Уыцы лæппуты  æнæхъæн комбæстæ зыдтой. Уымæн æмæ кады аккаг лæппутæ уыдысты. Хъæубæстæй сæ алчи дæр уарзта. Лæгæй-лæгмæ сæ чидæриддæр зыдта, уыдоны зæрдæты баззадысты цæрæнбонтæм. Баззадысты æмæ-иу сын сæ ном æрымысыдысты алы хатт дæр. Хъæуы-иу искуы исты бадт, кæнæ чындзæхсæв куы уыд, уæд-иу, цæрæнбоны куывды æмрæнхъ, уыцы лæппуты рухс ном дæр ссардтой.

Се ‘ппæт дæр иумæ хъомыл кодтой, иу хъæуы, иу бинонтау цардысты. Се ‘ппæт дæр иумæ куыстой, сæ колхозы исбон фылдæр кæныны тыххæй. Аст лæппуйæ, аст зиууонæй. Амæй-ай хуыздæр, уæйгуытæконд лæппутæ уыдысты! Дыууæ мыггаджы Болататы æмæ Елойты зæрдиæгтæ æмæ ныфсытæ уыдысты. Ленингоры районы Орчъосаны хъæуккæгтæ. Сæ иутæ Болататы Леуан æмæ Сонайы цыппар зæрдæдарæн хъæбулы. Хистæр Михаил хуындис, фæлæ йæ фырбуцæн Бубу хуыдтой, иннæ æфсымæртæ та – Асан, Илья æмæ Лаврент – ныййарджыты хæдзары цыппар цæджындзы, йæ цыппар ныфсы.

Бинонты дыууæ хистæр æфсымæры Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы агъоммæ æркодтой бинонтæ, сæ зæрдæ рухс кодта сæ хъæбултæй. Бæргæ сæм бирæ рæсугъд фæндтæ уыд. Фæлæ сæ хъæбултимæ, сæ бинонтимæ цæрынæй нæ бафсæстысты, афтæмæй сæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Уыдоны фæстæ æрсидтысты сæ иннæ дыууæ æфсымæрмæ дæр. Михаил, Асан æмæ Илья тох кодтой Керчь, Севастополь æмæ æндæр бынæтты ссæрибар кæныныл. Бæргæ фыстой ныфсы фыстæджытæ сæ бинонтæм суанг 1944 азы онг, фæлæ стæй…

Хуыздæр нæ рауад цыппæрæм æфсымæр Лавренты хъысмæт, дæр, уымæн дæр хъысмæт мæлæты фæндаг – фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндаг схай кодта. Скъола дæр кæронмæ  каст нæма фæцис, афтæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Æфсæддон ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ ссис кæстæр лейтенант. Уый фæстæ ацыд фронтмæ. Тох кодта Цæгат Кавказы. Хайад иста Армавир ссæрибар кæныныл тохты. Цалдæр фыстæджы ма дзы райстой йæ бинонтæ, фæлæ куыдфæстагмæ уымæй дæр ницыуал хабар æрæхъуыст…

Афтæ сæ цыппар хъæбулæй афтид абадтысты Болататы Леуан æмæ Сона. Æмæ цыппар афтид ингæны æрбафтыд Орчъосаны хъæуы уæлмæрдмæ. Афтæ цыппар зиууонæй, цыппар хæларæй фæцух сты хъæубæстæ.

Стыр маст банкъардтой Елойты цыппар æфсымæры Тариел, Яша, Жожи æмæ Антъоны ныййарджытæ æмæ хиуæттæ дæр. Елойты æфсымæртæ дæр комбæсты, хъæубæсты уарзон кæстæртæ уыдысты, иузæрдионæй фæллой кодтой сæ колхозы, фæлæ… Хистæр æфсымæр Тариел хæсты агъоммæ æркодта йæхицæн цардæмбал, скодтой йын нæртон чындзæхсæв. Стыр ныфс уыд йæ бинонтæн, хъæубæстæн. Фæлæ ма йын фронтæй йæ фæстаг фыстæг райстой 1944 азы июны мæйы…

Тæлтæг, цардбæллон лæппу уыдис Яша, æгъдауджын кæстæр. «Адæмы хуыздæртæ кæм сты, æз дæр уым хъуамæ уон», – загъта уый æмæ барвæндонæй ацыд хæстмæ. Йæ ацыдæй цалдæр боны фæстæ дзы Керчæй райстой фыстæг дæр. Стæй йын уый фæстæ йæхи дæр уæззау цæфтæй æрластой Гуры госпиталмæ. Иу чысыл куы фæдзæбæхдæр, уæд фæстæмæ аздæхт архайæг фронтмæ. Аздæхт æмæ та уыйадыл уымæй дæр йæ бинонтæ афтид абадтысты…

