Цæгат Ирыстоны литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг»-ы номыл, йæ дæргъвæтин царды фыццаг хатт лæвæрд æрцыд дунеон преми. Уый у Ирыстоны литературон царды стыр æнтыст. Æхцайы фæрæзтæй баххуыс кодтой зындгонд амалхъомтæ Джусойты Альберт æмæ Уататы Зелим.

Журнал æнæуый дæр фæстаг дыууæ азы иу æнтыстæй иннæмæ цæуы. Редакцийы вæййы журналкæсджытæ æмæ автортимæ алыхуызон литературон фембæлдтытæ, кружоктæ, чысыл конкурстæ. Йæ редактор Хетæгкаты Оксанæйы руаджы журналы тираж схызт цалдæр сæдæйæ дыууæ минмæ. Редактор бастдзинæдтæ аразы канд Ирыстоны журналкæсджытимæ нæ, фæлæ сæ агуры Ирыстонæй дард рæтты, уыимæ фæсарæнты дæр.

Журнал «Мах дуг»-ы номыл премийы нысан у ирон æвзаг æмæ литературæйы рæзтыл архайын æмæ парахат кæнын; национ литературæйы бындур æмæ алы рæтты чи цæры, уыцы ирон адæмимæ бастдзинæдтæ сфидар кæнын; нæ литературæ, культурæ, историмæ цымыдис æвзæрын кæнын; литературæйы руаджы патриотизм гуырын кæнын; фæсивæды ʻхсæн курдиæттæ раиртасын æмæ сын æххуыс кæнын.

Конкурс арæзт æрцыд æртæ къæпхæнæй: 7 азæй 15 азмæ, 16 азæй 35 азмæ æмæ 36 азæй уæлæмæ. Уацмыстæ хъуамæ уой ног, ирон æвзагыл фыст поэзийы, прозæйы, публицистикæйы, драматургийы æмæ аивадон тæлмацы жанры.

Конкурсы жюри куыстытæн аргъ скодта се ʻвзаджы сыгъдæгдзинадæн, арф хъуыдытæн, сюжеты равæрдæн.

10 февралы Дзæуджыхъæуы ацыд ацы конкурсы премитæ дæттыны кадджын мадзал. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны разамонджытæ. Делегацитæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, республикæйы алы районтæй, интеллигенци æмæ æхсæнады минæвæрттæ…

Изæр амонджытæ Æлбегаты Алан æмæ Налдыхъуаты Зæлинæ арфæ ракодтой уазджытæн æмæ мадзал байгом кодтой. Алан бакаст Джусойты Альберты арфæйы фыстæг изæры архайджытæм, стæй райдыдта премитæ дæттыны мадзал.

Прозæйы жанры фыццаг бынат 50 мины æхцайы преми æмæ сæрмагонд статуеткæимæ райста зындгонд фыссæг Хуыгаты Сергей, дыккаг бынат æрхаудта «Мах дуг»-ы прозæйы хайады сæргълæууæг Гусалты Барисмæ, æртыккаг бынæттæ байуæрстой æртæ адæймагыл: Хадыхъаты Фатимæ, Тедеты Индирæ æмæ Хуыбецты Хетæгыл. Ацы номинацийы сæрмагонд диплом райста Гуымецъаты Зæринæ.

Прозæйы жанры дыккаг кары къорды фыццаг бынат райста Годжыцаты Нæирæ, дыккаг бынат — Хъайсынты Артур.

Поэзийы номинацийы фыццаг бынат райста поэт Колыты Витали, дыккаг — Дыгъуызты Зæринæ, æртыккаг — Кокойты Эльзæ.

Ацы жанры дыккаг кары къорды фыццаг бынат æрхауд Бететы Фатимæмæ, дыккаг бынат — Габолаты Зауырбегмæ, æртыккаг — Бигъаты Сæрмæтмæ.

Публицистикæйы фыццаг бынат саккаг кодтой зындгонд æхсæнадон архайæг, газеттæ æмæ журналты æхсæнадон уацхæссæг Мамиаты Таймуразæн, дыккаг бынат райста поэт Скъодтаты Эльбрус, æртыккаг бынæттæ радтой Мурасты Риммæ æмæ Хъайтыхъты Риммæйæн.

