Коронавирусон инфекци COVID-19 республикæмæ ма æрбауадзынимæ  баст мадзæлтты æмгъуыдтæ адарддæр кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстонимæ æмарæн паддзахадты коронавирусон инфекци COVID-19-æй рынчынты нымæц кæй фылдæр кæны, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ низ ма æрбауадзыны нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад уынаффæ кæны:

1.    2020 азы 27 марты «Коронавирусон инфекци COVID-19 æрбауадзын æмæ апарахат кæныны мадзæлтты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2020 азы 27 марты №13 Уынаффæйы 1 пунктмæ гæсгæ  коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбауадзынимæ баст мадзæлтты æмгъуыд хаст æрцæуæд 2020 азы 30 апрелы 23 сахат 59 минутмæ,  ацы Уынаффæйы 2 пункты домæнты йедтæмæ.

2. Фидар æрцæуæт арæнгонд мадзæлтты æм-гъуыдтæ, кæцытæ нысан сты Ацы Уынаффæйы 1 пункты æмæ 2020 азы 17 апрелы «Коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбауадзынимæ баст арæнгонд мадзæлтты æмгъуыд аргъæвыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Уынаффæйы 1 пунктмæ гæсгæ парахт кæй нæ цæуы 2020 азы 27 марты «Коронавирусон инфекци COVID-19 æрбауадзын æмæ апарахат кæныны æруадзыны фæдыл мадзæлтты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2020 азы 27 марты №13 Уынаффæйы 4-æм пункты дæлпункттæ «г», «д» æмæ «ж»-йыл.

3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы, официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ

«Коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбауадзынимæ баст мадзæлтты æмгъуыдтæ адарддæр кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Уынаффæйы проектмæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады ацы проектмæ гæсгæ фæнд цæуы арæнгонд мадзæлттæ (карантин) сфидаргонд æмгъуыдтæ адарддæр кæнын Республикæ Хуссар Ирыс-тонимæ æмарæн паддзахадты эпидемиологон уавæр кæй карздæр кæны, уый тыххæй. Арæнгонд мадзæлттæ адарддæр кæныны актуалондзинад ис уый мидæг дæр  COVID-19  тагъд кæй парахат кæны, улæфæнты быннаг хæйтты бахъыгдары, кæцыйы фæстиуæгæн фæзыны карз респираторон дистресс-синдром (ОРДС) æмæ пневмони, æмæ фæзыны улæфты карз хъуагдзинад æмæ дзы æрцæуы удызиæнттæ. Коронавирусон инфекцийы рæстæджы цы низтæ фæзынд, уыдон æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы специа-листты æмæ дохтырты раз сæвæрдта зын фарстытæ, кæцытæ баст сты тагъд диагностикæ æмæ рынчынты клиникон æгъдауæй бæрæг кæнынимæ. Ныртæккæ эпидемиологи, клиникон хицæндзинæдтæ, ацы низы профилактикæ æмæ хос кæнын сты арæнгонд. Зындгонд куыд у, афтæмæй иууыл арæх æмбæлгæ клиникон равдыст вæййы пневмони, пациентты кæцыдæр нымæцæн бæрæг æрцыд ОРДС-ы рæзт.

Уыимæ иумæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны эконмикæйы арæнгонд мадзæлтты (карантин) æндæвдад хынцгæйæ æмæ æмбæстæгтæн цы мадзæлттæ ист цæуынц, уыдоны негативон фæстиуджытæ фæкъаддæр кæнгæйæ, фæнд кæнæм ахæм объектты архайд сног кæнын: рæсугъддзинады салонтæ, хилдасæнтæ, косметикон æмæ СПА-салонтæ, массажон салонтæ, соляритæ, абанатæ, саунæтæ, машинæтæ цалцæг кæныны æрмадзтæ æмæ цæрджыты цардуагон лæггæдты объекттæ, уыимæ иумæ ателье, дзабырхуыйæн æрмадзтæ æмæ ахæм лæггæдтæ чи кæны, ахæм объекттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.