Нæ бæстæйы къухдариуæгад æмæ æмбæлон службæтæ дарддæр кусынц,  дунейы алы къуымты цы вирус фæзынд, уый нæ республикæмæ ма æрбауадзыныл. Æххæст цæуынц алыварсон санитарон нормæтæ, куыд бынаты, афтæ республикæмæ æддейæ цы адæм æрбацæуы, уыдонмæ ахасты дæр.

Хуссар Ирыстоны Юго-Осетпотребнадзоры сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ зноны онг æгас республикæйы хиизоляцийы ис 165 адæймаджы. Уыдонæй карантины уавæрты дохтырты хъусдарды бын ис 19 адæймаджы.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ карантины цы 19 адæймаджы ис, уыдонæй фарастæй сты республикон бирæпрофилон медицинон центры инфекцион хайады, иннæ дæс та – республикон рынчындоны.

Уымæй дарддæр ма республикон медицинон уагдæтты дохтырты хъусдарды бын ис æхсæз шофыры. Уыдон та республикæмæ æрластой хæлцадон продукттæ æмæ медицинон препараттæ. Æртæ адæймаджы та рынчындоны хос кæнынц ОРВИ-йы хуызы инфекцийæ.

Санитарон нормæтæ чи халы, уыдон ивар цæуынц

Карантин æмæ хиизоляцийы нормæтæ цы æмбæстæгтæ халой, уыдоны тыххæй ивары бæрц фылдæр кæны 12 апрелæй фæстæмæ. Сæйраг санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ цæрджыты санитарон-эпидемиологон фадыджы закъондæттынад чи фехала æмæ паддзахадон санитарон-эпидемиологон хъусдарды органты домындзинæд-тæ чи нæ æххæст кæна, уыдон цæудзысты ивар.

Санитарон нормæтæ фехалыны тыххæй раздæр ивар кæныны суммæ кæд уыд 500 сомæй иу мины онг, уæд ныр та уыдзæн 15 минæй 40 мины онг.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ уый нырма у административон æфхæрд, фæлæ бахъуаджы рæстæджы фæткхалджытæ конд цæудзысты уголо-вон бæрндзинадмæ.

Карантины æмæ хæдзарон изоляцийы цы æмбæстæгтæ сты, уыдон æрвылбон дæр бæрæг кæнынц мидхъуыддæгты органты минæвæрттæ æмæ медицинон уагдæтты кусджытæ.

Нæ бæстæмæ æрцæуæг æмбæстæгтæ сты карантины

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад баххуыс кодта не ‘мбæстæгтæн Уæрæсейы территорийæ æрцæуынæн. Уыдонмæ уадзæн пункт Дæллаг Зæрæмæгмæ ацыд сæрмагонд автотранспорт уæлвæткон уавæрты фæдыл министрад æмæ барадхъахъхъæнæг органтимæ. Дæс адæймаджы сæ райгуырæн бæстæмæ æрцыдысты хуссарирыстойнаг æмбæстаг бæлвырдгæнæн документты руаджы.

Æмбæстæгты цы бæлццæттæласæн автобустыл ласынц, уыдон санитарон æгъдауæй цæуынц сыгъдæг æмæ дезинфекцигонд.

Дыццæджы ацы дæс адæймаджы комкоммæ æрластой нæ горæты рынчындонмæ, уым карантины уыдзысты дыууæ къуырийы. Хъуамæ алчи дæр æмбара ацы вирусы тæссагдзинад, куыд адæймагæн йæхицæн, афтæ йæ алфæмблайæн дæр.

Республикон бирæпрофилон медицинон центры директор Кокойты Маирбег куыд дзуры, уымæ гæсгæ Уæрæсейæ цы æмбæстæгтæ æрцыдысты, уыдон сты палатæты, ифтонг сты хæлцæй æмæ хисæрмагонд гигиенæйы фæрæзтæй. Ис нæм, зæгъгæ, индивидуалон хъахъхъæныны фæрæзтæ, фæсауæрцтæ. Æмбæстæгтæ дæр хъуамæ æмбарой уавæры æппæт серьезондзинад æмæ æдасдзинады иумиаг фæткойтыл хæст уой.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Консулон агентады дарддæр дæр æмбырд кæнынц, йæ райгуырæн уæзæгмæ æрыздæхын кæй фæнды, уыцы хуссарирыстойнаг æмбæстæгты номхыгъдтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.