Дыккаг кары къорды сæ райстой Уыртаты Сæрмæт æмæ Хъоцыты Тамарæ.

Драматургийы жанры сæ райстой æрмæстдæр хистæр кары къорд: Рæмонты Ритæ, Бекъойты Майæ æмæ Персаты Тамарæ.

Аивадон тæлмацы номинацийы фыццаг бынат райста ЦИПУ-йы доцент Безаты Фаризæт, дыккаг бынат поэт Баситы Зæлинæ, æртыккаг — Бутаты Победæ.

Дыккаг кары къорды сæ райстой: фыццаг бынат — Геккиты Сослан, дыккаг — Теблойты Зауырбег.

Сывæллæтты кары дæр алы жанры разынд бирæ уæлахиздзаутæ æмæ систы «Мах дуг»-ы премийы лауреаттæ.

Кавказы Фысджыты клубы Сæргълæууæджы сæрмагонд премийæ хорзæхджын æрцыд Гусалты Барис. Радта йæ æмæ кæсгон адæмы номæй изæры архайджытæ æмæ Ирыстоны адæмæн зæрдæбын арфæтæ ракодта сæ минæвар Байтуган Сулейманов. Уый фæстæ музыкалон арфæ ракодтой кæсгон зарæгæй.

Хуссар Ирыстоны Президент æмæ цæрджыты номæй арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны драмон театры аивадон разамонæг Дзудцаты Тамерлан.

Мадзалы ма раныхас кодтой æмæ зæрдæбын арфæтæ ракодтой журналы коллектив æмæ фæрæзтæй чи баххуыс кодта, уыдонæн ахæм хъæппæрисы тыххæй Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Тугъанаты Ларисæ, Кокойты Эльбрус, Æрыдоны районы Сæргълæууæг Мæрзаты Владислав, Горæтгæрон районы Сæргълæууæг Гаглойты Алан, Алагиры районы администрацийы минæвар Гозымты Роман, Стыр Ныхасы Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбег æмæ иннæтæ.

Журнал «Мах дуг»-ы номыл зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ Арфæйы фыстæджытæ радта йæ сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ Еналдыты Хъазыбегæн, Мæздæджы районы Ныхасы Сæрдар Гуццаты Фридонæн æмæ Горæтгæрон районы Сылгоймæгты комитеты сæрдар Бургалаты Заремæйæн ирон æвзаг æмæ журнал рафыссыны хъуыддагмæ се стыр бавæрæны тыххæй.

Журналы номыл ма Арфæйы фыстæджытæ райстой конкурсы эмблемæты автор Черчесты Таймураз, изæр амонджытæ Налдыхъуаты Зæлинæ æмæ Æлбегаты Алан æмæ ма иу къорд адæймаджы.

Бæрæгбон сæ аивадæй срæсугъд кодтой Дзæуджыхъæуы Аи-вæдты колледж, ансамбль «Ирыстон», зарæггæнджытæ Бекъойты Вано, Гуццаты Нодар, Фардзинты Батрадз æмæ иннæтæ.

Конкурсы бæрæгбон рауад тынг мидисджын. Цæмæй афтæ рауайа, уый тыххæй тынг бафыдæбон кодтой йæ редактор Хетæгкаты Оксанæ, йæ хæдивæг Къелойты Альбинæ æмæ коллективы иннæ уæнгтæ. Оксанæ бузныджы ныхæстæ загъта, чидæриддæр конкурсæн æхцайæ дæр æмæ уынаффæйæ дæр баххуыс кодта, уыдонæн. Куыд фехъусын кодта, афмæй конкурс арæзт цæуы фыццаг хатт, фæлæ уыдзæн æрвылазон. Уый та уыдзæн литературæйы рæзтæн стыр ахъаз.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хорз у, фæлæ та, Хуыцау ма зæгъæд, ацы конкурс дæр бирæ æндæр конкурсты хал ахæра. Мæ хъуыдымæ гæсгæ йæ, æгæр парахатæй дæттын нæ хъæуы, уæд æгад кæны. Зæгъæм, сывæллæттæн ис сæхи журнал æмæ ахæм кадджын журналы конкурсы архайой, уый ницæмæн хъæуы…

Джусойты Нина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.