Зæрдæ куыстмæ куы райа, æнæзæрдæхудтæй дзы куы фыдæбон кæнай, уæд æнæмæнг хорз фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæс. Фермерон хæдзарад «Билурта»-йы разамонæг Цхуырбаты Аланы уырныдта, раззагдæрты рæнхъы кæй цæудзæн, уый æмæ ныр рабæрæг, æцæгæйдæр афтæ кæй у. Дзæвгар фыдæбон  хъуыд, иугæр Цхинвалы районы Къостайыхъæуы хæдзарады зæххы иу хай куы райста æмæ йæм кусынмæ куы æрæвнæлдта, уæд. Фæлæ зындзинæдтæй нæ фæтарст, æххуысмæ йæм фæзындысты бинонты уæнгтæ дæр æмæ иумиаг тыхтæй æнтыст бафтыд сæ къухты. Цæмæй байтыдтæ знаггадæй хызт уой, уый тыххæй зæххы фадыг хъуыд æрæмбонд кæнын æмæ йæ æххæст дæр скодтой цыбыр æмгъуыдмæ. Уый фæстæ дзы хæдзарад цыбыр æмгъуыдты æмæ агротехникæйы домæнтæм гæсгæ байтыдта æфсирон культурæтæ. Кæд иудзæвгар афæстиат тыллæг æфснайыны ахсджиаг кампани хъæуæг техникæйы цухдзинады аххосæй, уæддæр фермерон хæдзарады разамонæджы  зæрдæ барухс тыллæгæрзадæй. Уыцы бæрæггæнæнтæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодтой æрыгон хъæууон лæппуйы зæрдæ æмæ йæ ныфс ис, йæ фидæны тыллæгæрзад ноджы бæркадджындæр кæй уыдзæн.

Фæззыгон хъарм æмæ кусынæн бæзгæ бонтæй хæдзарады разамонæг спайда кодта арæхстджынæй æмæ уал йæ къухы бафтыд фыццаг æнтыст. Йæ зæххы фадыгæй хуымгонд чи æрцыд, уым фæззыгæнд мæнæу байтыдта 10 гектары фæзуатыл. Хуым кæныныл зæрдиагæй бакуыста республикæйы «Агропромсервис»-ы механизатор æмæ йæ таугæ та бакодта раззагон механизатор Хуыбиаты Алан. Цалынмæ фæззыгон хъарм бонтæ кодта, уæдмæ æвзартæ сæхиуыл схæцыдысты æмæ цъæх-цъæхидæй дардмæ зындысты. Ныр сæ зымæг æрнорста йæ урс хъæццулæй æмæ сын уый стыр пайда у, бафсæддзысты уымæладæй æмæ зынгæ фæзындзæн сæ тыллæгæрзадыл.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.