18-æм февралы нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан фæстиуджытæ сарæзта ивгъуыд азы министрады бакæнгæ куыстæн. Хыгъдон æмбырды куысты хайад райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Афæдзмæ цы бантыст саразын æмæ фылдæр æргом здæхт цы фарстатæм æрцыд, уыдоныл дзургæйæ Тадтаты Алан банысан кодта, 2017 азмæ абаргæйæ 2018 азы министрады куыст зынгæ кæй фæхуыздæр. «Уæлвæткон уавæрты сæрмагонд сконды кусджыты ‘хсæн не ‘рцыд удзиæнттæ,  кæд æмæ æвирхъау цауты архайдтой уæддæр. Азы райдиан Транскавказы автомагистралы цæгатварс, бирæ мит æруарыны фæстиуæгæн, æхгæд æрцыд иунæг фæндаг, кæцы Хуссар Ирыстоны иу кæны нæ стратегион партнер Уæрæсеимæ. Нæ республикæйы Президенты бахæсмæ гæсгæ, æз, сæрмагондæй мæхæдæг, бæрæг кодтон, Транскавказы автомагистралыл цы куыст цыд, уый. Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй фæндаг митуарды æрурæды фæстæ, фыццаг бонæй цыд сыгъдæггонд. Уыцы куыстытæ æххæст кодтой «Дорэкспострой»-ы кусджытæ æд техникæ. Уыдон куыстой нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытимæ иумæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цæгатирыстойнаг коллегæтæ дæр сæ куыст кодтой, фæлæ уыдонæн сæ уæззау техникæ баззад иууыл проблемондæр фадгуыты æмæ сæ бон нæ уыд йæ ракæнын. Уый фæдыл мах фехъусын кодтам, кæй сын баххуыс кæнддзыстæм сæрмагонд техникæйæ æмæ уыцы бон нæ республикæйы фæндагсыгъдæггæнджыты иу къорд, сæрмагонд техникæ – экскаватор æмæ бульдозеримæ, ацыд Транскавказы автомагистралы цæгатварсмæ. Цалдæр боны дæргъы не службæйы кусджытæ куыстой фæндаг митæй ссыгъдæг кæныныл. Фæндаг цалдæр бон æхгæд кæй уыд, уый нæ республикæйы цæрджыты тыхсын кодта, фæлæ тæссаг уавæрты ахсджиагдæр у адæймаджы цард бахъахъхъæнын. Уыцы хæс мах нымайæм иууыл сæйрагдæрыл», – дзырдта  министр.

Уый загъта, Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ хорз куыст кæй бакодтой Гуфтайы трассæйыл, Чъехы зæронд хидмæ хæстæг цы къæдзæх ракалд, уый асыгъдæг кæныныл дæр. Фæндагмæ цы дуртæ ракалд, уыдон бахъыгдардтой рог машинæйы. Йæ шофыры, ирвæзынгæнджытæ скъахтой дурты бынæй, æмæ йæ æвæстиатæй баластой рынчындонмæ. Къæдзæхæн ма тæссаг кæм уыд ракæлынæй, уым æвæрд æрцыд рæмудзæн æрмæг æмæ цалдæр сахатмæ уый дæр сыгъдæггонд æрцыд, цæмæй бахъыгдард ма æрцыдаиккой трассæйыд цæуæг бæлцæттæ.

Министр ма дзырдта, ивгъуыд аз ихуарды аххосæй Дзауы районы Чъимас æмæ Кърозы хъæуты 42 хæдзары æмбæрзтытæн кæй разиан чындæуыд æмæ уыдонмæ дæр æххуысмæ Уæлвæткон уавæрты министрад кæй фæзынд. Декабры мæйы митуарды фæстиуæгæн, Дзомагъы комы электрохаххыл цы авари æрцыд, уырдæм, энергетиктимæ иумæ, сæвзæргæ проблемæ аиуварс кæнынмæ ацыдысты Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ дæр. Иу боны æмгъуыдмæ республикæйы ссыгъд  рухс æмæ ма ацы дард хæххон хъæумæ та сæндидзын кодтой фæндагон бастдзинад.

