Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Резервон  фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй

1. 2020 азы 5 июлы «Медицинон æмæ  æндæр кусджытæн уæлдай ахсджиаг куыстытæ бакæныны тыххæй, кæцытæ хайад истой æмбæстæгтæн æххуыс бакæныны фæдыл коронавирусон инфекци COVID-19 апарахат кæныны тасдзинады фæдыл разæнгардгæнæн бафыстытæ сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады №41 Уынаффæ сæххæст кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрад Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Резервон фондæй рахицæн кæнæт 5 504 806 (фондз милуан фондзсæдæ цыппар мин астсæдæ æхсæз) сомы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъ-хъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн Æнæниздзинад хъахъхъæныны паддзахадон бюджетон уагдон «Республикон бирæпрофилорн медицинон центр»-æн разæнгардгæнæн бафыстытæ сæххæст кæныны тыххæй 2020 азы 1-æм ноябрæй 30 ноябрмæ медицинон æмæ æндæр кусджытæн уæлдай ахсджиаг куыстытæ бакæныны фæдыл разæнгардгæнæн бафыстытæ сæххæст кæнын, кæцытæ хайад райстой æмбæстæгтæн æххуыс бакæныны фæдыл коронавирусон инфекци COVID-19 апарахат кæныны тасдзинады фæдыл.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад сифтонг кæнæт рахицæнгонд æхцайы фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæныныл контроль æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрадмæ æрбавдисæт сæ хардз кæныны фæдыл хыгъд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг

БЕКЪОЙТЫ Геннади

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.