Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады иуæй-иу акттæ сæ тыхы бацæуыны æмгъуыдты ивындзинæдты тыххæй

 «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитеты структурæ æмæ кæройнаг штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2010 азы 6 августы №79 Уынаффæ æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарды фæдыл комитеты структурæ æмæ кæройнаг штатон нымæц сфидар кæныны тыххæй» æмæ «Паддзахадон бюджетон уагдон «Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центр» саразыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2020 азы 22 январы №5-р æмæ №6-р Уынаффæтæ сæ тыхы бацæуыны æмгъуыд хаст æрцæуæд 2020 азы 1 мартæй 2020 азы 1 маймæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.