Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы зæрдæйы дæр æхсызгон мысинагæй баззад, 2008 азы нын Уæрæсейы Федераци фæндвидарæй нæ бæстæ куы бахъахъхъæдта æмæ нын уыцы аз 26 августы нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта. Хуссарирыстойнаг адæмæн уыцы хъысмæт скъуыддзаггæнæг юридикон æгъдауæй бæстон æмæ политикон раст уынаффæ байгом кодта æмбар æмæ сæрибар рæзты фадæттæ.

Ацы бæрæгбоны цытæн нæ паддзахадон драмон театры бæстыхайы уагъд æрцыд цытджын æмбырд.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй бæстæйы хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг банымадта хъысмæтскъуыддзаггæнæг боныл. Кæд, зæгъгæ, бирæ азтæ рацыд, уæддæр 2008 азы 26 август нæ бæстæйы цæрджытæ бахъуыды кæндзысты иттæг хорз. Уымæн æмæ уыцы бон махæн уыд иууыл райдзастдæр æмæ хъæлдзæгдæр бон, кæд хæдбардзинадмæ фæндаг дæргъвæтин, уæззау фæлварæнтæй йемыдзаг уыд, уæддæр.

СÆРИБАРДЗИНАД ÆМÆ ПАДДЗАХАДОН РÆЗТЫ БОН

Бæстæйы сæргълæууæг дарддæр мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта æвзонг паддзахады ног историйы рæзт æмæ йæ къæхтыл куыд лæууыд, уыцы историимæ. Лæмбынæг æрдзырдта Хуссар Ирыстоны адæмы тох гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ æмæ Гуырдзыстон йæхи куыд цæттæ кодта Хуссар Ирыстоны ныхмæ 2008 азы августы, куыд хъавыд нæ бæстæйæ «сыгъдæг быдыр» саразынмæ, уыдæттыл.

Нæ бæстæйы Паддзахадон хæдбардзинады акт банымайын нæ адæмæн ссис ног историон рæстæг – сабырад æмæ рæзты, æмæ уыцы бон историмæ бацыд, историон рæстдзинады цытджын æмæ бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, ахæм бонæй. Паддзахадон хæдбардзинад бæстæйæн æрхаста сабырад æмæ уæрæх фадæттæ.

«Уæрæсеимæ алыварсон интеграцийы курс реализаци кæнынæй махæн байгом сты ног æмæ гъæдджын фадæттæ социалон-экономикон рæзты хъуыддаджы æмæ абарæн кæмæн нæй, æдасдзинады ахæм бæрзонд æмвæзад. Уыимæ иумæ ма сæххæст сты нæ адæмы царды фæндтæ æмæ хъуыдытæ», – банысан кодта  раныхасгæнæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент йæ раныхасы фæстæ бæрæгбоны цытæн бæстæйы хæрзæбонæн дæргъвæтин азты æнтыстджын куысты тыххæй схорзæхджын кодта, алы фадгуыты цæсгомджын æмæ намысджын фæллой чи кæны, ахæм къорд æмбæстаджы уæлдæр хорзæхтæй – Кады æмæ Хæлардзинады Ордентæй, Кадджын нæмттæ æмæ Сгуыхт кусæджы нæмттæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад банымайыныл 13 азы сæххæсты цытæн цытджын мадзæлттæ нысан кæнынмæ нæ бæстæмæ æрцыдысты уазджытæ æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийæ Парламенты Сæрдар Алексей Мачневы сæргълæудæй, Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл раздæры командæгæнæг Фриты Хъазбег, Уæрæсейы Федерацийæ Паддзахадон Думæйы Федералон Æмбырды депутат, Физикон культурæ, спорт, туризм æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдары хæдивæг Таймæзты Артур æмæ æндæртæ.

Йæ арфæйы раныхасы Таймæзты Артур банысан кодта, кæй нæ дих кæны Ирыстоны, уымæн æмæ уымæн уый у иу. Мах, зæгъгæ, иу адæм кæй стæм, уымæ гæсгæ зонæм, æмæ хъуыды кæнæм, цахæм уæззау фæлварæнты сæрты рахыз-тыстæм уыцы уæззау азты.

«Хорз хъуыды кæнæм 2008 азы цаутæ, уыцы нымæцы 26 август дæр – Уæрæсейы Федераци куы фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны æхсызгон хъуыддаг, уый. Уымæ гæсгæ нæ тых ис нæ иудзинады, æмæ нын мæ цæст уарзы иудзинад æмæ æмбаргæдзинад», – банысан кодта Паддзахадон Думæйы депутат.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов банысан кодта, æртын-дæс азы фæстæ бæрæг у, 2008 азы 26 августы цы цау æрцыд, уый историон ахсджиагдзинад. Хуссар Ирыстоны азфыстытæ æмæ чингуытæ семыдзаг сты ирд уæлахизтæй, цæстысыгтæй æмæ куыстбонтæй, уыдонмæ сæ хайбавæрд, сæ цард æмæ удвæллойæ хастой Хуссар Ирыстоны бирæ фæлтæртæ.

