Нæ зынаргъ кæстæртæ, нæ хотæ æмæ æфсымæртæ!

Ацы аз 9-æм майы, дунейы прогрессивон дзыллæимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр цытджын æгъдауæй банысан кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты радон Уæлахизы бон. Стыр Уæлахизы боны цытæн мах сæрмагондæй арфæ кæнæм, кæй руаджы фæуæлахиз Советон Цæдис фашистон Германыл æмæ ма абон сæрæгас чи сты, уыцы ветерантæн. Не ‘хсæн чи нал сты, уыдонæн та сæркъулæй арæм сæ рухс нæмттæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианыл ацы аз 22-æм июны сæххæст 80 азы. Уый цыдис 1418 боны. Азæй-аз къаддæрæй-къаддæр кæнынц уыцы адæймæгты нымæц, кæцытæ, сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, хъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæ, бавзæрстой уыцы хæсты æппæт хъизæмæрттæ. Хъыгагæн, уыцы хæсты хайадисджытæ ма нæ Республикæйы сты 4.

Хæсты азты карз фæлварæнтæ æрхаудта ирон адæммæ дæр. Цæгат Ирыстонæй фронтмæ ацыдысты 44 мин адæймаджы. Сæ фылдæр уыдысты, нырма царды ад æххæстæй чи нæма банкъардта, ахæм æрыгон лæппутæ. Уыдонæн сæ фылдæр нал æрыздæхтысты сæ фæрныг хæдзæрттæм, нал сæмбæлдысты сæ ныййарджыты, сæ цардæмбæлтты, сæ сабиты, сæ уарзæттыл. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстонæй 11711 хæстоны нал æрыздæхтысты сæ райгуырæн къуыммæ. Æбæрæгсæфт фæкодтой 7 мин адæймаджы. Фронтæй æрыздæхтысты æрмæстдæр – 3027 адæймаджы, уыдон дæр – цæфтæ æмæ онгцухтæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, СССР Цæдисы æндæр а-дæмты æмрæнхъ, ирон хæстонтæ фенын кодтой стыр хъæбатырдзинад æмæ æцæг лæгдзинад.

8-æм июлы 1944 азы газет «Правда»-йы фыстæуыд: «Ирон адæмы фырттæ, гитлерон фашистты ныхмæ тохы æнæхъæн дунейæн, фенын кодтой, цы у æцæг хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад».

Нæ ирон адæм бæстæйæн радта 34 Советон Цæдисы Хъайтары. Уыдонæй 8 уыдысты нæ чысыл Хуссар Ирыстонæй: Остъаты А.Е., Хъоцыты К.Г., Цоциты В.С., Цхуырбаты И.Д., Къозонты С.Д., Къобылты С.К., Сабанты Г.Л. æмæ Беруашвили (Беройты) Г.И.

Фыдыбæстæмæ æмæ Райгуырæн зæхмæ уарзондзинад стыр хъарутæ лæвæрдтой советон хæстонтæн æмæ знаг дæрæн æрцыд йæ лæгæты.

Нæ зынаргъ ветерантæн зæгъæм бузныг, фашизм кæй ныххуыдуг кодтой йæ лæгæты. Сæрыстыр сæ сты нæ кæстæр фæлтæр, кæцытæн æрхастой сæрибар цард æмæ рæсугъд сомбон.

Нæ кæстæр фæлтæр! Ирыстоны хъысмæт æмæ йæ сомбон ис уæ къухы, сымахæй аразгæ у. Æргомæй зæгъдзыстæм, нæ Республикæйы кæй ис æмæ кæй рæзы аккаг фæсивæд, нæ зæрдæ сыл дарæм æмæ нæ ныфс ис, Ирыстоны кад дæлæмæ кæй нæ æруадздзысты, бæрзондæй кæй хæсдзысты Иры тырыса, кæй нæ бауадздзысты фæцудын нæ кадджын ирон кад æмæ намыс.

