Ирон адæмимæ æмдзу чи кæны, уый — ирон фæндыр. Незамантæй фæстæмæ семæ цард æмæ сын сæ цинтыл зарджытæ кодта, сæ хъыгтыл та — хъарджытæ. Уый мах уыдтам Нарты хъайтарты къухы. Уымæй цагъта Къостайы Хъуыбады кæрдзыны мурыл æмæ адæмæн æхцондзинад хаста. Кæддæр арфа хуындис, стæй хъисфæндыр, хуыдтой йæ далафæндыр дæр, абон та — тæнджын фæндыр. Фæлæ йæ ном, афтæ ма йæ арæзт дæр куыдфæнды ма ивтаиккой, уæддæр уый æвдыста йæ цæгъдæджы, йæ хъусджыты зæрдæйыуаг, змæлын сын кодта сæ зæрдæты рæбинаг тæгты онг. Йæ уаз номæй рахуыдта Къоста йæ генион чиныг «Ирон фæндыр» дæр.

Фыдæлтæй фæстæмæ дæр ирон адæймаг — нæлгоймаг уыдаид æви сылгоймаг, хорз арæхстис кафын-зарынмæ. Уыдон та тынг нæ ахадыдтой æнæ музыкæйæ æмæ мысыдысты, арæзтой алыгъуызон цæгъдæн дзаумæттæ. Æвæццæгæн сын сæр чи æрæвæрдта, уый уыдис фыййауы уадындз. Нæртон Ацæмæзы уадындзæй цагъдмæ, æгæрыстæмæй, æмбырдтæ кодтой æмæ-иу æм хъусынтыл фесты æппæт сырдтæ дæр. Ферох-иу сты йæ цагъдмæ, дунейы хъыгтæ æмæ мæстытæ, тугдзых сырдтæй сæ тугмондаг рох кодта, фыдзæрдæ адæмæй та — фыдгæнды хъуыдытæ. Хæцгæ-цæугæ низтæ æмдзу кодтой хæсты тымыгътимæ, æмвæндæй цагътой адæмы, фæлæ Ацæмæзы уадындзы мыртæ ныфс уагътой адæмты зæрдæты æмæ цард уæлахиз кодта сау мæлæтыл. Уадындз кæд иууыл рагондæр музыкалон инструмент уыдис, уæддæр æнусты дæргъы фæцыдис ирон адæмимæ æмæ дзы абон дæр пайда кæнынц. Æгæрыстæмæй-иу алы ирон хæххон фыййау дæр сарæзтаид уадындз æмæ-иу бæрзонд рындзæй фæлгæсгæйæ, самадта зæрдæхцон цагъд. Уæдæ, Нæртон адæммæ фæндыр дæр кæд æмæ цы уавæрты фæзындис, уый Нарты кадджыты бæрæгæй зыны. Сырдон йæ судзгæ маст уагъта, йæ сывæллæтты зæрдæйы уидæгтæй цы дыууадæстæнон фæндыр сарæзта, уымæй цæгъдгæйæ. Бæстæ йæхимæ æрыхъусын кодта, цъæх арв йæ куыдмæ цæстысыг калдта, Сырдоны мастыл ныууынæргъыдта. Уæд хъæды сырдтæ дæр сæ цуан фæуагътой æмæ æнкъардæй зæхмæ ныхъхъуыстой иумæ. Мæргътæ дзыгуыртæй тахтысты йæ сæрмæ æмæ Сырдонау куыдтой, дзынæзтой. Ныхасы адæм дæр сæ сæртæ æруагътой æмæ ныккуыдтой усæй, лæппуйæ, стырæй чысылæй.

Гъе, ахæм зæрдæмæхъаргæ уыдысты Сырдоны къухæй рацæугæ фæндыры зæлтæ.

Ирон адæмы музыкалон аивады зынгæ бынат ахста хъисфæндыр. Кадджын уыдысты хъисфæндыртæ ирон адæммæ. Цагътой сæ нæлгоймæгтæ. Лæгджын хæдзары, зæгъгæ, хъисфæндыр нæ уыд, уæд ахæм хæдзар кадджын хæдзарыл нымад нæ цыдис. Бинонтæ мæрдджын не сты, уæд сæ зæлланг хъуыстис изæрыгæтты, нывæзтой зарджытæ æмæ кадджытæ. Хъисфæндыры цагъд абон зæлы Ирыстоны къуымты.

Ирон адæм ма пайда кодтой æндæр æмæ æндæр музыкалон инструменттæй дæр. Зæгъæм, далафæндыр æмæ лалым уадындзæй дæр. Далафæндыр дæр, иннæ фæндыртау, арæзт уыд хъæдæй, йæ тæгтæ та бæхы хъисæй. Лалым фæндыр та арæзт уыд цармæй æмæ йæ цæгъдыны агъоммæ хъуыдис дымсын.

Азтæ куыд цыдысты, афтæ фæзынд ирон тæнджын фæндыр æмæ аккаг бынат æрцахста нæ адæмы культурон царды. Кæцы чындзæхсæв, куывд, кæнæ æндæр цины хъуыддаг рафидаудзæн æнæ ирон фæндыр. Кæцы хæдархайгæ кæнæ профессионалон аивадон коллективы артисттæ равдисдзысты сæ арæхстдзинад æнæ ирон фæн-дырæй.

Ирон фæндыр, йе сфæлдисæг адæмау, дæрзæг фæндæгтыл рацыд, фæлæ сæ никуы фæхицæн. Арæхстджын æнгуылдзтæ йе `взæгтыл рог æрсимгæйæ æмæ йæ кæлæнгæнæг зæлтæй мингай зæрдæты йæ ахæсты æппаргæйæ, цæры æмæ цæрдзæнис нæ фидæны фæлтæртимæ. О, фæлæ, уый йæхæдæг иунæгæй нæ уæвдзæнис, куынæ йæ уа аразæг æмæ цæгъдæг, уæд. Ирон фæндыр аразынмæ чи арæхсы, ахæмтæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дæр цалдæр адæймаджы ис æмæ уый хорз хъуыддаг у.

Бестауты Валя