2008 азы 26 августы онг нæ республикæйы рæзты фæндæгтыл цæст куы ахæссæм, уæд сæ фендзыстæм тугамæхстæй. Нæ адæмæй бирæ удтæ фæхъуыд, бирæ туг ныккалд, цæмæй абон сæрибарæй хæдбар, нымад  паддзахады цæрæм, уый сæраппонд. Нæ адæм зыдтой сæ нысан, фæлæ дард у æви æввахс, уый нæ уыдтой, фæлæ цыдысты размæ сæ удтыл  æнауæрдгæйæ, уымæн æмæ æмбæрстой, абон уа æви сом, уæддæр сæ къухы кæй бафтдзæн.  Зыдтой йын йæ аргъ дæр, фæлæ æрлæууыдысты иу принципыл – кæнæ СÆРИБАР кæнæ МÆЛÆТ.

1992 азы Хуссар Ирыстоны зæхх пиллон арты сыгъд Гуырдзыстоны æрдыгæй хæсты цæхæрæй. Гуырдзыстоны уæды сæргълæууæг Звиад Гамсахурдиайы сæ адæм бæргæ раппæрстой йæ бынатæй, фæлæ  паддзахады сæргъ слæууыд  Эдуард Шеварднадзе.  Нæ адæм æнхъæлдтой зæгъгæ, республикæйы уавæр фæхуыздæр уыдзæн, фæлæ… Урс рувас Гамсахурдиайы фашистон режим райста эстафетæйау. Уый нæ,  фæлæ ма фæкарздæр кодта Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси. Гуырдзиæгтæ пырх кодтой æмæ сыгътой хъæуты, горæты æхстой алыгъуызон хæцæнгæрзтæ æмæ минæтæй, æрвылбон дæр мардысты сабыр цæрджы-тæ, бонæй-бонмæ фылдæрæй-фылдæр кодтой гуырдзиаг агрессийы амæттæгтæ.

Хæстон уавæрты – æхстытæ æмæ рæмыгъдтыты бын 1992 азы  28-æм æмæ 29-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы депутаттæ ауагътой Хуссар Ирыстонæн нысаниуæгджын сесси æмæ уыцы сессийы 29 майы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон Хæдбардзинад расидыны акт. Ацы ахсджиаг документы дзырд цыд, зæгъгæ, Республикæ  Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахад расидт æрцыд цардæн тæссаг уавæрты. Уыцы политикон цау уыд, 1990 азы 20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ статус сфидар кæныны ахсджиаг къахдзæф.

Кæд республикæйы уавæр тынг æндыгъд æмæ тæссаг уыд, уæддæр хæдбар паддзахад саразыны тыххæй цы къахдзæфтæ арæзт цыд, цы документтæ райстæуыд, уыдон иууылдæр уыдысты политикон æгъдауæй раст æмæ легитимон.

1990 азы суверенитет расидыны тыххæй Декларацийы райст æмæ республикæ расидын, уый фæстæ та паддзахадон Хæдбардзинады акты райст, уыд фидар бындур, кæцыйыл арæзт æрцыд абоны хæдбар, нымад паддзахад –  Республикæ Хуссар Ирыстон.

Уыцы нысаниуæгджын бон – 1992 азы 29 майæ фæстæмæ Хуссар Ирыстоны адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, бирæ фыдæвзарæнты бахаудысты, фæлæ иу уысм дæр нæ ахъуыды кодтой сæ равзаргæ фæндагæй фæиппæрд уæвыныл, цыдысты сæ равзаргæ нысанмæ – Гуырдзыстонæй хæдбардзинадмæ æмæ сæ къухы дæр бафтыд.

Хæдбардзинады акт райсыны фæстæ депутаттæ фыстæджытæ арвыстой Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ, Иугонд Нациты Организацийы бæстæтæм, цæмæй нын банымадтаиккой нæ хæдбардзинад, фæлæ нæ 2008 азы 26 августы бонмæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд  16 азы.

