Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады сырæзтыл 10 азы сæххæсты цытæн 4 октябры киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын мадзал. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан,  æндæр министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Бæрæгбонмæ æрцæуæг делегацитæ Уæрæсейы Федераци, Абхаз, Адыгей, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй.

Æмбырды райдиан мадзалы хайадисджыты рæгъмæ хаст æрцыд, министрады сырæзтæй фæстæмæ йæ куыст æмæ архайды фæдыл видеоролик.

Уæлвæткон уавæрты фæдыл министр, инæлар-майор Тадтаты Алан бæрæгбонон цытджын æмбырды йæ раныхасы бузныг загъта, ацы егъау нысаниуæгджын бон немæ чи нысан кæны, уыцы уæрæсейаг уазджытæн. Бузныг загъта, бæстæйы къухдариуæгадæн йе ‘ххуыс æмæ æмбаргæ ахасты тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, кæд дæс азы бирæ рæстæг нæу, уæддæр уыцы азты Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад архайы, цæрджыты æнамонд цаутæ æмæ уæлвæткон уавæртæй бахъахъхъæныны æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Дзырдта хуссарирыстойнаг ирвæзынгæнджыты архайды сæйраг здæхтытыл, сæ куысты рæстæджы цы проблемæтыл æмбæлынц, æппæт уыдæттыл. Министр ма банысан кодта, Уæрæсейы Федерацийæ сæ коллегæты æххуыс, æдзух кæй æнкъарынц 2013 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны райрæзты æмархайды программæмæ гæсгæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрад уæлвæткон уавæртæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фадыджы уæрæсейаг коллегæтæй æххуыс райста 14 иуæджы сæрмагонд техникæ, зынгсирвæзты ныхмæ тох кæнын æмæ ирвæзынгæнæн ифтонггæрзтимæ, уыцы нымæцы тæрхондонон-экспертон хæдтулгæ, кæцы ифтонг у «Антрацит» экспресс-анализы зынгсирвæзты ныхмæ лабораторийæ. Лабораторийы ифтонггæрзтæ специалисттæн фадат дæттынц зынгсирвæзты аххосаг сбæлвырд кæнынæн – иутæ æххуыс сты йæ бынат сбæлвырд кæнынæн, иннæтæ та бæлвырд кæнынц æнцонтæй чи схæцы кæнæ судзгæ чи кæны, уыцы тæнгъæдтæ сбæрæг кæнынæн.

Тадтаты Алан ма йæ доклады æрдзырдта, министрады минæтæй сæдас кæнын æмæ хæлæн æрмæджытæ скуынæг кæныны фæдыл хайады куысты тыххæй, зæгъгæ, скуынæг кодтой 3293 хæлæн æрмæджы, 36160 алы калибры та нæмгуытæ.

«Августы хæстон архæйдтытæй кæд дæс азы рацыд, уæддæр Хуссар Ирыстоны территори æххæстæй сыгъдæг нæма æрцыд. Хæсты фæстиуджытæ ахæм сты, æмæ рæстæгæй рæстæгмæ æрцæуы æнамонд цаутæ», – банысан кодта Алан.

Уыцы проблемæ бæстон кæныныл ныр æртæ азы дæргъы кусынц УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады центр «Лидер»-ы специалисттæ. Уыцы азты дæргъы ацы центры сапертæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ссардтой 762 хæлæн æрмæджы æмæ ссыгъдæг кодтой Цхинвал æмæ Знауыры районты 148 гектарæй фылдæр территори. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыцы куыст адарддæр уыдзæн 2019 азы.

Уый ноджыдæр бæрæгбонон арфæтæ ракодта министрады кусджытæн, ветерантæн, кæцытæн стыр хайбавæрд ис ацы министрад йæ къахыл слæууын кæныны хъуыддагмæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли бæрзонд аргъ скодта Уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты архайдæн, уымæн æмæ уыдон аразынц æппæтдæр, цæмæй уæлвæткон уавæрты рæстæджы фыццаг фæзыной æххуысмæ, аразынц æппæтдæр, цæмæй сæ Хуссар Ирыстоны адæм уой сæрыстыр.

