Республикæ Хуссар Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

Сидын уæм, абоны бон æнæхъæн дуне цы ног фæзынгæ низыл сæмбæлд, уый  ныхмæ иумæ фæлæууыны æнæмæнгхъæуындзинады сæраппонд.

Коронавирусон инфекци цырд парахат кæны, æмæ кæд Хуссар Ирыстоны нæй йæ фæзынды иунæг цау дæр, уæддæр нын бар нæй, æмæ  ма хъуыды кæнæм не ‘дасдзинадыл.

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад райста къорд мадзалы, кæцыты фæрцы минимуммæ æркондæуыд инфекци апарахат кæнын. Гуырдзыстоны  куы фæзынд коронавирусæй рынчынтæ, уыцы бонæй фæстæмæ нæ арæнтæ кæронмæ æхгæд æрцыдысты уыцы бæстæимæ.

Бирæ ныхæстæ цыд, бирæтæ равдыстой сæ æнæразыдзинад уый тыххæй, фæлæ абон мах уынæм, уыцы уынаффæ раст æмæ рæстæгыл ист кæй æрцыд.

Республикæйæн йæхи мидæг бар нæй культурон-массон мадзæлттæ уадзынæн, скъолатæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, бирæ адæймæгтæ цы бынæтты æрæмбырд вæййы, уыдон æхгæд сты карантины. Æхсæнадон транспорты змæлд дæр фæкъаддæр ис. Бюджетон фадыджы  кусджыты фылдæр хайæн фадат ис, цæмæй ма цæуой куыстмæ, фæлæ сæ куыстмызд нæ фæсафдзысты.

О, фæлæ бамбарын хъæуы, ацы мадзæлттæ ист кæй æрцыдысты æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй æмбæстæгтæ сæ хæдзæртты бадой изоляцийы. Ацы мадзæлтты райст уый нæ нысан кæны, æмæ кæмæдæр уазæгуаты бацæуай, кæнæ стыр кампанийæ æрæмбырд уат æмæ рæстæг æрвитат. Ацы мадзæлтты райсты эффективондзинад баст у махæй алкæцы æмбæстаджы æрхъуыдыдзинадыл.

Нæй гæнæн знæт кæнынæн, фæлæ цы низ фæзынд, уымæ куыдфæндыйы ахаст дарын нæ хъæуы.

Æрвылхатт дæр, хæдзарæй æнæхъуаджы куы рахизæм, кæнæ дохтыры амындтæ куы ницæмæ фæдарæм, уæд хъуамæ ахъуыды кæнæм нæ хæстæджытыл, нæ ныййарджытыл, нæ сывæллæттыл. Уыдоны нæ хъæуы тасы æппарын.

Цытджын æмбæстæгтæ, ацы къуырийы райдианæй æхгæд æрцыд Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны арæн. Уый нæ бандавдзæн уæзтæ ласыныл, республикæ нæ фæцух уыдзæн хæлцадон продукттæ æмæ медикаменттæй.

Иннæмæй та, Уæрæсемæ фæндаг æрæхгæнын Хуссар Ирыстонæн дæтты фылдæр уæлæмхас рæстæг. Махæн уæлæмхас рæстæг фадат дæтты æвзæрдæр сценаримæ нæхи бацæттæ кæнынæн, кæцыйæ, мæн ныфс ис, аирвæздзыстæм.

Мах хъуамæ спайда кæнæм æндæр бæстæты фæлтæрддзинадæй. Махмæ нæй коронавирусæй рынчынтæ, фæлæ ныридæгæн æмбæстæгты сгарæм   инфекци базоныны нысанæн.

Инфекцион бокстæ дæр цæттæ сты, уый æз мæхæдæг федтон. Уæрæсейы Федерациимæ бадзургæйæ, мах æнхъæлмæ кæсæм медицинон ифтонггæрзтæм, хи хъахъхъæнын æмæ хосты уæлæмхас фæрæзтæм.

Мæ бахæсмæ гæсгæ, куыст цæуы, куы бахъæуа, уæд уæлвæткон уавæрты режим бакæныны план. Ноджыдæр ма уын иу хатт хъусын кæнын, абон нын æнæмæнгхъæуæг нæу уыцы режим, уымæн æмæ нæм COVID-19-æй рынчынтæ не сбæрæг.

Хицæнæй мæ фæнды  зæгъын, абон сæ бизнес æруромын кæй бахъуыд, уыцы амалиуæггæнджытæн æмæ сæ кусджытæн, райсгæ мадзæлттæ фидаргонд сты 2020 азы 12 апрелы онг. Уый стыр æмгъуыд нæу. Кредиттæ чи фиды, уыцы æмбæстæгтæн та кредит фидыны æмгъуыд фæфæстæ уыдзæн. Фæкъуындæг кæныны мадзæлтты æнæмæнгхъæуындзинад куы фæзына, уæд республикæйы къухдариуæгад ссардзæн уæлæмхас фадæттæ, æнæ мыздæй чи баззад, уыцы æмбæстæгтæн баххуыс кæнынæн.

Карантин цы амалиуæггæнджытæм нæ хауы, уыдонмæ сидын, цæмæй сæхи схъæздыг нæныны нысанæн ма спайда кæной сæвзæргæ уавæрæй. Æнæ бындурæй æргътæ чи фæфылдæр кæна, уый æфхæрд æрцæудзæн карзæй.

Зынаргъ хæлæрттæ, адæймагад бирæ низтæн бафæрæзта. Эпидемитæ уыд раздæр дæр, фæлæ абоны нырыккон технологиты æмæ оперативон хъусдарды, æргом информацийы  руаджы тагъддæр æруромдæуыдзæн низ.

Махæй алчи дæр хъуамæ сбæрæг кæна йæ приоритеттæ, бамбара, цы у ахсджиагдæр: æнæниздзинад æви хиирхæфсын. Хъуамæ равзарай уавæрмæ зондджын ахаст, уый хъуамæ уа сабыр æмæ серьезон. Бамбарын хъæуы, уый рæстæгмæ кæй у, æмæ цас бæрнджындæр уæм, уыйас  тагъддæр фæтых уыдзыстæм низыл. Фæнды мæ фæсидын фабрикæ БТК-4 кусджытæм: куыстуат Хуссар Ирыстонæн у стратегион, уым  не ‘мбæстæгтæй кусы 500-йæ фылдæр.

Æз фембæлдтæн фабрикæйы къухдариуæгадимæ. Цы тасдзинадыл сæмбæлæн ис гæнæн, уый æмбарынц, фæлæ уыцы-иу рæстæг райстой æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй кусæн бынæтты минимуммæ æркондæуа низ бахæцыны тасдзинад æмæ БТК-4 куысты бынат уа æдас, уый тыххæй.  

Хæлæрттæ, не ‘ппæтæн дæр мæ фæнды æнæниздзинад æмæ царды хæрзиуджытæ.

Ноджыдæр ма уæм хатын, цæмæй уат бæрнджындæр, цæмæй нæ республикæмæ ма ‘рбауадзæм инфекци, уый тыххæй. Уыцы нысан нæ къухы бафтдзæн республикæйы къухдариуæгад æмæ æмбæстæгты иумиаг архайды фæрцы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.