Интеллектуалон исбонады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы федералон службæ официалонæй срегистраци кодта «Ирон фæндыр»-ы ном. Уый тыххæй хъусын кæны медицинон зонæдты доктор, зынгæ хирург Куыдаты Хъазбег. Патенты хицауæй бацамынд æрцыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурæйы министрад æмæ авторæй та – Уæрæсейы адæмон артист Гæздæнты Булат.

«Национ æрдæгтоннæйон фæндыр нырыккон хуызы фыццаг хатт арæзт æрцыд 1958 азы Гæздæнты Булаты эскизтæм гæсгæ. Сарæзта йæ зынгæ дæсны Виктор Панасенко. Адæмы ‘хсæн фæндыр райста «полутонка»-йы ном. Ахæм хуызы ацы фæндыр апарахат æппæт Кавказы. Ныр махæн ис патент æмæ уый у бæрæгбон æнæхъæн Ирыстонæн», – загъта Куыдаты Хъазбег.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæ патент райсыны тыххæй бахъуыд экспертизæтæ уадзыны сæр æмæ сын æнæхъæн азы дæргъы та Роспатенты минæвæрттимæ уыдысты æппынæдзухон контакты.

Ацы бонты «Ирон фæндыр»-ы номы патент лæвæрд æрцыд зынгæ ирон фæндырдзæгъдæг Гæздæнты Булатмæ. Роспатенты ирон фæндыры срегистрпаци кæныны тыххæй документтæ æмбырд æрцыдысты доктор Куыдаты Хъазбеджы хъæппæрисæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.