Алы ног куыстуаты фæзынд дæр æхсызгон цау вæййы нæ республикæйы царды. Уымæн æмæ уый баст вæййы кусæн бынæтты фæзынынимæ, иннæмæй та дзурæг у нæ цард размæ кæй цæуы, ууыл. Нæ республикæйы ма ног куыстуæтты æрбакондимæ баст у нæ экономикæйы, адæмы фæрныгады рæзт æмæ паддзахадон бюджеты баххæст дæр. Уымæ гæсгæ æхсызгон цау уыдис ног куыстуат  «Ирон сæн»-ы æрбаконд дæр.

Завод «Ирон сæн» æрбынат кодта Консерваразæн заводы. Уым æвæрд æрцыдысты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæттынц, ахæм италиаг ифтонггæрзтæ. Куыд зонæм, афтæмæй завод йæ продукци реализаци кæндзæнис куыд нæхи базæртты, афтæ Уæрæсейы Федерацийы базæртты дæр.

Куыстуаты генералон директор Алексей Цапаев куыд зæгъы, афтæмæй сæны фыццаг парти уыдон Уæрæсемæ арвитдзысты февралы мæйы.

Ног азмæ завод рауагъта æмæ æрцæттæ кодта 32 мин авджы бæрц сæн «Аланский резерв», зæгъгæ, ахæм номимæ. Уыдонæй 13 мин авджы æрвитдзысты Мæскуымæ. Кæй арвитдзысты уыцы сæн арæзт æрцыд «Шираз», «Каберне», «Мерло» æмæ «Совиньон» сорт сæнæфсиртæй.

Сæн у хæрзгъæд æмæ дызæрдыггаг нæу, аккаг бынат кæй æрцахсдзæн Уæрæсейы базæртты, уый.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.