«Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент  уынаффæ кæны:

  1. Райст æрцæуæт «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон.
  2. Ацы закъон æрвыст æрцæуæт Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ къухтæ йыл æрфыссыны æмæ йæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.
  3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

г. Цхинвал,

2022 азы 28-æм февраль

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

«Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Статья 1

«Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй» 2019 азы 17 декабры райстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ хаст æрцæуæд ахæм ивындзинæдтæ:

1) 9-æм статьяйы 1-аг хайы

а) 3-æм пункты ныхæстæ «æртæ азы онг» ивд æрцæуæд ныхæстæй «фондз азы онг»;

б) 6-æм пункты ныхæстæ «600 мин сомы» ивд æрцæуæд ныхæстæй «800 мин сомы».

Статья 2

Ацы закъон йæ тыхы цæуы официалонæй мыхуыры рацæуыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2022 азы 2 март

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАРЛАМЕНТЫ УЫНАФФÆ

«Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

«Бюджетон арæзт æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 138-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Райст æрцæуæт Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон «Бюджетон арæзт æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 138-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй».
  2. Ацы закъон æрвыст æрцæуæт Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ къухтæ йыл æрфыссыны æмæ йæ ныммыхуыр кæныны тыххæй.
  3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

г. Цхинвал,

2022 азы 28-æм февраль

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЗАКЪОН

 «Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон арæзт æмæ бюджетон процессты бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 138-æм статьямæ  ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Статья 1

«Бюджетон арæзт æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 138-æм статьямæ хаст æрцæуæд ивындзинæдтæ, 6-æм пункты ахæм мидисæй баххæст кæнгæйæ:

«6. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уынаффæйæ, физикон адæймæгтæн куыстмыздтæм гæсгæ бафтауæггæгтæ æмæ æндæр бафыстытæ,  афтæ ма уыдонимæ баст Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон системæйы бюджеттæм æнæмæнгхъæуæг бафыстытæ æмæ сæ ахынцынадты фæдыл бюджетон процессы хицæн хайадисджыты æххæстбартæ, гæнæн ис,  лæвæрд æрцæуой Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрадмæ.

Статья 2

Ацы закъон йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2022 азы 2 март

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.