Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм, цытджын æмбæстæгтæ!

Абон мах нысан кæнæм хъысмæтскъуыддзаггæнæн цау – Уæрæсейы Федераци  нæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыны радон бон. Банымады акт нæ адæмæн банысан кодта ног историон дуг – сабырдзинад æмæ дидинæфтыды дуг, æмæ 2008 азы 26-æм август та цæрæнбонтæм бацыд нæ историмæ, куыд дæргъвæтин рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы историон рæстдзинады уæлахизы бон.

Ацы цины бонмæ нæ фæндаг уыд дæргъвæтин æмæ уæззау фæлварæнтæй йемыдзаг. 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны адæм радон хатт уыд физикон æгъдауæй скуынæг кæныны уавæры, ногæй нæ зæхмæ чи æрбабырста, уыцы гуырдзиаг æфсæдты ‘рдыгæй æмæ нæ уымæй фервæзын кодта Уæрæсейы фæндвидар æххуыс. Хæст урæд æрцыд, фæлæ уæддæр бæрæг уыд уый, æмæ æрмæстдæр хæдбардзинады банымад кæй ратдзæн фадат Хуссар Ирыстоны зæххыл фидар сабырдзинад сифтонг кæнынæн. Хуссар Ирыстонимæ иумæ Уæрæсейы Федераци банымадта æфсымæрон Абхазы хæдбардзинад дæр, кæцыйы ныхмæ дæр Гуырдзыстон цæттæ кодта хæстон агресси.

Хæдбардзинады банымад нæ бæстæйæн æрхаста фидар сабырдзинад æмæ уæрæх перспективæтæ. 1990-æм азты, 2004 æмæ 2008 азы августы Гуырдзыстоны райтынггонд тугкалæн хæстыты фæстæ, бирæ азты дæргъы æппынæдзух хæстон тасдзинæдты уавæрты цæргæйæ, Хуссар Ирыстонæн фадат фæцис аразæн куыст æмæ æндидзынадæн, æмæ нын Уæрæсеимæ æппæтварсон интеграцийы курсы реализаци байгом кодта социалон-экономикон рæзты гъæдджын ног фа-дæттæ æмæ нын радта æдасдзинады ноджы бæрзонддæр æмвæзад.

Хæдбардзинады банымадимæ иумæ царды ныббиноныг сты адæмы бæллицтæ, кæцыты тыххæй уый рацыд æнахуыр уæззау фæлварæнтыл, кæцыты тыххæй сæ цард нывондæн æрхастой бирæ фæлтæрты минæвæрттæ. Ацы бон мах ногæй мысæм Фыдыбæстæ хъахъхъæн-джыты, фидауынгæнджыты рухс нæмттæ, кæцытæ слæууыдысты знаджы ныхмæ, уæрæсейаг хæстонты, кæцытæ агрессоры тыхæй æркодтой фидыдадмæ. Цæрæнбонтæм нæ зæрдæты баззайдзысты Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæггæнджытæм нæ егъау бузныгдзинады æнкъарæнтæ, кæцытæ 2008 азы августы райстой хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæтæ, цæрæнбонтæм нæ зæрдæты баззайдзæн æгæрон бузныгдзинад æппæт уæрæсейаг адæммæ се ‘ххуысы æмæ æнæаивгæ фарсхæцынады тыххæй.

Рацæугæ фæлварæнтæ æмæ фæлтæрты фæлтæрддзинад, кæцытæ бирæ хæттыты бæрæггонд æрцыдысты историйæ, ноджы тынгдæр фидар кæнынц иу хатт сбæрæггонд æмæ æнæаивгæ историон равзæрст – Стыр Уæрæсеимæ æнæфехалгæ цæдис. Мах цыфæнды уавæрты дæр нæ рахиздзыстæм ацы цæдис ноджыдæр сфидардæр кæныны курсæй, адарддæр кæндзыстæм интеграцийы рæзт æппæт фадгуыты дæр, нæ фыдæлты фæдзæхст æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы бирæ хæттыты бафидаргонд фæндондзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ. Нæ адæм æрмæстдæр Уæрæсеимæ уыны йæ сомбон, йæ Райгуырæн бæстæйы æдас фидæн æмæ дидинæфтыды ныфс, æрмæстдæр Уæрæсеимæ бæттынц нæ адæм сæ хъысмæт!

Цытджын æмбæстæгтæ!

Арфæ кæнын сымахæн нæ бæстæйы банымады æмæ уæлахизы стыр бæрæгбоны цытæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.