Цытджын æмбæстæгтæ!

22 июнь мысæн æмæ хъынцъымы бон – Стыр Фыдыбæстон хæсты райдиан – нæ историйы иууыл трагикон бонтæй сæ иу.

1941 азы райдыдта тæссаг тугкалæн хæст, кæцы ахаста милуангай адæймæгты цæрдтæ æмæ йæ фæстæ ныууагъта уды зиæнтты рыст, пырх зæхх.

Стыр бæстæйы бирæнацион адæм рацыдысты хæстон азты фæлварæнтыл, сæ удты тых, хъæддыхдзинад æмæ æхсардзинад, Райгуырæн зæхмæ удуæлдайдзинад æмæ æнувыддзинад равдис-гæйæ. Стыр Фыдыбæстон хæстæн йæ райдиан кæронмæ, æдæппæтæй 1418 бон æмæ æхсæвы дæргъы цыд тох гитлерон æрдонтимæ, Хуссар Ирыстоны фырттæ æмæ чызджытæ дæр пырх кодтой знаджы. Нæ хæстонтæ знаджы ныхмæ тохы сæхиуыл нæ ауæрстой, алцыдæр арæзтой Уæлахиз æрæввахс кæныны сæраппонд. Хæсты быдырæй æрыздæхын сæ фылдæрæн нæ бантыст.

Хуссар Ирыстонæн Стыр Фыдыбæстон хæсты мысынад у уаз æмæ нæ хæсджын кæны, райгуырæн бæстæ чи  бахъахъхъæдта, уыцы хъайтарты аккаг уæвынæй.

Мах сæрыстыр стæм хæстонты сгуыхтдзинадæй æмæ æмбарæм  нæ хæс.

Стыр Фыдыбæстон хæсты архайджыты фæдонтæ хъахъхъæнынц сæ фыдæлты кад, сæ фæдзæхстытыл æнувыд сты. Раздæрау, абон дæр Хуссар Ирыстоны хæстонтæ Уæрæсейы адæмтимæ уæхски-уæхск æвдисынц Украинæйы фашизмы ныхмæ тохы хъайтардзинад. Кæддæриддæр, цыфæнды дуджы дæр æхсар, хæстон удыхъæд, хиуыл æмæ хæстон æмбæлттыл æууæнкдзинад, Фыдыбæстæйыл æгæрон æнувыддзинад уыдысты нæ хæстонты бæлвырдгæнæн миниуджытæ. Уыдон алыхатт дæр тох кæнынц рæстдзинад æмæ раст хъуыддаджы сæраппонд.

Цытджын æмбæстæгтæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ, сæйраджыдæр та – фидар сабырад! Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы республикæйы цæрджытæй хайад чи исы, уыдонæн та мæ зæрдæ зæгъы, рæхджы сæ хæдзæрттыл цы сæмбæлой сæрæгас æмæ æнæнизæй! Мах фæуæлахиз уыдзыстæм!

 

***

Цытджын хæлæрттæ, æмфыдыбæстæйонтæ!

Абон 82 азы æххæст кæны Стыр Фыдыбæстон хæсты райдианыл. Уый у советон адæмы историйы хъынцъымдæр бонтæй сæ иу. Мысынад æмæ хъынцъымы бон. Уæд райдыдта иууыл тугкалæндæр хæст, кæцы фæивта милуангай адæймæгты цард.

Ацы бон мах æрымысæм, Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ чи слæууыд, уыдоны се ‘ппæты дæр. Нæ сæрæй ныллæг кувæм Фыдыбæстæйы хъайтартæ-хъахъхъæнджыты раз, кæцытæ сæ цард радтой уæлахизы тыххæй. Ацы бон æрымысæм, оккуппантæ хъизæмарæй кæй мардтой, амынæты кæй акодтой, уыцы  сабыр цæрджыты, афтæ ма, знаджы бомбæтæ æмæ нæмгуытæй чи фæмард, уыдоны дæр.

Абон мах уæлдай тынгдæр æнкъарæм, куыд зын у æввахс адæймæгты сафын. Банкъарæм, æрвылбонон сабыр цардæй цыбыр рæстæгмæ хæсты азары бахауын адæймагæн цы нысан кæны, уый. Уымæ гæсгæ махæн тынг ахсджиаг хъуыддаг у уыцы цауты тыххæй зæрдыл дарын, фидæны фæлтæртæн нæ мысынад адæдтын, зæрдиагæй бацархайын, цæмæй зæххыл уа сабырад, æцæг патриоттæй  æвзонг фæлтæры  хъомыл кæнын.

Абон мах бузныг дзурæм æмæ кад кæнæм фронтонтæн, фæсчъылдымы фæллойгæнджытæн, хæсты идæдзтæ æмæ сывæллæттæн, æхсæвæй-бонæй Уæлахиз чи æввахс кодта, æппæт уыдонæн. Мах хъынцъым кæнæм, сæ хæдзæрттæм чи нæ ‘рыздæхт, абоны бонмæ чи нæ фæцард, уыдоны тыххæй.

Æнусон мысынад уæд, Уæлахиз нын чи балæвар кодта, уыцы хъайтартæ, салдаттæ æмæ афицертæн.

Ирыстоны æппæт цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы сабырад, амонд æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.