Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæст кæнынмæ бæрнонæй æрæвнæлдта ног разамонæг  Сергей Меняйло. Ам чи райгуырд æмæ схъомыл, Ирыстонæн бирæ хæрзтæ чи сарæзта, йæ хæлæрттæ, зонгæтæ, сыхæгтæ рæсугъдæй кæй мысынц, уымæн ныр йæ хæстæ ноджы фæфылдæр сты. Йæхи загъдау: «Республикæйы хъæуы рæзты фæндагыл сæвæрын. Уый вазыгджын хъуыддаг у, фæлæ нæ къухы бафтдзæн. Нæ географион бынат, нæ традицитæ нын фадат дæттынц размæ рацæуынæн. Хъуамæ æрбангом уæм, æрмæстдæр афтæмæй бафтдзæн нæ къухы уыцы нысан. Фадæттæ нын ис. Цæттæ дæн куыстмæ, кусын кæй фæнды, уыдонимæ. Мæ зæрдæ уыл дарын».

Республикæйы ног разамонæгæн кусæгон фембæлд уыд Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолиимæ. Уый арфæ ракодта Сергей Меняйлойæн, Уæрæсейы Президент Путин ыл ахсджиаг хъуыддаг кæй баууæндыд, уый тыххæй. Фембæлды рæстæг ныхас цыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ʻхсæн æмгуыстады бастдзинæдтæ фидардæр кæныны тыххæй.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн йæ куыст райдыдта Хицауады æмбырдæй. Куыд сын загъта, афтæмæй цалынмæ ног хицауад, ног министрты кабинет фидаргонд æрцæуой, уæдмæ уал кусдзысты ныры разамонджытæ. Алкæмæн дæр фадат ис йæхи равдисынмæ.

Ног разамонæг Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймуразæй бадомдта районты куыст сбæрæг кæнын, кусæг фембæлдтытæ дзы аразын, медицинон кусджытæн хæцгæнизы тыххæй куыд бафыстой, уый сбæрæг кæнын…

Экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Хъазыбегæн хæсгонд æрцыд социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæ бацæттæ кæнын æмæ национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл хъæугæ документ бацæттæ кæнын.

Уый фæстæ  фембæлд  Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Годжыцаты Тамерлан æмæ «Роспотребнадзор»-ы раза-монæг Тыбылты Аланимæ. Меняйло бафæдзæхста, фыццаджыдæр, амбулаторон цæстдард кæй уавæрмæ ис, уыцы адæмæн лæвар хостæ дæттыны уавæр сбæрæг кæнын, эпидемиологон уавæры тыххæй информацион- æмбарынгæнæн куыст кæнын æмæ адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй ахадгæ мадзæлттæ аразын.

Сергей Меняйло республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы хицау Æлдаттаты Иринæимæ йæ фембæлды рæстæджы загъта, цæмæй цæрджыты фембæлдтытæн хицауадимæ фадæттæ куыд аразой, сæ куырдиæттимæ цы адæм цæуы, уыдонæй иу дæр æнæ дзуаппæй куыд нæ аздæха.

Афтæмæй уал республикæйы ног разамонæг цыппæрæмы йæхæдæг райста цæрджыты фыццаг къорды сæ тыхстаг фарстатимæ. Алкæмæ дæр байхъуыста лæмбынæг, сæ куырдиæттæ сын йæхимæ фæнысан кодта æмæ ныфс бавæрдта сæ саразынæй.

Сергей Меняйло ма видеобастдзинады фæрцы ныхас кодта Паддзахадон исбонады министр Тедеты Русланимæ, Хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Мæрзойты Хъазыбегимæ, Æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министр Хидирты Батразимæ, Финансты министры фыццаг хæдивæг Оксана Кароваимæ, Коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæнимæ, Архитектурæ æмæ арæзтады комитеты сæрдар Цæллагты Алык-сандримæ, Адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæимæ, Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис  (се ʻппæт дæр – сæ хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнджытæ) æмæ иннæтимæ. Республикæйы разамонæг се ʻппæтмæ дæр лæмбынæг байхъуыста, чи цы сарæзта, уымæн æмæ сын сæ бар бакодта ног хæстæ.

Уæлдæр ранымад разамонджытæ се ʻппæт дæр, отставкæйы уæвгæйæ, ног Сæргълæууæгимæ иумæ  æрæвнæлдтой сæ хæстæ æххæст кæнынмæ, цалынмæ структурæйы ног сконд фидаргонд не ʻрцæуа, уæдмæ. Æрмæст Хицауады Сæрдары хæдивæг Ирина Азимова æмæ пресс-службæйы хицау Сæбанты Фатимæ барвæндонæй ацыдысты сæ куыстæй.

«Нæ куыстæн хъуамæ уа бæрæггæнæнтæ. Уымæ гæсгæ, цы хæстæ æвæрын, уыдон æвæстиатæй хъæуы лыг кæнын. Районты дæр кæй бæрæг кæндзынæн, уымæ цæттæ ут. РЦИ-Аланийы социалон-экономикон тагъд рæзты программæимæ регионты хыгъдмæ бахæссыны тыххæй Уæрæсейы Хицауады уынаффæ ацы къуыри рацæудзæн. Уымæ гæсгæ, цы хæстæ сæвæрдтон, уыдоныл хъæуы бакусын, – загъта Сергей Меняйло.

                                                                                                       Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.