Æртыккаг æфсымæр Жожи Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы агъоммæ Тбилисы цард, уым куыста. Фæлæ уымæн дæр йæ зæрдæ æхсайдта фронтмæ æмæ ацыд Райгуырæн бæстæ гитлерон фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Иуахæмы тохы уæззау цæф фæцис йæ галиу цонг, хуыссыд госпиталы, хос ын кодтой, фæлæ уæддæр нæ æмæ нæ дзæбæх кодта йæ хъæдгом æмæ йæ рарвыстой сæхимæ. Стыр цины хос фæцис йæ бинонтæн, йæ хъæубæстæн. Фæлæ уыцы цин дæр бирæ нæ ахаста. 1945 азы зымæджы йæ фæстæмæ акодтой фронтмæ. Ацыд йæ фæстаг фæндагыл æмæ фæстæмæ нал æрæздæхт…

Ахуырмæ æвзыгъд уыд æфсымæрты кæстæр Антъон дæр. Каст фæцис астæуккаг скъола. Ахуыр кодта Цхинвалы аэроклубы. Уырдыгæй йæм æрсидтысты æфсадмæ æмæ стыр хъæбатырдзинæд-тæ æвдыста знæгты ныхмæ тохы. Хæсты тæккæ цæхæры уыд, фæлæ йæ уæддæр уырныдта гитлерон тыхæйисджытæ дæрæн кæй æрцæудзысты æмæ уæлахизæй, сæрæгасæй кæй æрæздæхдзæн йæ уарзон бинонтæм æмæ йæ ахуыр кæй адарддæр кæндзæн, уый. Йæ иу фыстæджы фыста: «Мæхи гыцци, уæ зæрдæ мæм ма æхсайæт, Советон Æфсад тыхджын у. Знаг ын ницыхъом у. Мæ чингуытæ мын ма фесафут…» Фæлæ та уый фæстæ уымæй дæр ныфсы фыстæджытæ нал æрцыдысты Елойты хæдзармæ. Æмæ та афтæмæй хъæуы уæлмæрдмæ ноджыдæр æрбафтыд цыппар æфсымæры афтид ингæны. Цыппар æгъдауджын æфсымæрæн нал бантыст бинонтыл, хъæубæстыл фæцин кæнын. Сæ рыстзæрдæ мад Аничкæ сæм бирæ фенхъæлмæ каст цæссыгкалгæйæ æмæ афтæмæй зæрдæрыстæй ацыд йе ‘нусон бæстæмæ.

Нал сæмбæлдысты сæ Райгуырæн зæххыл Болататы æмæ Елойты цыппæргай æфсымæртæ. Уыдоны æмрæнхъ ма хъæубæстæй бирæтæ нал æрæздæхтысты  сæрæгасæй. Фæлæ нæ федзæрæг сты Болататы æмæ Елойты æфсымæрты хæдзæрттæ, нæ ферох сæ ном, уæлæуыл баззад сæ фарн. Фæстейæ кæй ныууагътой, уыдон кæд стыр маст бахордтой, уæддæр быхстой æмæ афтæмæй арæзтой ног цард.

…Æмæ уый фæстæ æрцыд ахæм цины хабар дæр. Болататы зынгхуыст æфсымæрты кæстæр, сæ бындар Виктор бахъомыл. Адæм сын сæ хæдзармæ лæджы номæй бадзырдтой. Бадзырдтой æмæ дын иу бон Елойтæм минæвар куы барвитид. Уый фехъусгæйæ, цыппар зынгхуыст æфсымæрты хо Ксеня диссæгтæ бакодта: «Цыппар афтид ингæны хицауы ныр чындзы цæуынмæ æвдæлы!», зæгъгæ. Фæлæ адæм дæр загътой сæ ныхас. Æмæ Болататы цыппар зынгхуыст æфсымæры кæстæр Виктор йæ цард баиу кодта Елойты цыппар зынгхуыст æфсымæры хо Ксеняимæ. Æмæ дыууæ мыггаджы æнкъард хæдзæрттæй райхъуыстысты цины зарджытæ, цины куывдтытæ, сабухта цард, фæзынд дзы авдæн. Дыууæ цардæмбалы диссаджы куыстуарзаг басгуыхтысты. Хæдзар сарæзтой. Виктор æрмдæсны уыд, Ксеня та – быдыркуыстгæнæг. Зæнæгæй сын рацыд цыппар хъæбулы – дыууæ чызджы  æмæ  дыууæ лæппуйы.

Афтæ нæ банымæг цард хъæбатыр хæстонты фæстæ дæр сæ хæдзæртты, фæлæ бонæй-бон тынгдæр кодта.

Орчъосаны хъæуккаг Кокайты Аликы ныхæстæм гæсгæ Викторы бинонтæ раджы алыгъдысты Цæ-гат Ирыстонмæ æмæ сæ уадиссаг бæрæг ничиуал ницы зоны. Фæлæ Алик куыд загъта, уымæ гæсгæ Виктор æмæ йæ цардæмбал сæрæгас нал сты. Фæзиан, зæгъгæ, сæ фырттæй иу, нырма, дам, йæ афæдз дæр нæма ацыд…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.