РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадыл сæххæст дæс азы

2008 азы Хуссар Ирыстоны территорийыл  цы трагикон цаутæ цыд, уыдон рох никæмæй сты. Нæ зæрыл лæууы уый дæр, æмæ нæм фыццаг æххуысмæ чи фæзынд, уыдон кӕй уыдысты Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрад йæ уæды министр Сергей Шойгуйы сæргълæудæй. Министрады дæлхæйттæ куыстой æмæ æххуыс кодтой куыд медицинон фадыджы, афтæ хъыгдард баййафæг районты цæрджытæн дæр. Сорганизаци кодтой палаткæтæй госпиталь, цæфты истой, лигъдæтты бынатмæ ластой,  æххуыс кодтой æххуысхъуаг æмбæстæгтæн.

Раст уыцы рæстæджы райгуырд бынæттон ирвæзынгæнæн службæ саразыны идейæ. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад саразыны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахаста, уæды УФ-йы министр Сергей Шойгу, УФ-йы министрады Централон аппарат æмæ Цæгат Кавказы УФ-йы Уæлвæткон уавæрты регионалон хайад. Организаци æрцыд Уæлвæткон уавæрты штатон структурæ æмæ афтæмæй этапгай арæзт цыд ведомство. Йæ фыццаг министрæй нысан æрцыд бæстæйы ныры Президент Бибылты Анатоли. Уæдæ ацы министрад йæ къахыл слæууын кæнын, йæ æвæджиаг хæстæ æххæст кæнын æмæ биноныг кæнын баст сты ацы адæймагыл. Уыцы хъуыддаг дарддæр кæнæм мах ныртæккæ.

Æмхæццæ Фидауынгæнæг тыхтæ куы ныппырх сты, уый фæстæ кусын райдыдтон ацы министрады  Оперативон  хъусдарды хайады сæргълæууæгæй. Цыдæриддæр документаци хъуыд министрад саразынæн, уыдон цæттæ цыдысты уæды уæрæсейаг коллегæтимæ. Ныртæккæ Уæлвæт-кон уавæрты министрад у профессионалон цæттæ дæлхай йæ архайды алы здæхты дæр.

Уæрæсейаг коллегæты руаджы министрады кусджытæ æдзух сæ профессионалон æвзыгъддзинæдтæ бæрзонд кæнынц Уæрæсейы размæдзыд уæлдæр ахуыргæнæн-дæтты æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады центрты. Иттæг хорз цæттæ у ирвæзынгæнæн службæ, хæххон ирвæзынгæнджытæ нымад сты Цæгат Кавказы  иууыл хуыз-дæрыл. Уый бирæ хæттыты банысан кодтой цæгаткавказаг ирвæзынгæнджыты хайады.

Иркутскы ахуырадон центрмæ ахуыр æмæ бацæттæ кæнынмæ цалдæр хатты æрвыст æрцыдысты дæлдондзогтæ. Уымæй дарддæр ма министрады ис специалисттæ, кæцытæ архайынц  хæлæн æрмæджытæ сбæрæг æмæ сæдас кæныныл. Уыдон сты сапертæ, кæцытæ æрвылкъуыри дæр цæуынц республикæйы районтæм æмæ 2008 азы августæй баззайгæ минæтæй æдас кæнынц территоритӕ. Уыдон ныр æртæ азы кæнынц æнгом куыст, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрадты æхсæн бадзырдмæ гæсгæ, ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер»-ы къордимæ. Ацы куыст дарддæр уагъд цæудзæн фидæн азы дæр, уымæн æмæ республикæйы территори хæлæн æрмæджытæй кæронмæ сыгъдæг нæма æрцыд.

Цы зындзинæдтæ æвзæрста министрад йæ сырæзтæй фæстæмæ.

Министрады сырæзтæй иууыл вазыгджындæр уыд министрады дæлхæйттæ æмæ службæты организаци кæнын, афтæ профессионалон кусджытæ æмбырд кæнын. Уый къухы бафтыд лæмбынæг куыст æмæ ахасты фæрцы.

Алы ахуырадон уагдæтты адæм массон æгъдауæй кæм æмбырд кæнынц, уыдон, стæй паддзахадон уагдæттæ, æрвылаз дæр бæрæг цæуынц зынгсирвæзтæй æдасдзинады тыххæй.

Уæлвæткон уавæрты министрадæн æнæмæнгхъæуæг техникæ амал кæныны фæдыл финансон æххуыс йæ рæстæджы бакодта Æмбæстагон хъахъхъæнынады дунеон организаци. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг та министрадæн бантыст УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министр Сергей Шойгу  æмæ РХИ-йы уæды Уæлвæткон уавæрты министр Бибылты Анатолийы руаджы.

Раппæлæн ис кусджыты оперативондзинадæй.

