Ирон адæм сæ историйы дæргъы сфæлдыстой хъæздыг музыкалон культурæ æмæ йын ис йæхи хъæздыг традицитæ, йæхи сæрмагонд миниуджытæ. Рагзамантæй фæстæмæ цæрыны фадæттæ куыд хуыздæр кодтой, афтæ адæмы царды сæхи тынгдæр зонын кодтой кæфтытæ, зарджытæ æмæ цæгъдтытæ. Куыд кафты æмæ зарды, афтæ цæгъдтытæ дæр комкоммæ æвдыстой нæ куырыхон фыдæлты фидар цæрдхъом æмæ сыгъдæг удыхъæд, сæ аивадон хъомыс.

Ирон адæммæ цы музыкалон инструменттæ ис зындгонд, уыдонæй æппæты фыццаг фæзынд фыййауы уадындз. Уый мах уынæм Нарты кадджыты Ацæмæзы къухы. Нæртон Ацæмæзы уадындзы цагъд уæлæрвтæм хъуыст, хъуыстой йæм зæдтæ æмæ дауджытæ, æмбырдтæ кодтой йæ алыварс мæргътæ æмæ сырдтæ. Мæнæ цы фыссынц Ацæмæзы тыххæй Нарты кадджыты:

«Ныр, дам, Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз рахаста йемæ йæ фыды хæзна – Сауæфтыд уадындз. Сау хохмæ схызт æмæ йæ уадындзæй зарынтæ байдыдта. Ацæмæзы зардмæ уæд сæрджын сагтæ уасын байдайынц сæ галхъæлæстæй. Фæлвæрайы фос фæтæн быдырты куы рацæуынц стыр дзугтæ-дзугтæй чысыл Ацæмæзы диссаджы цагъдмæ… ферох-иу сты йæ цагъдмæ дунейы хъыгтæ æмæ мæстытæ. Тугдзых сырдтæй сæ тугмондаг рох кодта, фыдзæр-дæ адæмтæй та – фыдгæнды хъуыдытæ. Хæцгæ-цæугæ низтæ æмдзу кодтой хæсты тымыгътимæ, æмвæндæй цагътой адæмты, уæддæр Ацæмæзы уадындзы мыртæ ныфс уагътой адæмты зæрдæты æмæ цард уæлахиз кодта сау мæлæтыл».

Уадындз кæд иууыл рагондæр музыкалон инструмент уыдис, уæддæр æнусты дæргъы æмдзу кодта ирон адæмимæ æмæ дзы абон дæр пайда кæнынц. Уæдæ кæцы хæххон фыййау нæ сарæзтаид хуымæтæджы уадындз æмæ-иу, бæрзонд рындзæй фæлгæсгæйæ, чи нæ самадтаид зæрдæхцон цагъд.

Нæртон адæммæ фæндыр дæр кæд æмæ цы уавæрты фæзынди, уый бæрæгæй зыны Нарты кадджыты. «Бавнæлдта Сырдон æмæ йæ хистæр фырты цонджы стæджытæй фæндыр сарæзта. Иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй фæндырæн скодта дыууадæс тæны йæ буц хъæбулты стæгдары цур æмæ дзы сцагъта, афтæмæй ныкуыдта, ныхъхъарæг кодта. Бæстæ йæхимæ æрыхъусын кодта. Ныхасы адæм сæ сæртæ æруагътой æмæ ныкуыдтой: усæй, лæппуйæ, стырæй, чысылæй.

Ирон адæмы музыкалон аивады зынгæ бынат ахста хъисфæндыр. Кадджын уыдысты хъисфæндыртæ ирон адæммæ. Цагътой сæ нæлгоймæгтæ. Лæгджын хæдзары, зæгъгæ, хъисфæндыр нæй, уæд ахæм хæдзар кадджын хæдзарыл нымад нæ цыдис. Бинонтæ мæрдджын не сты, уæд сæ зæлланг хъуыстис изæрыгæтты, нывæстой зарджытæ æмæ кадджытæ. Хъисфæндыры цагъд абон дæр айзæлы Ирыстоны къуымты.

Ирон адæм ма пайда кодтой æндæр æмæ æндæр музыкалон инструменттæй дæр. Зæгъæм, далафæндыр æмæ лалым уадындз. Далафæндыр дæр иннæ фæндыртау арæзт уыд хъæдæй, йæ тæгтæ та – бæхы хъисæй. Лалым фæндыр та арæзт уыд цармæй æмæ йæ цæгъдыны агъоммæ хъуыд дымсын. Фæстагмæ фæзынд тæнджын фæндыр æмæ аккаг бынат æрцахста нæ адæмы культурон царды. Кæцы чындзæхсæв, куывд кæнæ æндæр цины хъуыддаг рафидаудзæн æнæ ирон фæндыр. Кæцы хæдархайгæ кæнæ профессионалон аивадон коллективы артисттæ равдисдзысты сæ арæхстдзинад æнæ ирон фæндырæй.

Ирон фæндыр æнусты дæргъы немæ æмдзу кæны, у нæ царды æмбæлццон æмæ цалынмæ ирон æвзагыл дзурæг уа, уæдмæ дзы никуы фæхицæн уыдзæнис. Гъе, фæлæ уый йæхæдæг иунæгæй, хицæнæй нæ уæвдзæнис, куынæ йæ уа саразæг, куынæ йыл уа цæгъдæг, уæд. Ирон фæндыр аразынмæ чи рæхсы, ахæмтæ дæр ис Хуссар Ирыстоны æмæ уый хорз хъуыддаг у. Уыдон цард радтынц ног æмæ ног фæндырæн, афтæмæй æрзилынц Ирыстоны къуымты, куывдты, чындзæхсæвты, гастролты сæ семæ фæсарæнтæм ахæссынц аивады дæснытæ.

Афтæ ивта ирон фæндырæн йæ ном æмæ йæ арæзт дæр. Фæлæ куыд фæнды ма ивтаид, уый кæддæриддæр æвдыста, чи дзы цагъта, чи йæм хъуыста, уыдоны зæрдæйыуаг, змæлын сын кодта сæ зæрдæты рæбинаг тæгты онг. Æгæрыстæмæй, ирон адæмы генион поэт Хетæгкаты Къоста дæр йæ уаз номæй рахуыдта йæ чиныг «Ирон фæндыр».

Поэт Цæгæраты Гиго та ирон фæндыры тыххæй йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыссы: Ацы фæндыры руаджы тайы судзæггаг маст. Ацы фæндыры руаджы тайы зæрдæйы маст.

Уæдæ ирон фæндыр йе сфæлдисаг адæмау дæрзæг фæндæгтыл рацыдис, фæлæ сæ никуы фæхицæн. Уæвы абон дæр се ‘хсæн æмæ арæхстджын æнгуылдзтæ, йе ‘взæгтыл рог æрсимынц æмæ сæ кæлæнгæнæг зæлтæй мингай зæрдæты, йæ ахæсты æппаргæйæ, цæры не ‘хсæн æмæ цæрдзæнис нæ фидæны фæлтæртимæ дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.