Уæрæсейаг-ирон ахастытæ 300 азы бæрц алыгъуызонæй арæзт цыдысты, фæлæ кæддæриддæр ахсджиаг уыдысты не ‘хсæнадæн. Кæд 2008 аз Хуссар Ирыстонæн трагикон уыд, уæддæр нæ адæмæн ссис ныфсы аз æмæ размæцыды символ.

Уæрæсе Хуссар Ирыстоны æрмæст 2008 азы нæ бахъахъхъæдта, фæлæ ма йæ бахъахъ-хъæдта 1992 азы дæр, йæ фидауынгæнæг тыхтæ нæ республикæйы территоримæ куы æрбакодта, уæд. О, фæлæ нæ республикæйæн иууыл ахсджиагдæр уыд, Уæрæсейы ‘рдыгæй нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинад банымайын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады уынаффæ уыд эпохалон цау æрмæст Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн нæ, фæлæ Уæрæсейæн йæхицæн дæр, уымæн æмæ-иу Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ ныгуылæйнаг бæстæты раз Уæрæсейы Федераци йæ позицитæ куы ныу-уагъта, фæцис уыцы рæстæг. Фактон æгъдауæй дунеон аренæмæ рахызт æндæр Уæрæсе æн-дæр политикæ æмæ принципиалон æгъдауæй æндæр бæрндзинадимæ, кæцы йæ сæйрагдæр хæсыл нымадта йе ‘мбæстæгты æмæ йæ национ интересты бахъахъхъæнын, куы бахъæуа, уæд та хæцæнгарзæй спайда кæнгæйæ, уымæй дæр дунеон барады фæлгæтты.

2008 азы 26-æм августы Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад цы уынаффæ райста, уый ахсджиаг фактор ссис Уæрæсейы патриотикон хæдгъуыздзинад дарддæр сфидар кæнынæн. Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведев куыд загъта, ома, 2008 азы августы Уæрæсе куы ницы мадзæлттæ райстаид, уæд йæ дарддæры цаутæ æндæргъуызон уыдаиккой. Фæлæ райст æрцыд иунæг раст æмæ бæрнон уынаффæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинæдтæ банымайыны фæдыл.

Уый фæстæйы азтæ нæ республикæйæн уыдысты æндидзынгæнæн, мидæггагон æмæ æддагон политикон хъуыддæгтæ скъуыддзаггæнæн азтæ. Уыцы азты дæргъы республикæ схызт йæ рæзты бæрæг æмвæзадмæ, ауагъд æрцыдысты президентон æмæ парламентон æвзæрс-тытæ, референдумтæ.

Уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ паддзахаддзинад фæразон у куыд æддагон, афтæ мидæггагон процесстæ бæстон кæнынæн, проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн дæр.

Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинады банымадæн ис хъысмæтскъуыддзаггæнæн нысаниуæг, уымæн æмæ уæдмæ лæууыд фарст Хуссар Ирыстоны уæвынады тыххæй, ома, «куыд этнос, афтæ Хуссар Ирыстон уæвынад кæна, æви – нæ», фæлæ Хуссар Ирыстоны адæммæ уыйбæрц æхсар разынд, æмæ лæууыдысты кæронмæ сæ равзаргæ фæндагыл, Уæрæсейы Федераци дæр уыйас ныфсхастдзинад равдыста, æмæ банымадта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстон фидарæй, æххæстбæрцæй уæвынад кæны, у дунеон барады субъект, ис ын йæхи паддзахадон атрибуттæ, паддзахадон органтæ се ‘ппæт дæр кусынц. 

Хъыгагæн, абон уыцы реалитимæ разы не сты нæ хуссайраг сыхæгтæ. Уый нæ, фæлæ ма алыгъуызон провокацитæ аразынц Хуссар Ирыстоны территорийыл æндыгъддзинад сæвзæрын кæныны нысанæн. Гуырдзиæгты уырны, Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны скондмæ кæй баздæх-дзæн. Уыдон æй не ‘мбарынц,  раздæры Гуырдзыстоны ССР арæнтæм раздæхыны тыххæй Тбилисы бафæлвæрдтытæн æппындæр кæй ницыуал фадат ис.

1990-1992 азты, 2004 азы æмæ сæрмагондæй та – 2008 азы августы  Гуырдзыстоны къухдариуæгад Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы хæстытæ расидт, уыдон Хуссар Ирыстоны æркодтой нымад паддзахадон хæдбардзинадмæ.

О, фæлæ рацæудзæн рæстæг, æмæ гуырдзиæгтæ сæхи æрæмбардзысты, абон уа æви сом, Гуырдзыстоны разындзæн ахæм политикон тыхтæ, кæцыты бафæнддзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын æмæ йæ нымайгæ дæр бакæндзысты. Уымæн æмæ сæ кусын хъæудзæн хуссайраг ирæттимæ, куыд æмбар партнеримæ, афтæ. Цас тагъддæр æрлæууа уыцы дуг, уыйас Гуырдзыстонимæ тагъддæр арæзт æрцæудзысты политикон, экономикон ахастытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд дыууæ сыхаг бæстæйæн дæр цæрын æнцондæр уыдзæн.

Фæлæ уал абон махæн нæ сæйраг хæс у, Гуырдзыстон алы æмæ алы фæзуæтты цы хъусынгæнинæгтæ раразмæ кæны, уыдоны ныхмæ лæууын, нæхи позици размæ кæнын, нæ фæндон дунеон аренæмæ хæссын. Уыимæ иумæ хъуамæ цæуæм размæ, хъуамæ фидар кæнæм нæ экономикæйы, нæ политикон институтты, æмбæстагон æхсæнады. Уый тыххæй та не ‘хсæнад хъуамæ уа æнгом, хъуамæ уæм иумæ, æрмæст ныхæстæй нæ, фæлæ реалон къахдзæфтæй дæр. Уый аразын нæ бон у, æмæ йæ аразгæ дæр хъуамæ скæнæм. Политикон къухдариуæгад æмæ адæм иумæ куынæ уой, уæд размæцыдæн ницы фадат уыдзæн. Республикæйы къухдариуæгад æмæ адæмы баланс хъахъхъæд куы æрцæуа, уæд нæ къухы бафтдзæн хорз фæстиуджытæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.