Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæджы бынатмæ Приходько Александры снысан кæныны тыххæй

Приходько Александр Сергейы фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæджы бынатмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

 Сæрдар Бекъойты Геннади

2021 азы 17 июнь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХИЦАУАДЫ УЫНАФФÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй

  1. «Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекци (COVID-19) ма æруадзыны фæдыл мадзæлтты номхыгъд сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2021 азы 8 апрелы №39 Уынаффæмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрадæн хицæн æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Резервон фондæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн 2 670 430 (дыууæ милуан æхсæзсæдæ æвдай мин цыппарсæдæ æртын) сомы хостæ балхæныны тыххæй.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад контроль кæнæт рахицæнгонд æхцайы фæрæзтæй нысанмæздæхтæй пайда кæныны тыххæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрадмæ бавдисæт сæ хардз кæныны фæдыл хыгъд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

 Сæрдар Бекъойты Геннади

2021 азы 17 июнь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХИЦАУАДЫ УЫНАФФÆ

2021 азы январæй пенсийы индексацийы тыххæй

Пенсиисджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны пенситы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыс-тоны Закъоны 5-æм статьяйы 4-æм хаймæ гæсгæ  Республикæ Хуссар Ирыс-тоны Хицауад уынаффæ кæны:

  1. 2021 азы фидар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны пенситы индексаци 6,6 проценты.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонд (Тасойты А.И.) 2021 азы 1-æм январæй саразæт Республикæ Хуссар Ирыстоны пенситы индексаци пенситы уæвæг бæрцтæ хынцгæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар Бекъойты Геннади

2021 азы 17 июнь

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.