Адæм дæр æмæ паддзахадон уагдæттæ дæр кæд зымæгмæ сæхи бацæттæ кæнынц, уæддæр арæх æрдз тыхджындæр разыны æмæ нын æрхæссы уæлдай зындзинæдтæ. Афтæ рауад æрæджы, январы мæйы кæрон дæр. Тыхджын æмæ уазал зымæгон дымгæты аххосæй Дзауы районы хæхтыл аскъуыдысты электроны рухсы телтæ. Хабар «ГУП Энергоресурс»-ы разамонæг Гæбæраты Аланæн фехъусын кодта Дзауы районы  Электрохызæджы мастер Харебаты Хох. Æрдæг сахаты фæстæ Алан уыд, авари кæм æрцыд, уыцы бынаты. Уавæр, æмæ цы аразын хъæуы, уый бæстон куы рафæлгъуыдта, уæд радзырдта Цхинвалы электрохызæджы иууон техникон службæйы хистæр Тъуриты Русланмæ. Уый йын бамбарын кодта уавæр æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй бригадæ æвæстиатæй æрбацæуа æмæ æрæвналой авари аиуварс кæнынмæ. Уæдмæ Электрохызæджы монтертæ Багаты Созыр, Дыгъуызты Барис, Гæбæраты Владимир, Гаглойты Сослан, Лалыты Ацæмæз æмæ æндæртæ сæхи хъæппæрисæй æрбатымбыл сты электрохызæджы кæртмæ. Дыууæ машинæйыл ацыдысты, авари кæм æрцыд, уыцы бынатмæ. Æрталынг, афтæ бахæццæ сты æмæ æнæкъуылымпытæй æрæвнæлдтой авари аиуварс кæнынмæ. Иутæ лыг кодтой, телтæ айтынг кæнынæн сæ цы бæлæстæ хъыгдардтой уыдон, æндæртæ та телты хастой 300 метры бæрзæндæн къулбынаты хохыл хæрдмæ. Иннæтæ та сын сæ фæдыл кусæнгæрзтæ хастой. Авари аиуварс кæнынмæ кæд æрæвнæлдтой æхсæз сахатыл æмæ иу уысм дæр иу ран не ‘рлæууыдысты, уæддæр авари иуварс æрцыд, æрмæстдæр, æхсæвы иуæндæс сахатмæ æввахс.

Уымæй цалдæр бон фæстæдæр та Ручъы æфцæгыл æруарыд, йæ бæзн фæндзай сантиметры кæмæн уыд, ахæм мит. Мит куыд уарыд, афтæ кæд фæндаг сыгъдæг кодтой, уæддæр фæуазал, ныссалд æмæ йыл хæдтулгæтæ цыдысты зынтæй. Уыцы бон Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ рейсон автобусы шофыр Хъæцмæзты Павел кæд Уанелы йæ цæлхытыл бакодта рæхыстæ, уæддæр Дзомагъы фæзилæнæй уæлæмæ нал сфæрæзта. Кæм æрзылдтаид, уыцы бынат дæр ын нæ уыд æмæ фæстæмæ фæцыд километрмæ æввахс. Хъуамæ разылдтаид, раздæхтаид фæстæмæ, фæлæ бæлццæттæй чи аэропортмæ тагъд кодта, чи та – рынчындонмæ. Уыдонæй сæ иу фæдзырдта Уæлвæткон уавæрты  министрадмæ.  Уым ын ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, чысыл банхъæлмæ кæсут, æххуысмæ уæм арвыстам машинæ. Æрдæг сахат дæр нæма рацыд, афтæ æрбахæццæ сты, бабастой автобус æмæ йæ сластой тунелы рахизæнмæ. Ацы хъуыддаджы та сæхи хорзæй равдыстой Пæррæстаты Яник æмæ Уанеты Алан. Уыдон, æрмæст автобусыл чи бадт, уыцы бæлцæттæн нæ баххуыс кодтой, фæлæ ма фæндаггæрон цы машинæтæ ахауд, уыцы бæлцæттæн дæр. Иугай сæ бастой æмæ сæ ластой тунелы рахизæны онг.

ГÆЗЗАТЫ Иван    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.