Министрады ‘рдыгæй оперативон хъусдард ис æмбæстæгты сидтытæм æмæ кӕцыфæнды æрцæугæ цаутæм. Архайæм, цæмæй тагъддæр бахæццæ уой æрцæугæ цауы бынатмæ. Зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджыты æмбаргæ архайды руаджы, рæстæгыл иуварс æрцыдысты тынг бирæ тӕссаг уавӕртӕ  æмæ уагъд не ‘рцыдысты трагикон цаутæ. Кусджыты профессионализмыл дзургæйæ та æрвылбон дæр уагъд цæуынц ахуыртæ æмæ æрвылаз та дæттынц нормативтæ.

Студенттæй райгонд у министрад

Ацы уагдон йæ сырæзтæй фæстæмæ æрвылаз дæр абитуриенттæ æрвиты ахуырмæ. Фыццаг цыппар лæппуйы ахуырмæ акодта Сергей Шойгу йæхæдæг, Зынгсирвæзты ныхмæ службæйы æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады академитæм.

Ацы аз Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты эксперттæ зынгсирвæзтæй æдас кæныны фæдыл экспертон лабораторийæ. Уыдон сæ фæлтæрд-дзинад амыдтой хуссарирыстойнаг кусджытæн, уымæн æмæ махмæ нæ уыд квалификациджын специалисттæ, кæцытæ рабæрæг кодтаиккой зынгсирвæзты бынӕттæ æмæ сæ аххосæгтæ.

Хуссарирыстойнаг курсанттæм уæлдæр ахуыргæнæндæтты къухдариуæгад æмæ РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады ‘рдыгæй ис аудгæ ахаст. Уымæн æмæ уыдон се ‘ппæт дæр æрæздæхынц бæрзондквалификациджын специалисттæй æмæ ифтонг цæуынц куысты  бынæттæй. Уыдон руаджы бæрзонддæр кæны, цы дæлхæйтты службæ кæнынц, уыцы сæрмагонд сконды цæттæдзинады æмвæзад. Уæрæсейы ацы уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ нæ министрадæн ис хъарм ахастытæ æмæ семæ кæнынц æмгуыстад. Ныртæккæ Уæлвæткон уавæрты министрады хаххыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыр кæны 16 адæймаджы, фæстæмæ та дзы æрæздæхт 8.

Бæстонкæнинаг хъуыддæгтæ

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадты сæргълæуджытæ Бибылты Анатоли æмæ Владимир Путины  бахæсмæ гæсгæ активон куыст цæуы уæлвæткон уавæрты рæстæджы паддзахадон материалон резерв саразыныл. Уыцы программæ реализаци цæудзæн æртæ азы дæргъы. Ацы аз бæстон цæудзæн æнæмæнгхъæуæг  документаци  саразыны хъуыддаг, фидæн аз та проектон-сметæйон документаци, уый фæстæ æрæвнæлдæуыдзæн æфтауцдæттæ аразынмæ æмæ уыдон уæлвæткон уавæрты рæстæджы хъыгдардбай-йафæг цæрджытæн æппæт æнæ-мæнгхъæуæг фæрæзтæй сифтонг кæнынмæ.

Уымæй дарддæр ма реализаци цæуы дыууæ бæстæйы сæргълæу-джыты  ноджы иу  хæс санитарон авиацийы фæдыл. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрадты бадзырдмæ гæсгæ ныридæгæн документты пакет ис УФ-йы хицауады. Æмæ цалынмæ вертолет æлхæд не ‘рцæуа æмæ йын бынат цæттæ цæуа, уæдмæ экстренон уавæрты Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад ифтонг кæндзæн вертолетæй.

Арфæтæ æмæ фæндиæгтæ бæрæгбоны къæсæрыл

Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд скон-дæн сæ бæрæгбоны цытæн арфæ кæны Тадтаты Алан:

«Уадз, нæ зæххыл уæд къаддæр уæлвæткон цаутæ, тыхст æмбæс-тæгты фæдисы хъæр. Мæ коллегæтæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй цæттæ уой цыфæнды уавæрмæ дæр, уой профессионалтæ, æмæ æппæт дæр аразой – гæнæн цæмæн ис æмæ цӕмӕн нæй, адæймаджы фервæзын кæнынæн æмæ уæлвæткон уавæртӕ иуварс кæнынæн. Уый тыххæй махмæ ис æппæт фæрæзтæ æмæ тыхтæ дæр.

Бинонты фæрныгад, амондджын æмæ зæрдæрухс бæрæгбонтæ, кæддæриддæр, цы нысан кæнæм, ахæм арфæ нæ уæд!»

Республикæйы алы районы дæр ис зынгсирвæзты ныхмæ тох кæнын æмæ ирвæзынгæнæн хæйттæ, цыран кусынц бынæттон цæрджытæ. Æмткæй сисгæйæ Хуссар Ирыстоны ис  авд ахæм хайы  – горæт Цхинвалы, Знауыр, Ленингор æмæ Дзауы поселокты, горæт Къуайсайы, Орчъосан æмæ уæллаг Ручъы хъæуты.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.