Республикæ цыппар суткæйы дæргъы уыд æнæ рухсæй, Хуссар Ирыстонмæ цы электроадæттæн хахх цæуы, уым аваритæ кæй æрцыд, уый аххосæй.

Электроэнерги Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл дæр ахицæн, сабаты цы тыхджын митуард уыд, уый фæстиуæгæн. Фæстаг хатт ма нæ республикæ ахæм дæргъвæтин рæстæг æнæ рухсæй баззад 2006 азы, уæд дæр авари æрцыд Дзомагъы æфцæгыл, цыран зымæджы бонты тæссаг у зæйтæ æрцæуынæй æмæ уырдæм бацæуынæн та рæстæг, техникæ хъæуы. Электрохызæджы кусджытæ уадид бацархайдтой проблемæ аскъуыддзаг кæныныл – цалдæр авари иуварс æрцыдысты, фæлæ уæддæр республикæмæ рухс не ‘рхæццæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй ма авари æрцыд Дзомагъы æфцæгыл, бæрзонд хæххон бынаты, кæцымæ уыд зынбахизæн.

Электроадæттæн хахх нæ республикæмæ цæуы вазыгджын æрдзон бынæтты æмæ уый фæзын кæны авари аиуварс кæнынæн.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли кусæгон балцы уыд Мæскуыйы, митуарды фæстиуæгæн æхгæд æрцыд Транскавказы автомагистраль дæр, фæлæ уырдыгæй дæр контроль кодта уавæрыл.

Уæрæсейы Федерацийы вице-премьер Александр Хлопонинæн уыдис иудадзыг бастдзинад, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикимæ. Уый йæ хъус дардта уавæрмæ æмæ цæттæ уыд алыварсон æххуыс бакæнынмæ, цæмæй авари аиуварс æрцæуа.

Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министрады сæргълæууæг Лев Кузнецовы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæныны фæдыл. Æмбырды рæстæджы уынаффæ ист æрцыд, цæмæй Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстонæн рахицæн кæна генератор. Генераторы хъомыс фаг уыдзæн, цæмæй сифтонг кæна рухсæй æнæхъæн республикæйы уæлвæткон уавæрты рæстæджы.

Куыддæр Транскам фегом, афтæ РХИ-йы Президент æрцыд республикæмæ æмæ райдыдта кусын, цæмæй æвæстиатæй ссардæуа аварийы бынат. Уый ацыд Дзомагъгоммæ, цыран дарддæр цыдысты куыстытæ аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл.

Балцы размæ Президент райсом раджы ауагъта æмбырд энергетиктæ, тыхон структурæтæ æмæ фæндагон службæты минæвæрттимæ. Æрæвæрдта сын сæ разы хæс, цæмæй тагъддæр аиуварс æрцæуа авари. Бибылты Анатоли бынаты базонгæ уавæримæ. Йæ амындмæ гæсгæ, аварийы бынатмæ араст ис ирвæзынгæнджыты къорд дæр. Уым цы цалцæггæнджытæ уыд, уыдонæн сæвæрдтой цатыр пецимæ, цæмæй сæ ифтонг кæной тæвд хæринагæй.

Куыддæр боныгъæд фадат радта, афтæ Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад рарвыста вертолет, кæцы координаци кодта электрохаххы дарддæры уавæр.

Цалцæггæнæн бригадæтæ аиуварс кодтой аваритæ æмæ республикæмæ цæуын райдыдта электроэнерги.

Æдæппæт цалцæггæнджытæ аиуварс кодтой фондз авари. Уыдон иууылдæр æр-цыдысты иуварсгонд. Ис ма хицæн район-тæ, ныртæккæ электроэнерги кæдæм нæ хæццæ кæны, фæлæ уыдоныл дæр куыст цæуы.

  Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.