28 январы Мидхъуыддæгты министрады уагъд æрцыд хыгъдон æмбырд, цыран хатдзæгтæ сарæзтой ведомствойы 2020 азы оперативон-службæйон архайдæн æмæ æрдзырдтой нæ республикæйы территорийы криминагенон уавæрыл дæр. Мадзалы хайад райстой бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, нæ республикæйы тыхон структурæты сæргълæуджытæ æмæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад.

Афæдзы дæргъы бакæнгæ куысты бæрæггæнæнты тыххæй æмæ 2021 азы фыццаградон хæсты тыххæй æрдзырдта Мидхъуыддæгты министрады Штабы хистæр Кокойты Тарзан. Уый йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, кæд 2020 азы нæ республикæйы криминагенон уавæр уыд вазыгджын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, æвзæрстам зындзинæдтæ, уæддæр ведомствойы кусджытæ республикæйы иннæ тыхон структурæтимæ иумæ райстой æмбæлон мадзæлттæ æмæ бахъахъхъæдтой æхсæнадон фæтк, контроль кодтой оперативон уавæр.

«Иумийагæй сисгæйæ 2020 азы фæкъаддæр ис фыдракæндты нымæц. Регистраци æрцыдис 16,1 процент къаддæр фыдракæнды 2019 азмæ абаргæйæ. Фæлæ уыимæ иумæ, хъыгагæн сæ раргом кæныны хъуыддаг фæкъуыхцы æмæ у æрмæст 80 проценты бæрц, кæд æмæ 2019 азы та уыд 85,7 проценты. Фæкъаддæр сты уæззау хуызы фыдракæндтæ дæр 37,9 проценты бæрц æмæ ам дæр сæ раргом кæныны хъуыддаг у 80,5 проценты. 20 проценты бæрц фæкъаддæр сты лæг амарыны цаутæ æмæ 50 проценты та – давыны цаутæ. Фæлæ та ам дæр сæ раргом кæныны хъуыддаг мæгуырау у – æрмæст 60 проценты. 2020 азы хызт уыдыстæм давыны цаутæй», – загъта Кокойты Тарзан.

Мидхъуыддæгты министрады раз цахæм хæстæ лæууы, уый тыххæй йæ раныхасы æрдзырдта Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фыдгæнджытæн аккаг ныхкъуырд радтын, æхсæнадон фæтк æмбæлонæй бахъахъхъæнын, не ‘мбæс-тæгты æмæ нæ бæстæйы фыдбылызтæй бахизыны тыххæй ведомствойы кусджытæ афæдзы дæргъы скъуыддзаг кодтой бирæ хæстæ.

«Бирæ фыдракæндты хуызтæ фæкъад-дæр сты 2020 азы, куыд лæг амарыны, адæймагæн уæззау зиан ракæныны, давыны æмæ æндæр фыдракæндтæ. Дарддæр дæр активон куыст цæуы, цæмæй милицийы кусджытæ уой ноджы æнтыстджындæр. Уый тыххæй æнæхъæн азы дæргъы министрады æппæт хæйтты дæр уагъд æрцыд комплексон мадзæлттæ, кæцытæ ахъаз уыдысты рæнхъон кусджыты иумæйаг æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн. Хуыздæр кæ-нæм нормативон базæ дæр æмæ дарддæр æххæст цæуы ведомствойы иумæйаг план, кæцы арæзт æрцыд развæлгъау æмæ йæ нысан у  мидхъуыддæгты министрады куыст фæэффективондæр кæнын. Æппæт ацы статистикон бæрæггæнæнтæ сты не службæйон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныны фæстиуæг», – банысан кодта Пухаты Мераб.

Фæстаг азты ведомствойы цы оптимизаци æрцыдис, уый хорзæрдæм бандæвта иумæйаг куыстыл. Йæ фæрцы фæхуыздæр ис кæрæдзиимæ æмархайд, фæгъæд-джындæр ис оперативон-службæйон куыст, пайда кæнын райдыдтой нырыккон ме-тодтæй, информацион технологитæй æмæ техникон дзаумæттæй.