«Байгом историйы ног фарс – Хуссар Ирыстоны хæдбар æмæ нымад паддзахад. Уымæй дарддæр ма Хуссар Кавказы регионы сæвзæрд ног æфсæддон-политикон æцæгдзинад, ног паддзахад. Хуссар Ирыстоны рæзты хъуыддаджы мах æнæхъуаджы нæ фехъусæм Гуырдзыстоны æнæрайгонд ныхæс-тæ, æвдисæн стæм Ныгуылæны тыхстдзинадæн, уымæн æмæ йæ уыдон æмбарынц, сæ бон кæй ницыуал у саразын. Сæвзæргæ реалитимæ сын зын у разы кæнын. Æмæ сæ кæд банымайой, уæд 2008 азы æмæ уый размæ азты фыдра-кæнддзинæдтыл дæр хъуамæ сразы уой. Фæлæ бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ цæттæ нæма сты», – банысан кодта минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Уæрæсе ноджыдæр фенын кодта уый, æмæ иууыл уæззаудæр рæстæджыты кæй у рæстдзинад æмæ сабырдзинадыл хæст. Æмæ Хуссар Ирыстоны зæххыл Уæрæсейы æмæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгты æнæаххос туг куы ныккалд, уæд Уæрæсейæн æндæр фадат нал уыд, æмæ Гуырдзыстоны æркодта сабырад æмæ фæткмæ. Уый фæстæ, Гуырдзыстоны политикты милитаристон зондахаст æмбаргæйæ арæзт æрцыд иунæг æмæ æмбаргæ къахдзæф – нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад.

Минæвары ныхæстæм гæсгæ уый у Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты алы фæлтæрты хайбавæрд, ныртæккæ йæ чи нысан кæны, æмæ, хъыгагæн, абоны онг чи нал фæцард, уыдоны. Дарддæр уый дзырдта дыууæфарсон æмахастытыл, кæцытæ дарддæр размæ цæуынц. Ныфс бавæрдта, райсомы бон кæй уыдзæн ноджы ирддæр æмæ сабитæ амондджынæй кæй рæздзысты Ирыстоны зæххыл.

Хуссар Ирыстоны адæмæн йæ цæст бауарзта сабыр арв нæ сæрмæ, амонд æмæ хæрзиуджытæ.

Цæгат Ирыстоны паддзахады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло æмæ æмбæстæгты номæй цытджын мадзалы раныхас кодта Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев æмæ арфæ ракодта адæмон бæрæгбоны цытæн. Уый дæнцæгæн æрхаста иу философы зондджын ныхæстæ, зæгъгæ, «сæрибардзинад уый у, йæ бахъахъхъæныны ныфсхастдзинад кæмæ ис».

Рæстæг æмæ дæрддзæгмæ нæ кæсгæйæ ацы ныхæсты нысаниуæг нæ фæивта æмæ Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæм ноджыдæр бафидар кодтой уый. Хъæбатыр, фидар æмæ уæззау фæндæгтыл цы адæм рацыдысты, уыдон райстой хæдбардзинад, уыимæ сæрибардзинад дæр.

«Раст у, зын æмæ уæззау уыд уыцы фæндаг, фæлæ иууыл сæйраг уыд, бæстæйы рухс фидæн сæ кæй уырныдта. Æмæ уый ссис уыцы бындур, кæцыйы бындурыл нысан цæуы бæрæгбон хъайтар горæт Цхинвалы.

26 август ныры æмæ фидæны фæлтæртæ нымайдзысты сæйраг æмахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иуыл», – банысан кодта Мачнев.

Уæрæсе, зæгъгæ, кад кæны, бирæ азты чи тох кодта знаджы ныхмæ, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæн. Уый тыххæй бузныг æфсымæрон республикæйы цæрджытæн сæ хъару, быхсын-дзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй.

«Мах арæх фехъусæм, æнæ ивгъуыдæй нæй фидæн, кæнæ – иннæрдæм. Ирыстоны фидæн нæхи къухты ис. Ныфс мæ ис, нæ фидæн кæй уыдзæн ирд, аккаг æмæ сабыр», – банысан кодта уый.

Сергей Мачнев ма куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ цæгатирыстойнаг хæрзаудæн фонд «Быть добру» æрласта медицинон ифтонггæрзтæ инвалидтæн реабилитацийы нысанæн. Уый, зæгъгæ, ноджыдæр дзурæг у ууыл, æмæ мах уыдыстæм æмæ уыдзыстæм иумæ.

«Географион картæйыл ис хæдбар паддзахад Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон-Алани Уæрæсейы сконды. Нæ зæрдæты та ис, стыр æмæ тыхджын Уæрæсейы дæлбазыр æппæт рæстæджыты алкæмæн дæр иу дидинæфтауæг Ирыстон.

Цытджын æмбырд амонæг ма æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта, уыцы бон бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы номыл алы бæстæтæй цы арфæйы фыстæджытæ æрцыд, уыдонимæ. Мадзал адарддæр концертон программæ-йæ.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.