Советон Цæдисы ныппырхы фæстиуæгæн иууыл стырдæр зиæнттæ æрцыд Хуссар Ирыстоны адæмыл. Хæст райтынг ис нæ зæххыл, раууатмæ æрцыд нæ экономикæ. Уыдæттæм ма бафтыд стыр зæххæнкъуыст дæр. Уыцы дуджы, кæд Уæрæсе йæхæдæг дæр хуыздæр уавæры нæ уыд æмæ мах дæр иппæрдæй аззадыстæм, уæддæр нæ нæ уæззау хъысмæты æвджид нæ ныууагъта. Уый руаджы нæ зæхмæ æрцыд сабырад, кæд сындæггай, уæддæр цард йæ гаччы бадт. 2008 азы августы хæсты фæстæ Уæрæсейы æфсады руаджы нæ адæм сæрибарæй сулæфыдысты. Йæ хæдфæстæ нын Уæрæсе банымадта нæ хæдбардзинад. Ацы историон цауæй дæр рацыд чысыл рæстæг æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн къухтæ æрфыстæуыд Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй бадзырдыл. Уæдæй фæстæмæ, зæгъæн ис, нæ царды хуыздæрæр-дæм цæуын райдыдтой цæхгæр ивындзинæдтæ. Хицæн æмæ хицæн азтæн бакуыст æрцæуы республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ, кæцымæ хаст æрцæуынц ахсджиаг социалон æмæ экономикон нысаниуæджы объектты арæзтад. Арæзт та цæуынц Уæрæсейы финансон æххуысы руаджы.

Фæстаг Инвестпрограммæмæ цы объекттæ хаст  æрцыдысты, уыдонæй сæ иу у «Зæронд хид» кæй хонæм, уый бынаты ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм хид саразын. Фæлæ ацы фарсты фæдыл не ‘хсæнады хъуыды дыууæ дихы фæцис. Иуты фæнды, чи хæлы, уыцы зæронд хиды бынаты ног хид сырæза, æндæртæ та хуыздæрыл нымайынц реконструкци æрцæуа æмæ йæ бахъахъхъæнæм йæ ныры хуызы.

Ам зæгъын æмбæлы, ацы хид фыццаг объект кæй нæу нæ горæты, кæцыйы тыххæй фарст æвæрд цыдис ахæм хуызы. Хидæй дарддæр ма нæ горæты уыдис къорд зæронд бæстыхайы, кæцытæн уыд историон æмæ архитектурон нысаниуæг. Фæлæ, хъыгагæн, рæстæджы, хæсты, зæххæнкъуысты æмæ адæймагæн йæхи аххосæй дæр, ныр уыдонмæ нал акæсдзыстæм, нал сыл схæцдзæнис цæст. Цæвиттон, эксплуатаци кæнынæн нал сбæззыд кинотеатр “Ирыстон” æмæ пырх æрцыд. Хæсты азарæй басыгъд нæ паддзахадон университеты сæйраг корпус. Кæд хæсты азарæй нæ, уæддæр басыгъд нæ паддзахадон драмон театры бæстыхай дæр. Уыдоны тыххæй дæр дзырд цыдис, цæмæй реставраци æрцæуой æмæ бахъахъхъæд æрцæуа сæ раздæры архитектурон хуыз. Æгæрыстæмæй театры æмæ университеты бæстыхæйтты æндидзын кæнын дæр райдыдтой, æххæст сæ æрцыд дзæвгар куыстытæ, фæлæ уæддæр фæстагмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй пырх æрцæуой æмæ сæ бынæтты ног бæстыхæйттæ сырæзой. Æмæ зæронд университеты бæстыхайы бынаты сырæзт нырыккон рæсугъд бæстыхай, цыран æппæт фадæттæ дæр ис ахуыр кæнынæн. Зæронд театры бынаты та сырæзт йæ халдих фасадимæ ног бæстыхай, кæцы нымад у Цæгат Кавказы театрты хуыздæр бæстыхæйттæй сæ иууыл.

Бирæ быцæу ныхас цыдис театры бæстыхайы фарсмæ ног уазæгдон “Ирыстон”-ы тыххæй дæр. Бирæтæ уыдысты зæронд бæстыхай бахъахъхъæныны æвварс. Афтæмæй та бæстыхай базæронд æмæ дзуапп нал лæвæрдта абоны домæнтæн. Ныр йæ бына-ты аивæй лæууы нæ цæстыты раз ног уазæгдон раздæры бæстыхайы халдих æмæ ног цæмæн сы-рæзт, уый тыххæй ничиуал дзуры. Ныр та æрбалæууыд Зæронд хиды рад. Йæ бахъахъхъæныны тыххæй бирæтæ кæй дзурынц, уый дæр æмбæрстгонд у. Нæ горæты бирæ ницыуал ис, хæдхуыз архитектурон стилыл арæзт объекттæ æмæ алкæй дæр фæнды ахæм объекттæ – цыртдзæвæнтæм кæсын. Гъе, фæлæ ахæм объект эксплуатацийæн куынæуал бæзза, тасдзинад куы æвзæрын кæна, уæд цы бачындæуа?

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ арæзтады къабазы раздæр нæхимæ кæй уыдис сæ хъуыддаджы дæснытæ. Уыдоны разамындæй арæзт цыдысты нæ горæт æмæ хъæуты æндæр æмæ æндæр объекттæ, хидтæ, фæндæгтæ. Зæронд хиды хъысмæты тыххæй мах ныхас кодтам, ацы хъуыддаджы стыр фæлтæрддзинад кæмæ ис, нæ уыцы æмбæстаг Гаглойты Аликимæ. Уый æнтыст-джынæй каст фæцис Мæскуыйы автомобилон фæндæгты арæзтады институт æмæ йæ райгуырæн бæстæм куы æрыздæхт, уæдæй суанг цалынмæ цард нæ сызмæст, уæдмæ арæзта фæндæгтæ, хидтæ, æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ  куыд нæ горæты, афтæ хъæуты дæр.