Милицийы фадыгон инспекторты службæйон архайды тыххæй дзургæйæ, Пухаты Мераб банысан кодта, зæгъгæ, бархалæн цауты фылдæр хай æрæнцад се уæхсджытыл æмæ азæй-азмæ сæ куыст ноджы уæззаудæр кæны. «2020 азы фадыгон инспектортæ цæрджытæй райстой 280 куырдиаты æмæ сæ фæдыл цæсгомджынæй бакуыстой. Фæлæ абоны бон лæмбынæг куы æркæсæм, уæд бæрæг у, цæрджытæм ноджы фылдæр хъусдард здахын кæй хъæуы. Æрмæст фадыгон инспектортæ фаг не сты, не ‘ххæссынц уыйас гуырахстджын куыстыл æмæ сæм хъæуы фæкæсын. Фылдæр хъусдард хъæуы цыбыркъух бинонтæм, æнахъомтæм, антиæхсæнадон цард чи кæны, ахæм æмбæстæгтæм. Ам æмбæлон куыст куынæ æрцæуа, уæд нæм сабырдзинад никуы уыдзæнис», – загъта ведомствойы сæргълæууæг.

«Кæд æмæ, раздæры азтæм абаргæйæ, милицийы патрулон-постон службæйы кусджытæ бæрæг фæкъаддæр сты, уæддæр сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынц æмбæлонæй. Абоны бон уынгты цæугæйæ цæрджытæ уыйбæрц милицийы кусджытæ нал фенынц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, профилактикон эффект дæр фæкъаддæр ис. Уымæй дарддæр ма арæх феххæст кæнынц, æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынмæ цы нæ хауы, ахæм хæстæ дæр. Фæлæ æппæт зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, нæ уынгты ис сабырдзинад æмæ адæм сæхи хатынц æдас.

 Азы дæргъы мидхъуыддæгты органты кусджытæ æхсæнадон фæтк бахъахъхъæдтой 69 мадзалы рæстæджы, кæцыты æдæппæт хайад райстой 4 мин кусæджы бæрц. Уымæй уæлдай ма æнæзакъонæй наркотикон буарадтæй спайда кæныны тыххæй æфхæрд æрцыдысты 135 адæймаджы, 18 æмбæстаджы конд æрцыдысты уголовон бæрндзинадмæ. Статистикæ куыд æвдисы, афтæмæй наркотикон буарадтæй пайда кæнынц æвзонг адæймæгтæ, – 22 азæй 30 азмæ кæуыл цæуы.

Уымæй уæлдай ма, экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны управленийы кусджытæ – 22 адæймаджы тыххæй уадзынц административон бæлвырдгæнæн куыстытæ. Ныридæгæн уал 9 æмбæстагыл бакодтой уголовон хъуыддæгтæ», – дарддæр зæгъы ведомствойы сæргълæууæг.

2020 азы уæззау уыд коронавирусы низы фæзынд æмæ карантинон мадзæлттæ бакæныны фæстиуæгæн. Суанг уалдзæгæй фæстæмæ милицийы кусджытæ æппынæдзух хайад истой æппæт райсгæ мадзæлтты æмæ стыр хайбавæрд бахастой адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæнынмæ.

Кæронбæттæны, ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, рæдыдтытæ æрцыдис куысты мидæг, æнæскъуыддзаг баззадысты кæцыдæр проблемæтæ, фæлæ сæ аиуварс кæнынæн 2021 азы бахъæудзæн ноджы арæхстджындæрæй архайын. Арфæйы ныхæстæ ма загъта милицийы кусджытæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг йæ раныхасы фæнысан кодта ведомствойы хъæндзинæдтæ, фæлæ иумийагæй сисгæйæ, райгондæй баззадис æмæ аккаг аргъ скодта бакæнгæ куыстæн.

Бæстæйы Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы æрæмбыруæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ведомство куы сырæзт, уæд йæ ном хуынд «адæмон милици».

