдзæрæнты.

Нæ  уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.