Зæронд хиды арæзтады тыххæй та Аликы хъуыды у ахæм: “Зæронд хид арæзт æрцыд, уартæ ма адæм бричкæтыл куы цыдысты, уыцы рæстæджы. Тынг рагон у æмæ йыл дзырд дæр нæй, уый æнæмæнг кæй хъæуы ныппырх кæнын æмæ йæ бынаты ног саразын. Уый бæрц дæр куыд фæлæууыд, уый диссаг у, уымæн æмæ хид æрмæстдæр лæууы 100 азы бæрц, стæй йæ домæнтæн дзуапп нал фæдæтты. Уыцы хид та арæзт æрцыд Октябры революцийы агъоммæ. Æмæ махæй алчи дæр хъуамæ æмбара, цард раз-мæ кæй цæуы æмæ алцы дæр зæронд кæй кæны. Кæддæр сæ æмгъуыд æрцæуы, нæхи къухтæй кæй саразæм, уыцы объекттæн дæр. Зæронд хид дæр тæссаг уа-вæры ис æмæ йæ æнæ радзур-бадзурæй хъæуы ногæй аразын. Фæлæ æз базонгæ дæн ног хиды арæзтады проектимæ æмæ мæ фæнды уый тыххæй дæр мæ фиппаинаг зæгъын. Цæвиттон, хидыл æвæрд æрцæудзæнис, йæ дæргъ 18 метры кæмæн уыдзæнис, ахæм балкæтæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ та хорз уаид, цæмæй дзы æвæрд æрцæуа, йæ дæргъ 24 метры кæмæн уа, ахæмтæ. Уæд цæмæн? Уымæн æмæ зæронд хид дæр йæ рæстæджы раст арæзт не ‘рцыд æмæ дыууæ хатты стыр донивылды рæстæджы хиды могойы иувæрсты акалд æфсæддон къамисариаты ‘рдæм. Ныр ацы проекты хиды фæтæн йæхæдæг у 11 метры бæрц, фæлæ Леуахи кæм цæуы, уый суын-гæг кодтой æмæ дон куы раивыла, уæд хиды бынты зынтæй кæлдзæнис. Мæ зæрдæмæ ма нæ цæуы уый тыххæй дæр æмæ йын хъуамæ арæзт æрцæуа регуляцитæ доны хиды бынмæ здахыны тыххæй. Уыдонмæ эстетикон цæстæй куы акæсай, уæд хиды фыдуынд кæндзысты. Зæгъдзынæн ма уый, æмæ Дзауы районы Хуыцъейы хъæумæ хид мæ арæзт у. Йæ проектмæ йын куы æркастæн, уæд уым дæр уыд, йæ дæргъ 18 метры кæмæн уыд, ахæм балкæтæ. Фæлæ проектгæнæгимæ куы аныхас кодтон, уæд æй фæивтам æмæ дзы сæвæрдтам йæ дæргъ 24 метры кæмæн уыд, ахæм балкæтæ.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, зæронд хид ныры проектмæ гæсгæ арæзт куы æрцæуа, уæд раст нæ уыдзæнис. Хид пырх кæныны рæстæ-джы та бахъахъхъæнын хъæуы донуромæн дойнагдурæй амад къул. Уый арæзт æрцыд нæ фы-дæлты къухæй æмæ абоны бон-мæ дæр у тынг фидар. Реставраци куы æрцæуа, уæд ноджыдæр    рафидаудзæнис. Проекты цы цух-дзинæдты тыххæй дзурын, уыдон рараст кæнын, мæнмæ гæсгæ, афтæ зын нæ уыдзæнис. Уымæн æмæ ахæм балкæтæ  нæхимæ, ам бынаты дæр саразын зын нæ уыдзæнис” – зæгъы Гаглойты Алик.

Уæдæ, нæ уац райдыдтам, Уæрæсе нын цы æппæтфарсон æх-хуыс кæны, уымæй. Йæ финансон æххуысæй план цæуы ног хид саразын дæр. Зæронд хид фæлæггад кодта, цы æмбæлд, уымæй фылдæр рæстæджы. Фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ нын æнустæм фæлæггад кæндзæнис. Ницы ис æнусон а-дунейы. Æмæ хъуамæ равзарæм, чи кæлæддзаг кæны, дыууæ машинæйы кæрæдзийы фæрсты кæуыл нæ хизынц, уый уæва æви йæ бынаты ног, уæрæх, аив хид сырæза.

Гаглойы-фырт цæйау загъта, цард размæ цæуы, ныридæгæн нæ горæты машинæтæй азмæлæн куынæуал ис, уæд зæронд хид куыд дæтдзæнис дзуапп машинæты æмæ фистæгæйцæуджыты домæнтæн. Стæй йæ аразынæн ныр цы фадат фæзынд, ахæм ма, чи йæ зоны, æмæ кæд фæзындзæн. Æмæ, зæгъæм аразинаг фæцис, уæд æй нæхи тыхтæй сараздзыстæм?

Нæ хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы байхъусын специалистмæ, хиды абоны уавæр  махæй хуыздæр чи зоны, уыдонмæ æмæ скъуыддзаг æрцæуа ацы фарст. Гаглойты Алик у, йæ хъуыддаг уæлæнгай нæ, фæлæ бындуронæй чи зоны, ахæм специалист æмæ ахæмтæй спайда кæнын хъæуы нæ размæцыды хæрзиуæгæн, уымæн æмæ нæм ахæм специалисттæ афтæ арæх не сты.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.