Хуссар Ирыстонмæ электроны рухс хæхты сæрты  кæй цæуы, уый фæстиуæгæн та радон хатт æрцыд авари. Дыууæ бон республикæ баззад æнæ рухсæй. Авари аиуварс кæныныл архайдтой Уæлвæткон уавæрты министрад, «Энергоресурс», «Дорэкспострой», Фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты фадыджы кусджытæ. Семæ уыд нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы кусджытæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Цæгаттаг порталæй Дзаумæ электрохаххы дæргъ у 40 километры бæрц, уыдонæй 14 километры цæуынц зынвадат бынæттыл. Уырдæм афæдз 8 мæйы бацæуæнтæ нæ вæййы. Афтæ зæгъæн нæй æмæ «Энергоресурс»-ы кусджытæ æвзæр архайынц – æрвылаз дæр сæрды мæйты хæххон бынæтты уагъд æрцæуы профилактикон куыстытæ, фæлæ хæхты цы хуылыдз мит ныууары, уый уæддæр йæ кæнон бакæны.

Фæстаг хатт ма республикæ дæргъвæтин рæстæг æнæ рухсæй баззад  2018 азы, уæд дæр авари æрцыд Дзомагъы æфцæгыл. Йæ аххосаг уыд тыхдымгæ, кæцы ныс-къуыдтæ кодта электрохаххы телтæ. 

Фæстаг дыууæ бон, уыцы-иу рæстæджы, Транскавказы магистралыл цыд мит сыгъдæг кæныны куыстытæ дæр. Фæндаг дæр дыццæг æмæ æртыццæджы уыд æхгæд, тыхджын митуард æмæ зæйтæ æрцæуынæй  тасы аххосæй. Фæндагон службæтæ æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады информацимæ гæсгæ хæхты миты бæрзæнд уыд метрæй фылдæр, уый та тæссаг уыд зæйты æрцыдæй. Æвзæр боныгъæды аххосæй нæ уыд зæйцæуæн бынæттæ фехсыны фадат.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.