Коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбафтын кæнынимæ баст мадзæлтты æмгъуыдтæ адарддæр кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстонимæ æмарæн паддзахадты коронавирусон инфекци COVID-19-æй рынчынты нымæц кæй фылдæр кæны, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ низ ма æрбафтыны нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад уынаффæ кæны:

1. 2020 азы 27 марты «Коронавирусон инфекци COVID-19 æрбафтын æмæ апарахат кæнынæн ма æруадзыны фæдыл мадзæлтты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2020 азы 27 марты №13 Уынаффæйы 1 пунктмæ гæсгæ  коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбафтын кæнынимæ баст рæстæгмæ мадзæлтты æмгъуыд хаст æрцæуæд 2020 азы 26 апрелы 23 сахат 59 минутмæ.

2. 2020 азы 27 марты «Коронавирусон инфекци COVID-19 ма æрбафтын æмæ апарахат кæнынимæ баст мадзæлтты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2020 азы 27 марты №13 Уынаффæйы 9 пункт йæ тыхы мауал уæт.

3. 2020 азы 30 апрелы æмгъуыдмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы ахуырадон уагдæтты ахуырадон процесс  раконд æрцæуæд ахуыры дистанцион хуызмæ.

4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.