Зынаргъ æмбæстæгтæ! Республикæйы цытджын уазджытæ!

Абон Хуссар Ирыстон нысан кæны æцæг стыр бæрæгбон. Ацы бæрæгбон фидар æрцыд 2008 азы августы уыцы боны тыххæй, зæрдылдарæн, УФ-йы Президент Дмитрий Медведев куы ралæууыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй хъусынгæнинагимæ. Хуссар Ирыстонимæ иумæ уæд хæдбардзинад райста æфсымæрон Абхаз дæр.

2008 азы августы Хуссар Ирыстон рацыд хæсты цæхæрыл, кæцы радон хатт райтынг кодта Гуырдзыстон. Гуырдзыстоны нысан уыд нæ бæстæйæ нын сыгъдæг быдыр, æдзæрæг бæстæ саразын, нæ адæмы  скуынæг кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны ном та географион картæйæ сисын. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъайтардзинад æмæ Уæрæсейы фæрцы, кæцы æххуысмæ æрцыд сæ туджымæцгæ адæммæ, знаг тард æмæ тыхæй конд æрцыд фидыдадмæ.

Фæлæ æппæт историон фæлтæрддзинад уынын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон, йæ тыхтæ сæндидзын кæнгæйæ, алы хатт дæр ног æмæ ногæй хæцæнгарз кæй аздахы Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Фидар сабырдзинад къухты бафтынгæнæн ис æрмæстдæр системон уынаффæйы фæрцы, кæцы æрæвæрид серьезон ныхдур гуырдзиаг раздзогты тыххæссæн амбицитæн. Æппæт дунеон-барадон бындуртæ лæмбынæг сбаргæйæ, УФ-йы къухдариуæгад райста историон уынаффæ, Хуссар Ирыстоны суверенон паддзахадæй банымайыны тыххæй.

Хæдбардзинад банымайыны тыххæй ног хабар æмæ телеуынынады УФ-йы Президенты раныхас Хуссар Ирыстонæн систы  иууыл фылдæр кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы иууыл цинагдæр хабар. Хуссар Ирыстоны зæххыл фæцис, ссæдз азы дæргъы чи аххæссыд, кæцы-иу рæстæгмæ куы æрсабыр, куы та-иу ногæй сцырын, уыцы хæст.

Хæст, кæцы бæстæйы кæны амæлæтмæ кæнæ та йæ ирвæзын кæны, хæст, цыран адæм æппæт сæ тыхтæ радтынц æмæ цæттæ вæййынц уæлахизы тыххæй æппæт дæр рауæлдай кæ-нынмæ, ахæм хæст схонæн ис Фыдыбæстæйон. Растдæр Фыдыбæстæйон уыд нацийы æмбарынады агрессоры ныхмæ хæст, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй хæст, сæ фыдæлты зæххыл адæмæн цæрыны бары тыххæй хæст, адæймагады аккагдзинады æмæ национ фидæны тыххæй хæст. Уæрæсейы фæрцы ацы хæсты нæ къухты бафтыд стыр уæлахиз, кæцы нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайынæй.

Хуссар Ирыстоны адæмы стыр бæллиц сæххæст ис царды. Хæдбардзинады банымад æрхаста фидар сабырдзинады æмбарынады стыр цин.

2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны адæм цы амонды æнкъарæнтæ банкъардтой, уый нæ банкъарынц æнæхъæн царды бирæтæ. Ацы циндзинад нæ адæм бавзæрстой стыр хъизæмæртты фæстæ æмæ сæ хъайтардзинады фæрцы, сæ æнæфæтасгæ фæндонæй, Фыдыбæстæйыл æнæкæрон æнувыддзинады фæрцы.

Хæлæрттæ!

Аивгъуыйгæ азтæ фенын кодтой, нæ банымады тыххæй Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады райсгæ хъысмæтхæссæг уынаффæ уыд юридикон æгъдауæй бындурджын æмæ политиконæй ахъуыдыгонд. Уый уыд иунæг гæнæнуæвæг фæрæз уæлахизы тыххæй, цæмæй знагæн гæнæн мауал уыдаид алыгъуызон хинæйдзаг манипуляцитæй пайда кæнын, хæстон реванш райсын сæ куы бафæнда, уæд. Ацы уынаффæ Хуссар Ирыстонæн нысан кодта ног дугмæ бацыд, æмæ дунеон масштабы та фактон æгъдауæй иуполярон дунейы сконды кæрон.

Æмцæдисадон ахастытæ æмæ интеграцион процессты рæзты  руаджы банымад бафидар кæнын, Хуссар Ирыстоны УФ-йы æдасдзинады иугонд тыгъдадмæ бакæнын систы нæ адæмы фидæны æмæ æдасдзинады фидар гарант. Республикæйы æнтысгæ рæзт та Уæрæсейы масштабон æмæ æппæтварсон æххуысы  руаджы у Гуырдзыстоны æмæ йæ спонсорты пропагандон æртхъи-рæнтæн цæстуынгæ дзаупп, кæцытæ  фæлварынц нæ бæстæйы цард тар хуызты равдисын.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Хуссар Ирыстоны азæй-азмæ фенæн ис æнтыстджын рæзты æмæ фидæнæй адæмы ныфсы æвдисæнтæ. Нæ адæм тырны сомбонмæ æмæ алы аз дæр хуыздæр уыдзæн аивгъуыйгæ азæй. Фæлæ мах æнустæм бахъахъхъæндзыстæм сæрибардзинадмæ нæ фæндаджы истори, зындзинæдтæ æмæ бавзаргæ зиæнтты тыххæй национ мысынад, нæ Фыдыбæстæйы чи бахъахъхъæдта, уыдоны хъæддыхдзинад æмæ хъайтардзинады тыххæй.

Нæ зæрдæты æнустæм баззайдзæн Уæрæсейæ бузныгдзинад, кæцы 2008 азы августы слæууыд Хуссар Ирыстон бахъахъхъæныны æвварс æмæ йæ банымадæй республикæйæн байгом кодта æмбар æмæ сæрибар рæзты фадат.

Зынаргъ æмбæстæгтæ! Арфæ уын кæнын Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны цытæн! Мæ цæст уарзы сабырад, дидинæфтыд æмæ фæрныгад нæ Фыдыбæстæйæн. Уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон! Уæлахиз уæд Уæрæсейы Федераци!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.