Министрады рæзт æмæ йæ разылæууæг хæстæ биноныг кæныны хъуыддаджы йæ рæстæджы сæ фарс балæууыд УФ-йы æнгæс министрад. Уый фæдыл бузныджы ныхæстæ загъта йæ уæды мнистр Сергей Шойгуйæн. Уыцы æххуыс æрмæст техникон ифтонгады хъуыддаджы нæ уыд, фæлæ специалисттæ сахуыр æмæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы дæр.

Президент ма ацы ран банысан кодта Абхаз, Донецк, Луганскы æфсымæрон æххуыс дæр. Уый, зæгъгæ, æнкъардæуы абоны онг дæр.

«Ацы бæстæтæ аразынц æппæтдæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрадимæ æмархайд рæза, уымæн æмæ Ирыстон нæ иумиаг хæдзар у. Уым мах биноныг кæнæм иумиаг æдасдзинад нæ стратегион партнер Уæрæсейы Феде-рацийы руаджы», – дзырдта Президент.

Уый ноджыдæр бузныг загъта министрады кусджытæн, сæрмагонд бузныг та – ветерантæн. Арфæ ракодта УФ-йы Æмбæстагон хъахъхъæнынады министрадæн, уымæн æмæ уыдон дæр уыцы бон нысан кодтой сæ бæрæгбон.

Бузныджы ныхæстæ загъдæуыд бæрæгбоны хайадисæг уæрæсейаг коллегæтæн, цæгатирыстойнаг коллегæтæн, йæ рæстæджы Хуссар регионалон центр æмæ Цæгаткавказаг регионалон центрæн æмæ, Хуссар Ирыстонæн уæззау уавæрты æххуысмæ чи æрцыд, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

РХИ-йы Президенты Барамындæй бæрæгбонон хорзæхтæй хорзæхджын æрцыдысты бæрæгбонмæ æрцæуæг уазджытæ æмæ министрады къорд кусæджы. Ведомствæйон бæрæгбонон хорзæхтæ ма райстой, уагдоны сæргълæууæг Тадтаты Аланы бардзырдмæ гæсгæ министрады къорд кусæджы.

Цытджын æмбырды рæстæджы ма арфæйы ныхæстимæ рацыд УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Николай Гречушкин. Уый Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министр Евгени Зиничев æмæ Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы номæй арфæйы ныхæстæ загъта фысымтæн.

Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы президенты æххæстбарджын минæвар Александр Матовниковы номæй Николай Литюк юбилейон бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта министрады къухдариуæгад æмæ сæрмагонд скондæн. Ныфс бавæрдта ноджыдæр æмбаргæ, хæларадон уавæрты æххуысæй.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Николай Литюк стыр хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад аразыны хъуыддагмæ. Уымæ гæсгæ цасдæрбæрцæй арфæ ракодта уæрæсейаг коллегæтæн дæр.

Дарддæр ма бæрæгбонон арфæтæм æрбаиу сты Республикæ Адыгейы Уæлвæткон уавæрты министрады сæйраг управленийы сæргълæууæг Султан Хацуков, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты Уæлвæткон уавæрты министрадты сæргълæуджытæ – Алексей Кострубицки æмæ Евгени Кацавалов. Уыдон арфæтæй дарддæр бæрæгбонон лæвæрттæ æмæ хорзæхтæ скодтой нæ министрады бæрнон æмæ рæнхъон кусджытæн.

Цытджын мадзалы сæйраг хайы фæстæ мадзалы хайадисджытæн æвдыст æрцыд концертон программæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ма уыцы бон, РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадыл 10 азы сæххæсты цытæн Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæнын æмæ ирвæзынгæнæн хайы уыд бæрæгбонон рæнхъæйлæуд. Уый фæстæ та Дзауы районы Итраписы хъæуы министрады дæлхæйттæ æвдыстой сæ цæттæдзинад æмæ æвзыгъддзинæдтæ уæлвæткон кæнæ æндæр исты æрцæугæ æнамонд цауты рæстæджы.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.