«Абоны бон милицийы кусджытæ аразынц алцыдæр, цæмæй нæм уа фæтк, фыдракæндтæ къаддæр кæной, адæм цæрой æдасæй æмæ æууæндой барадхъахъхъæнæг органтыл. Мæ размæ цы докладтæ бакастысты, уыдоны ирдæй разындысты куыд æнтыстытæ, афтæ хъæндзинæдтæ дæр. Цалдæр кусæджы куы фæрæдийой, куы фæиппæрд уой сæ комкоммæ хæстæ æххæст кæныны фæндагæй, уæд уыцы хъуыддаг иумийагæй ма хъуамæ бандава æгас ведомствойы номыл, куыстыл. Ахæм рæдыдтыты фæстиуæгæн бирæ цæсгомджын кусджыты куыст æнæахадгæ баззайы, адæм нал феууæндынц милицийы кусджытыл æмæ æцæг патриоттæ æмæ сæ куысты дæснытæ свæййынц цæрджытæн æнæуынон. Уый тыххæй та фыдгæнджытæ хъуамæ карзæй æфхæрд æрцæуой закъоны фæлгæтты, цæмæй дарддæр бынат ма уа ахæм цаутæн. Дисциплинæ у сæйраг», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уымæй уæлдай ма Президент æрдзырдта, зæгъгæ, барадхъахъхъæнæг органтæн нæй гæнæн, æмæ сын исты иудзинад уа криминалон элементтимæ.

«Нæ сывæллæттæ хъуамæ рæзой ахæм æхсæнады, цыран закъон æмæ фæтк уой фыццаг бынаты æмæ уæд размæ цæудзæнис нæ республикæ. Уый тыххæй та хъæуы адæмы æууæнк раздахын. Статистикæмæ куы æркæсæм, уæд фыдракæндты нымæц фæкъаддæр ис, æмæ уыимæ иумæ, адæмы æууæнкдзинад дæр фæкъаддæр ис.  Ацы хъуыддагыл æвзæрырдæм бандæвта Дзабиты Иналы трагикон цау æмæ уын фидарæй зæгъын, аххосджынтæ карзæй æфхæрд кæй æрцæудзысты. Иу фыдракæнд аиуварс кодта æппæт позитивон хъуыддæгтæ æмæ милицийы кусджыты ныддæлдзиныг кодта. Ныридæгæн Театралон фæзуаты цы акци цæуы, уый нæ бандавдзæн слестгæнæн куыстытæ закъоны фæлгæтты ауадзынæн, рæстдзинад рабæрæг кæнынæн æмæ фыдгæнджыты карзæй бафхæрынæн. Уыимæ ма иумæ Мидхъуыддæгты министры амарынвæнд чи скодта, уыдон дæр хъуамæ бæрндзинадмæ конд æрцæуой», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Уголовон хъуыддаг æвзарыны рæстæджы иу милицийы кусæгæн сбæлвырд ис наркотикон буарадæй спайда кæныны факт æмæ Президент бахæс кодта Пухаты Мерабæн, цæмæй æввахс рæстæджы ведомствойы рæнхъон кусджытæн ауадзой тесттæ.

«Наркотикон буарадтæ парахатгæнджыты ныхмæ тох у иууыл приоритетондæр абон æппæт барадхъахъхъæнæг органтæн æмæ махæн нæ комкоммæ хæс у, цæмæй æвзонг фæлтæрты бахизæм наркотиктæй. Иу уысм дæр хъуамæ ма æрлæууа куыст æмæ ах-хосджынтæ та хъуамæ карзæй æфхæрд цæуой», – загъта Бибылты Анатоли.

 Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр дæр материалон-техникон ифтонгад хуыздæр кæндзæнис æмæ милицийы æрдыгæй та хъæуы æмбæлон фæтк æмæ æдасдзинад хъахъхъæнын.

Кæронбæттæны ма Бибылты Анатоли ноджыдæр бахахх кодта, зæгъгæ, цалдæр адæймаджы тыххæй æнæхъæн ведомство бæрндзинад ма хъуамæ хæсса.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.