Ацы скъолайы къухдариуæгад æмæ коллективы куыстæй райгонд сты ахуыргæнинæгты ныййарджытæ æмæ сæ бафæндыд нæ газеты фæрстыл сын раарфæ кæнын. 11 «в» къласы рауагъдонты ныййарджыты номæй нæм редакцимæ æрбахатыд Хетæгкаты Дианæ.

«Фыццаджыдæр мæ фæнды банысан кæнын, скъолайы къухдариуæгады гъæдджын æмæ бæрнон куыст. Цыппæрдæс азы ам къухдариуæг кæны Гобозты Русудан, кæцы йæ удыл æнауæрдгæйæ, æппæтдæр аразы, цæмæй скъола схиза ныры дуджы дунейы размæцыд ахуырадон уагдæтты æмвæзадмæ. Æнæрахатæн нæй, уыцы æнтыст йæ къухты кæй бафтыд æмæ йын дарддæр дæр, йæ куыстмæ бæрнон ахасты руаджы, кæй бантысдзæн ноджы фылдæр.

Скъолайы агъуыст арæзт цыд фæтагъдгонд темптæй, уымæ гæсгæ дзы баззад хъæндзинæдтæ дæр. Уый тыххæй райдайæны ахуыргæнинæгтæ æмæ педколлектив æвзæрстой зындзинæдтæ, фæлæ Гобозты чызг ахæм бæрнон куыст бакодта æмæ ныртæккæ ардæм нæ зивæг кæнынц нæ горæты дæрддзæф районты сывæллæттæ дæр», – загъта Дианæ.

Скъолайы директор Гобозты Русудан нын радзырдта, зæгъгæ, агъуыст  арæзт у 600 сывæллонæн, фæлæ ныртæккæ ам ахуыр кæнынц 693  ахуыргæнинаджы. «Нæ ахуыргæнинæгтæ сты куыд «Мæскуыйаг» микрорайонæй, афтæ «Цæгатварс», «Хурзæрин», «БАМ», «Текстиль», Харитоны уынг, 4-æм æфсæддон базæ æмæ нæ горæты иннæ дæрддзæф районтæй. Не скъолайы раздæры рауагъдонтæй бирæтæ каст фесты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ Сырх дипломтыл. Уыдон тыххæй нæм арæх цыд арфæйы фыстæджытæ.  Ныртæккæ кусынц нæ республикæйы алы фадгуыты, зæгъæм, Букуылты Виктория каст фæцис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты дипломатон академи, кусы РХИ-йы  Экономикæйы министрады, Къæбулты Дмитри – Ростовы юридикон институт, кусы РХИ-йы прокуратурæйы, Гæбæраты Виктория – ХИПУ, кусы нæ горæты скъолатæй сæ иуы.  Афтæ ма нæ рауагъдонтæй 11-æй равзæрстой медицинæйы фадыг, цыппарæй фесты республикæйæн æдде медицинон уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ лæггад кæнынц не ‘мбæстæгтæн.

Ацы аз нæ рауагъдонты ‘хсæн нæй, майданыл чи фæуд кæны, ахæмтæ, фæлæ 9 ахуыргæнинаджы райсдзысты иттæг хорз нысæнттимæ аттестаттæ, уыдонимæ 4-æм æфсæддон базæйы уæрæсейаг службæгæнджыты сывæллæттæ дæр. Уыдонæй бирæты нæ бафæндыд ардыгæй ацæуын æмæ сæ ахуыр адарддæр кæнынæн равзæрстой нæхи университет», – загъта директор.

Ахуыры процессыл гъæдджын æмæ бæрнон куыст кæй цæуы, уымæн æвдисæн сты скъоладзауы æнтыстытæ, сæ бирæ хорзæхтæ æмæ грамотæтæ. Ам сывæллæттимæ  кæнынц уæлæмхас хъомыладон куыст дæр. Директор куыд загъта, афтæмæй скъолайы фæлгæтты бакодтой адæмон кæфтытæ, англисаг æвзаг, æрмдæсныйад, нывкæнын, ирон прикладон аивад, волейбол æмæ æндæр кружоктæ. Сывæллæттæ сæм цæуынц зæрдæргъæвдæй æмæ цайдагъ кæнынц алыгъуызон куыстытыл.  1-аг горæттаг скъолайы ахуырдзаутæ кæддæриддæр райсынц хайад республикæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы  алыгъуызон конкурсты, олимпиадæты æмæ æндæр мадзæлтты, свæййынц уæлахиздзаутæ, æрхæссынц кадджын  хорзæхтæ.

Ахæм ахсджиаг куысты тыххæй скъолайы къухдариуæгад æмæ æппæт коллективæн бузныджы ныхæстæ загътой рауагъдонты иннæ ныййарджытæ  дæр: Джиголаты Динарæ, Годжыцаты Тамарæ, Туаты Аленæ, Харебаты Аринæ æмæ æндæртæ.

Фесты фæлварæнтæ æмæ рауагъдонтæ сæхи рæвдз кæнынц цытджын балмæ. Ахæм ахсджиаг фæлдзæуæн рæстæджы, зноны ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ныййарджытæ зæрдиаг арфæ кæнынц, иуæндæс азы дæргъы сæ разы чи лæууыд, алыгъуызон зынтæ æмæ æхсызгондзинæдтæ кæимæ дих кодтой, ныййарджыты æмрæнхъ сын зондамонæг чи уыдис æмæ сæ ахуыры бæрзæндтæм чи афæндараст кодта, уыцы ахуыргæнджытæн. «Сымах кæддæриддæр, уæ удыл æнауæрдгæйæ, куыстат нæ сывæллæттимæ, куыд ахуырадон, афтæ хъомыладон фарстатыл дæр. Амыдтат сын царды хæрзиуджытæ, хызтат сæ æвзæрдзинадæй æмæ сæ ифтонг кодтат царды зынтæ сфæразыныл. Махæй, ныййарджытæй, къаддæр тыхтæ нæ бахардз кодтат, цæмæй нæ сабитæ суой райгуырæн бæстæйæн аккаг æмбæстæгтæ. Уæ ахсджиаг æмæ вазыгджын куысты тыххæй абон зæгъæм стыр бузныг. Уæд уын фидар æнæниздзинад æмæ сабыр арвы бын амондджын фæлтæртæ хъомыл кæнын æфтæд уæ къухты кæддæриддæр», – раарфæ кодтой ныйарджытæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.