Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы территорийыл уæвынад кæны цалдæр хисæрмагонд сæнуадзæн куыстуаты. Уыдон сæ продукци реализаци кæнынц куыд нæхимæ, афтæ Уæрæсейы Федерацийы базæртты дæр.

«SANDON» ахæм маркæйы бын сæн уадзынц «Арес»-ы компани. Йæ сæргълæууæг Гаглойты Алан нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ фирмæ кусы фондз азы бæрц, сæ продукци реализаци цæуы «Арес»-ы компанийæн Джиоты Аланы уынджы 118 хæдзары цы фирмæйон магазин ис, уым. Компани «SAN-DON»-æн ис сæндæттæ Цхинвалы районы Къохаты хъæумæ хæстæг, фæлæ уыдон нырма уыйбæрц тыллæг нæ дæттынц. Уымæ гæсгæ сæнæфсир балхæнынц бынæттон фермертæ æмæ хъæууон цæрджытæй сæнæфсиры куыст чи кæны, ахæмтæй. Сæн арæзт цæуы ахæм сæнæфсиры хуызтæй куыд «Алад-астури», «Саперави», «Арцеу» æмæ афтæ дарддæр.

Гаглойты Алан куыд зæгъы, афтæмæй «Арес»-ы сæнуадзæн завод йæ байгомы фыццаг азты сæнæфсир  ласта Уæрæсейы регионтæй, фæлæ фæстаг дыууæ азы бадзырдтæ арæзтой бынæттон цæрджытимæ  æмæ сæ  нал бахъуыд æндæр ранæй ласыны сæр. Стыр парти сæнæфсир  та сын бынатмæ æрласы Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы цæрæг, амалиуæггæнæг Гойаты Анатоли. Уый  къорд азты размæ сæндидзын кодта Советон дуджы Арцеуы совхозæн цы егъау сæндон уыд, уый. Ам тыд уыд ахæм стæм сæнæфсиры сорт, куыд «Кабарне-совиньон».

Ацы аз компани «Арес» уыцы сæнæфсирæй рауагъта 10 мин ав-джы. Сæхицæн Къохаты хъæумæ хæстæг цы сæндон ис, уый нырма тыллæг цъус дæтты. Уалдзæджы сæндон ноджыдæр фæуæрæх кæндзысты. Ныссадздзысты дзы ахæм сорттæ, куыд «Ломеаури», «Саперави», «Шираз», «Кабарне», «Мер-ло», «Савинон». Сæндонмæ хорз рæхсы дон, сæнæфсиртæ хурбынат сагъд æрцæудзысты, уымæ гæсгæ хорз тыллæг хъуамæ радтой.

Куыстуаты генералон директор ма куыд зæгъы, афтæмæй хъуамæ æрбиноныг кæной коньякы рауагъд дæр. Уый та сын цæудзæн базарадон маркæ «МÆСЫГ»-ы бын. Ацы аз уал рауагътой 2 мин авджы бæрц. Сæн æмæ коньякы рауагъд 2022 аз уыдзæн бæрæг фылдæр. Сæ продукци реализаци кæндзысты куыд нæхимæ, афтæ Уæрæсенйы Федерацийы базæртты дæр. Куыстуатæн ис, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм сæнуадзæн ифтонггæрзтæ. Фæлæ сын фадат нæ уыд уыдон уæрæх бынаты æрæвæрынæн. Компанийы къухдариуæгад бахатыд республикæйы Президентмæ. Уый сын сæ куыст бабæрæг кодта бынаты æмæ сын цыбыр æмгъуыдмæ рахицæн æрцыд уæрæхдæр æмæ райдзастдæр бынат. Ныр уыдонæн сæ бон кварталы рауадзын у 50 мин авджы сæн æмæ уыйбæрц та коньяк. Уымæй дарддæр ма хъавынц ноджы иу ахæм ифтонгад балхæнынмæ.

Гаглойты Алан зæгъы, зæгъгæ, Бибылты Анатоли архайы, цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ сæ хъус аздахой сæнæфсиры куыст мæ. Уый тыххæй цыппар аз фæд-фæдыл октябры мæйы æмбисы нæ республикæйы уагъд æрцæуы сæнæфсиры бæрæгбон. Йæ организатортæ вæййынц экономикон рæзты министрад. Ардæм æрбацæуæг уазджытæн фадат вæййы республикон бынæттон цæрджытæй сæнæфсиры куыст чи кæны, уыдон продукцийы ад фенын. Уый та разæнгард кæны хъæууон цæрджыты, цæмæй сног кæной сæнæфсиргуыст. Хицауады фæнды æрбиноныг кæнын европæйаг фæлтæрддзинад, цыран фермер зайын кæна сæнæфсир, сæндуцæг араза сæн, реализаци та йæ кæна дистрибюторон компани. Æмæ, æцæгдæр, ныридæгæн ацы механизм кусы, республикæйы фæзынд цалдæр сæнуадзæн фирмæйыл.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.