Хуссар Ирыстоны уæды къухдариуæгады ацы нысани-уæгджын Акт райсыны сæр бахъуыд, республикæйы адæмæн, ирон æвзагæн, йæ культурæйæн скуынæгæй тас кæй уыд, уый сæраппонд. Уыцы стыр барадон къахдзæфы ахадындзинад æмæ ахсджиагдзинадыл дзурæг у уый дæр, æмæ нæ абоны хæдбар Хуссар Ирыстоны 29 май у нысаниуæгджын бæрæгбоныл нымад.

Республикæ расидыны фæстæ республикæйы къухдариуæгад æмæ адæм æрæвнæлдтой паддзахадон институттæ аразынмæ. Кæд адæммæ нæ уыд паддзахадон арæзтады фæлтæрддзинад, уæддæр сæ алы къахдзæф дæр юридиконæй уыд раст æмæ фæдфæдылон.

1992 азы 29 май баззайдзæн ахæм цауæй, кæцыйы ахсджиагдзинад бонæй-бонмæ, азæй-азмæ ирдæй-ирддæр кæндзæн æмæ æнусты дæргъы нæ нымæг кæндзæн. Махæн уыцы бон у, æмæ дарддæр дæр  уыдзæн, историон рæстдзинады уæлахизы, сæрибардзинады символ.

Фыццаг сæвзæрст депутатты нæмттæ та сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы, уымæн æмæ уыдон сæ цардыл æнауæрдгæйæ, сæ адæмы раз бæрндзинад æнкъаргæйæ æмæ 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадæн фидар бындур æрæвæргæйæ, ныфсхастæй цыдысты  размæ, афтæмæй сæ принципиалондзинад æмæ стыр патриотизмæй æрæввахс кодтой 2008 азы 26 августы бон – Стыр Уæрæсейы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бон.

    Абон нæ адæм цæрынц сæрибар бæстæйы, æфсымæрон Уæрæсейы æххуысæй æндидзы нæ республикæ, йæ инфраструктурæ, уыцы Стыр Уæрæсейы фæрцы, кæцы у Хуссар Ирыстоны стратегион партнер, кæцыимæ нын абон арæзт ис Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырд,  нæ адæм, нæ фæсивæд абон цæуынц рухс фидæнмæ.

 Хæдбардзинады акт райсыны бонæй абоны онг рацæугæ фæндагыл нæ цæст ахæсгæйæ, фенæн ис республикæ йæ хуыз хорзæрдæм кæй фæивта, уымæн. Кæд нæ хæдбардзинад бирæ тугæй, æвзонг удтæй æлхæд æрцыд, уæддæр  Хуссар Ирыстоны адæм, республикæйы къухдариуæгады политикæйы фарс хæцгæйæ, тырнынц сæ хæдбардзинад фидар кæнгæйæ, Уæрæсеимæ æнгомдæр интеграцимæ.

Кæд Стыр Уæрæсейы æххуысæй республикæйы арæзт æрцыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры бæстыхай, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты корпус, республикæйы инфрастуктурæ, фæндæгтæ, цæрæнуат, республикон бирæпрофилон медицинон центр, ног скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, медицинон уагдæттæ, спортивон фæзуæттæ, залтæ, æмæ ноджыдæр арæзт цæуынц алыгъуызон уагдæттæ, уæддæр мах æмбарæм, нæхицæй дарддæр нын æппындæр кæй ничи сараздзæн амондджын, фæрнджын цард, цахæм бæстæмæ бæллыдыстæм, йæ цард нæ республикæйы хæдбардзинады тыххæй чи радта, уыдон цахæм республикæ фенын фæндыд, ахæм.

Нæхи фидар удыхъæд æмæ патриотизм куынæ уыдаиккой, уæд абон хæдбар, нымад паддзахады нæ цæриккам. Æрмæстдæр нæхæдæг æмæ нæхи фæндвидардзинады фæрцы бафæрæзтам æппæт хъизæмæрттæн, нæ бон бацис хæдбар паддзахадмæ  уæззау фæндæгтыл хъизæмæрттимæ æмæ тугæргъæмттимæ рацæуын. Абон дæр нæхи къухы ис экономикон æгъдауæй размæдзыд, дидинæфтауæг паддзахад саразын. Æмæ та уый дæр нæ къухы бафтдзæн. 

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.