Нæ республикæйы сæудæджерад кæд зæрдæйы фæндиаг нæ, уæддæр лæуд у рæзты фæндагыл. Фæзынынц хицæн куыстуæттæ, кæцытæ республикæйы фæлхасгæнджыты размæ хæссынц сæ рауадзгæ продукци. Стæй æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ хицæн куыстуæтты продукци фæндаг ссардта уæрæсейаг базармæ дæр æмæ сæ æхсызгонæй æлхæнынц.

Ахæм куыстуæттæй сæ иу у фæкъуындæггонд бæрндзинады æхсæнад «Сæнуадзæн завод Иронсæн».

Ацы куыстуат байгом ивгъуыд азы кæрон. Уый уадзы сæнтæ «Мерло», «Шираз», «Коберне» æмæ «Совинон» сорт сæнæфсиртæй. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ кæд хæрз чысыл рæстæг йедтæмæ нæма кусы куыстуат, уæддæр йæ продукци хайад райста Скæсæн Европæйы хæлцадон продуктты æмæ нозтыты иууыл стырдæр дунеон равдыст «Продэкспо-2019»-ы, кæцы уагъд цыд Мæскуыйы февралы мæйы æмбисы. Уый фæстæ Хуссар Ирыстоны рауадзгæ продукци йæ бынат ссардта ахæм бæстæты продуктты æхсæн, куыд Уæрæсе, Герман, Франц, Итали, Испани, Китай, Хуссар Корея, Турк, Япон æмæ æндæрты. Ахæм егъау равдысты Хуссар Ирыстон, бæлвырддæрæй та «Сæнуадзæн завод Иронсæн» хайад кæй райста, уый нысан кæны, бизнес-æмæхсæнад кæй цымыдис кæны нæ республи-кæмæ æмæ йын ахсджиаг нысаниуæг кæй ис йæ æддагэкономикон бастдзинæдтæ дарддæр рæзын кæнынæн.

Куыстуаты разамонджытæ равдысты рæстæджы фембæлдысты хицæн æмæ хицæн архайæг бæстæты разамонджытимæ.

Равдысты тыххæй ма зæгъын хъæуы уый, æмæ дзы кæй уыдис 65 бæстæйæ 230 хайадисæджы. Цæугæ та йæм бакодтой 62 мин адæймаджы 100 бæстæйæ. Куыстуаты генералон директор Алексей Цапаев куыд зæгъы, афтæмæй ацы равдысты хуссарирыстойнаг продукцийæн уыдис стыр æнтыст. Сарæзтой контракттæ бизнес æмæ æхсæнады минæвæрттимæ. Йæ продукци йын æхсызгонæй кæй агурынц, уымæ гæсгæ куыстуаты разамонджыты фæнды йæ гуырахст ын фæфылдæр кæнын, йæ ассортимент та йын рауæрæхдæр кæнын. Ам æвæрд сты нырыккон италиаг ифтонггæрзтæ. Кондадон хъомысадтæ ныртæккæ фадат дæттынц мæйы дæргъы 600 мин сæны авджы рауадзынæн.

Куыстуат нырма кусы æрласгæ хомысæй, фæлæ Присы хъæуы 10 гектары фæзуатыл цы сæнæфсиры садзæнтæ ныссагътой, уыдон рæхджы райдайдзысты сæхи тыллæг дæттын æмæ сын уæд бирæ фенцондæр уыдзæн.

Алексей Цапаев куыд зæгъы, афтæмæй Уæрæсемæ цы 13 мин сæны авджы арвыстой, уыдон иууылдæр ауæй сты. Ныр заводы кусджытæ фæнд кæнынц продукцийы ног парти æрцæттæ кæнын æмæ сæ Уæрæсейы базæрттæм арвитын. Æмæ кæд æнæкъуылымпыйæ уæй кæны сæ продукци, уæддæр завод нæма бамбæрзта йæ хæрдзтæ. Уыдон та цъус не сты. Завод цалцæг æрцыд æмæ дзы æвæргæ та скодтой, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм италиаг ифтонггæрзтæ.

Куыстуаты ныртæккæ кусы 20 адæймаджы бæрц. Сæ куыстмызд астæуккаг нымадæй хизы 18-20 минмæ.

Куыстуаты генералон директор куыд зæгъы, афтæмæй сын сæ продукци тынг нæ агурынц нæхи базæртты, уымæн æмæ ам, иу стæмтæй дарддæр, алы хæдзары дæр фенæн ис сæн. Уый хыгъд нæ продукци фæндаг ссардта Уæрæсейы базæрттæм.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.