Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр æмæ хуыздæр арфæтæ Уæрæ-сейы Федерацийы Конституцийы боны цытæн.

1993 азы 12 декабрь ахсджиаг цау у Уæрæсейы Федерацийы ногдæр историйы. Уыцы бон, 23 азы размæ, уæрæсейаг бирæнацион адæмы сæрибар фæндон равдисыны хуызы адæм сæ хъæлæстæ радтой паддзахады Сæй-раг закъон райсыны сæраппонд. Уый сси бæстæйы æхсæнадон-политикон æмæ социалон царды бындур, сбæлвырд кодта Уæрæ-сейы хицауиуæгады сæйрагдæр принциптæ, ссис йæ дарддæры райрæзты фидар бындур.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ стыр аргъ кæнынц Стыр Уæрæсеимæ нæ хæлардзинадæн, зæрдиагæй цин кæнынц æфсымæрон бæстæйы æнтыстытыл æмæ бæрзонд æвæрынц нæ адæмты монон иудзинадыл амад  хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмцæдисон ахастытæн.

Ацы фадатæй пайда кæнгæйæ, мæ цæст уарзы дæуæн, цытджын Владимир Владимиры фырт, æмæ Уæрæсейы æппæт адæмæн сабырад, амонд æмæ хæрзиуджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.