Хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ рæхджы аргъгæнджытæ уыдзысты, Туаты Дауыты пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Пæсæйы фæндон»-æн, кæцы йæ рæстæджы нымад цыдис нæ театры хуыздæр спектаклтæй сæ иуыл æмæ йæм стыр æхсызгонæй цыдысты театрдзаутæ.

2019 азы нæ театр æмæ Тæбæхсауты Балойы номыл цæгат-ирыстойнаг паддзахадон акаде-мион театры къухдариуæгад сæ къухтæ бафыстой Æмгуыстады фæдыл бадзырдыл, кæцыйы фæлгæтты дыууæ театрæн сæ бон у сæ куысты фæдыл кæрæдзийæн æххуыс кæнын. Ацы бадзырды фæлгæтты режиссер Цæриаты Валери Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры æвæры Туаты Дауыты пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль, музыкалон комеди «Пæсæйы фæндон». Ацы спектаклы ролтæ сæххæст кæндзысты, хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн хорз зонгæ чи сты, уыцы артисттæ. Уыдон сты: Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисттæ Хаситы Сослан, Уанеты Эдуард, Гаглойты Артур, Чохели Натиа, адæмон артисткæ Гæджиты Ингæ, афтæ ма Дыгъуызты Иринæ, Мæргъиты Ингæ æмæ æндæртæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй спектакль «Пæсæйы фæндон» фæнд кæнынц адæмы рæгъмæ мæйы кæрон рахæссыныл. «Ацы спектакль ма раджы дæр, 50-æм азтæй 70-æм азтæм æвæрд цыдис нæ театры сценæйыл æмæ йæм стыр æхсызгонæй цыдысты адæм. Уæд ацы спектаклы сæйраг ролтæ æххæст кодтой уæды рæстæджы зындгонд артисттæ. Бирæ азты дæргъы Мысырханы роль æххæст кодта адæмы уарзон артисткæ Цоциты Нинæ. Абон дæр ма йæ тынг хорз хъуыды кæнынц хистæр кары адæм æмæ йæ æрымысынц. Фæстаг хатт ма 1989 азы уыд нæ театры репертуары æмæ та нæ театры къухдариуæгады бафæндыд йе сног кæнын. Ныр ацы спектакль сæвæрыныл кусы Цæриаты Валери æмæ йæм стыр æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсæм. Ноджы та ацы спектаклæй фæхъæздыгдæр уыдзæнис нæ театры репертуар, æмæ та бахъæлдзæг кæндзыстæм театрдзауты зæрдæтæ классикон премьерæйæ. Пьесæ йæхæдæг у классикон æмæ аккаг бынат ахсы нæ национ драматургийы. Нæ театры къухдариуæгады фыццаджыдæр фæнды, цæмæй не ргом фылдæр аздахæм национ драматургимæ, уымæн æмæ сты, адæмæн пайда чи ‘рхæсса, уый аккаг, кæцытыл раздæр дæр хъомыл кодтой Ирыстоны дзыллæтæ», – банысан кодтой пресс-службæйы.

 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.