1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн æмбæстæгты хицæн категоритæн иурæстæгон бафыстыты тыххæй

1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы кæй æххæст кæны, уымæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

1. 2020 азы майы иурæстæгон бафыстытæ лæвæрд æрцæуæд  Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты ахæм категоритæн, кæцытæ сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ:

а) «Ветеранты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 2 статьяйы 1 хайы 1 пункты дæлпункттæ «а» æмæ «з»-йы нысан чи сты, уыцы адæймæгтæн бафыст æрцæуæд фæйнæ 75 000 сомы;

б) Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы хъазуат куысты тыххæй ССРЦ-ы ордентæ æмæ майдантæй хорзæхджын чи æрцыд, уыдонæн фæйнæ 50 000 сомы.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрад Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Резервон фондæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийæ рахицæн кæнæд æхцайы фæрæзтæ ацы Барамынд реализаци кæныны тыххæй. 

3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ  Анатоли

г.Цхинвал,

2020 азы 14 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.