Тадтаты Алан æрдзырдта, фæстаг рæстæджы зынсирвæзты цаутæ æгæр арæх кæй вæййынц, ууыл дæр. «Зынгхуыссынгæнджытæ 482 хатты аххуыссын кодтой зынгсирвæзтытæ. Уыдон канд хæдзæрттæ нæ уыдысты, фæлæ ма сæрмагонд машинæтæ, быдыртæ æмæ æндæр рæтты дæр. Кæд министрад æрвылхатт дæр йæ разылæууæг хæстæ сæххæст кæны, уæддæр бирæтæ зынгсирвæзтæй хи бахынцынц, фæткойтæ кæй не ‘ххæст кæнынц æмæ афтæмæй сæхи æмæ искæй дæр фыдбылызы кæй æппарынц, уый фæстиуæгæн. Æнæнхъæлæджы уавæры бахауæг адæм æрбадзурынц телефонæй, фæлæ хатт, цалынмæ зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ хæццæ кæнынц, уæдмæ байрæджы вæййы. Республикæйы Президент раарфæ кодта министрады кусджытæн сæ фердæхтджын архайды, сæ куыст бæстон æмæ афоныл кæй кæнынц, уый тыххæй: «Уæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнут. Фæлæ мæн фæнды, цæмæй дарддæр дæр тырнат стырдæр æнтыстытæм. Уæлвæткон уавæрты министрадæн йæ сæйраг хæс у кусджыты фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнын. Ивгъуыд аз уын иттæг хорз æнтыстытæ уыд æмæ мæн фæнды, цæмæй ноджы фылдæр æргом аздахат уæ коллегæтæм Цæгат Ирыстон-Алани æмæ УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадты. Уыдон фæлтæрддзинадыл ахуыргæнгæйæ, уæ куыстæн ноджы хуыздæр фæстиуæг уыдзæн», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Президент сæрмагонд хъусдард аздæхта, зынгсирвæзты аххосаг арæх кæй вæййынц хæдзæртты зæронд электрохæххытæ.

Бибылты Анатоли йæ хъуыдытæ загъта ахæм вазыгджын фарсты фæдыл дæр, куыд республикæйы территорийыл æфтауцдæттæ саразын.

«2020-2021 азты Инвестпрограммæмæ хаст æрцыд уыдоны арæзтад. Дыууæ-æртæ азмæ мах хъуамæ уыцы арæзтадтæ байдзаг кæнæм хæлцад æмæ материалон-техникон резервæй.

Мах æвдисæн уыдыстæм азы райдианы митуарды фæстиуæгæн цалдæр хатт, иу хатт та  10 боны æмгъуыдмæ æхгæд куыд æрцыд Транскавказы магистраль, уæд мах фæцух  стæм хæлцадон продукттæ æмæ медицинон препараттæй», – загъта уый.

Президент стыр хъусдард аздæхта министрады кусджыты дисциплинæмæ дæр. Уый загъта, зæгъгæ, æрæджы сæрмагондæй йæхæдæг бабæрæг кодта зынгсирвæзты хайадтæн сæ иуы куыст. Куыд рабæрæг, афтæмæй иуæй-иу кусджытæ сæ куыстмæ дарынц уазал ахаст. Уый тыххæй Уæлвæткон уавæрты министрæн хæс радта, цæмæй арæх бæрæг кæна сæрмагонд сконды куыст. Зынгсирвæзты хайадты цы техникæ ис, уый та, æрвылуысм дæр хъуамæ уа куыстхъом. Президент сæрмагондæй ракодта Ленингоры районы Уæлвæткон уавæрты хайады кусджыты намысджын куысты кой. Сæ куыстмæ сын  бæрнон ахаст кæй ис, уый тыххæй сын загъта бузныг.

Бузныджы ныхæстæ загъдгонд æрцыд, азы райдиан Транскавказы магистралыл Уæлвæткон уавæрты министрадæй митсыгъдæггæнæн куыстытæ чи кодта, уыцы службæгæнджытæн дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.