Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат афæдзон хыгъд сарæзта 2020 азæн. Уый бæстонæй радзырдта аивгъуыйгæ азы къухыбафтгæ æнтыстыты тыххæй афтæ ма проблемæты тыххæй дæр. 

«2020 азы Паддзахадон бюджетмæ нæ таможнæйон комитет хъуамæ бахастаид 241 милуан сомы. Уыдонæй ныридæгæн Паддзахадмæ бацыд 195, 5 милуан сомы. Иннæ хай, ома, 45, 5 милуан сомы бюджетмæ хаст æрцæудзысты æввахсдæр рæстæг. Практикон æгъдауæй Таможнæйон комитет йæ план сæххæст кодта уæлдайджынтæй, 12 милуан сомы фылдæрæй».

Цхуырбаты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй уыцы суммæ бæрæг фылдæр уыдаид COVID-19 аххосæй дæргъвæтин рæстæг арæн æхгæд куыннæ æрцыдаид, уæд. Раздæр азтæм абаргæйæ 2020 азы Уæрæсейы Федерацийæ нæ республикæмæ цæуæг стыруæз машинæтæ цæуы, уыдон нымæц бæрæг фæфылдæр. «2021 азы Паддзахадон бюджетмæ планмæ гæсгæ цы æфтиæгтæ хаст хъуамæ æрцæуа нæ комитетæй, уыцы суммæ у 229 милуан сомы. Мах ныфс ис, бирæ фылдæр кæй уыдзæн уыцы суммæ». Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2020 азы кæрон, 28 декабрæй Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон пост «Рукъ» хаст æрцыд «Дæллаг Зæрæмæг»-мæ. Ныр уым мах, таможнæйон службæгæнджытæ сæ уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ кæнынц æмгуыст. Ацы ахсджиаг проектыл дзырд рагæй цыд. Ныр электронон документтæ аразын æмæ хъалонты паддзахадон бюджетмæ хынцыны хъуыддаг фæхуыздæр. Гæххæттытæ фидар кæныны тыххæй амалиуæгадон куыст чи кæны, уый нал хъæудзæн цалдæр ран рады лæууын. Уыцы иу гæххæтт бадæтгæйæ эффективонæй контроль æрцæудзæн æмæ уæлæмхас проблемæтæ аиуварс уыдзысты. Уыцы-иу рæстæг ма нæ таможнæйы службæгæнджыты цайдагъ кæндзысты Евразийаг экономикон цæдисы стандарттыл. Комитеты сæрдар зæгъы зæгъгæ фæстаг бонты Паддзахадон таможнæйон комитеты службæгæнджытæн уыцы фадыджы уагъд æрцыд видеосеминар, цыран Цæгат Кавказы таможнæйон управлени ахуыр кодта йæ коллегæты таможнæйон хыгъдтæ аразыныл.

Цхуырбаты Мурат радзырдта 2020 азы Таможнæйон управленийæн кæй бантыст арæны сæртыл хизгæйæ фондз контрабандон фыдракæнд аиуварс кæнын. Уыцы фыдракæндтæ рафæлгъуыд æрцыдысты Хуссар Ирыстон-Гуырдзыстоны арæныл. Контрабандон товарты сконды уыд тамако æмæ алкоголон нуæзты стыр парти товартæ. Уыдон урæд æрцыдысты Цхинвалы район Арцеуы хъæумæ хæстæг. Хелцуайы хъæумæ хæстæг та урæд æрцыд Гуырдзыстонæй хаст медицинон препаратты стыр парти. Уый фæстиуæгæн ивар æрцыдысты фыдгæнджытæ æмæ сæ товартæ та конфискацийы бахаудтой.

503 æмбæстаг та ивартæ бафыстой, сæ рæстæджы автотранспортон иуæгтæн ВОЗ кæй хонынц, уый кæй нæ сарæзтой, уый нысанæн. Уыцы иварты аргъ æмткæй уыд 409 мин сомы, кæцытæ хаст æрцыдысты Паддзахадон казнамæ. Таможнæйон управлени цалынмæ административон ивар фæкæны,  уæдмæ профилактикон куыстытæ ауадзы адæмы ‘хсæн, бамбарын кæны таможнæйон нормæтæ халын цы фæстиуджытæм æркæндзысты. Фæлæ бирæ шофыртæ фæдзæхстытæ ницæмæ æрдарынц æмæ уæд бафидынц ивар, закъон куыд амоны, афтæ.

Комитеты къухдариуæггæнæг банысан кодта, зæгъгæ, æнтыстытæ та сæ къухты бафтыдысты административон мадзæлттæ кæй истой æмæ æнгæс структурæтимæ æмгуыст кæй кодтой, уый руаджы. «Механизмтæ, кæцытыл куыст æрцыд лæмбынæг, уыд æрмæстдæр республикæйы иумиаг экономикон рæзт фæбæрзонддæр кæныны нысанæн. Махæн нæ къухы бафтыд æрмæст планон бæрæггæнæнтæ нæ, фæлæ ма фæбæрзонд кодтам нæ профессионалондзинад техникон æгъдауæй. Дарддæр дæр хъавæм ацы фæдыздæхты кусын, уымæн æмæ таможнæйон службæйы куыст æххæст кæнын хъæуы оперативонæй, æнæмæнгхъæуæг документтæ аразыны æмгъуыдтæ фæкъаддæр кæнын, амалиуæггæнджыты уавæр фæрогдæр кæныны нысанæн. Таможнæйон формалондзинæдтыл рацæуын зындзинæдтæ ма хъуамæ æвзарын кæной бизнес-æхсæнадæн», – дзырдта Цхуырбаты Мурат.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Уæлдæр ахуырмæ Таможнæйы хаххыл цы студентты арвитынц, уыдон ахуыры фæстæ, дипломтимæ куы æрæздæхынц, уæд сæ куыстæй сифтонг кæнынц.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.