Махæн нæ фыдæлтæ ныууагътой хорз æгъдæуттæ æмæ сæ бахъахъхъæнын у нæ абоны фæлтæрты хæс. Фæлæ нæ царды цæуы бирæ ивындзинæдтæ. Æгъдæуттæ та баст сты цардимæ, æмæ дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, ивындзинæдтæ æрцыд æмæ цæуы. Хи дарыны æгъдæуттæ, ирондзинад, æфсарм, лæгдзинад, фыдæлты фарн æмæ намыс нæ зæрдæйы фæндиаг нал сты. Хъыгагæн, не ‘гъдæуттæ а-фæстаг азты чи халы, ахæмтæ дæр нæм ис. Сæ рæнхъыты ис ахæмтæ, кæцытæ бахаудтой карз нозт æмæ наркотикты уæцары.

Нæ чысылнымæц ирон адæм хъуамæ кæной фылдæрæй-фылдæр. Фæлæ уый нæ къухы нæма бафтыд. Хуссар Ирыстоны демографион уавæр нырма нывыл нæу. Нæ кæстæртæй бирæтæ афоныл сæ цард нæ аразынц. Бирæ бинонты ‘хсæн  та фылдæр хъомыл кæнынц иу кæнæ дыууæ сывæллоны. Афтæмæй ирон адæмы нымæц къаддæр кæны. Хъыгагæн, бирæтæ рахицæн вæййынц се ‘мкъæйттæй. Уымæн та бирæ аххосæгтæ ис. Фылдæр та вæййы карз нозт кæнæ та наркотикты аххос.

Нæ мадæлон æвзаджы тыххæй бирæ дзурынц ахуыргæндтæ, фæлæ хъуыддаг зæрдæйы фæндиаг размæ нæ цæуы. Ныхæстæ ныхæстæй баззайынц. Нæ сывæллæттæй фыццæгæм кълæстæм ахуырмæ чи бацæуы, уыдонæй бирæтæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ зонынц ма-дæлон æвзаг. Уыдон скъолаты мадæлон æвзаг ахуыр фæкæнынц куыд фæсарæйнаг.

Нæ зынаргъ уарзон кæстæртæ! Республикæ Хуссар Ирыстоны ветеранты Совет сымахмæ сиды:

– Уæ фыдæлтæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ уæззау фæндагыл рацыдысты, цæмæй сымах абон фæрныг цард кæнат, уымæ гæсгæ хистæртæм хъусут, аргъ сын кæнут – кæмдæриддæр уат æмæ цыфæнды уавæрты куы цæрат, уæддæр хъуыды кæнут уæ бинонтыл, уæ хистæртыл, уæ мыггагыл, ирон адæмыл. Уыдонæн кадгæнæг ут æмæ сын маст æмæ фыдбылыз макуы æрхæссут;

– нæ ирон æгъдæуттыл ахуыр кæнут уæ кæстæрты, æфтаут сæ раст фæндагыл, цæмæй ирон адæмы кад ма цуда;

– хъуыды кæнут нæ сомбоныл тагъд кæнут бинонтæ саразыныл, аккаг кæстæртæ хъомыл кæныныл, нæ демографион уавæр хуыздæр кæна. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой:  бирæ бындзытæ кæм уа, фылдæр мыд дæр уым ис.

– ма халут уæ цард, сывæллæттыл хъуыды кæнут, æмæ сæ æнæ фыд кæнæ æнæ мадæй ма уадзут;

– ма тæрсут абоны зын уавæртæй. Уыдон рæстæгмæ сты. Хъæуы æрмæстдæр сæ аиуварс кæныныл кусын фæндвидарæй.

– кæрæдзийы уарзут, уарзут Ирыстоны, сымах стут йæ сомбон, ма йæ дих кæнут Цæгат æмæ Хуссарыл;

– тырнут зонындзинæдты бæрзæндтæм;

– архайут спорт æмæ физикон хъуыддæгты;

– уæхи дæр æмæ æндæрты дæр хизут карз нозт æмæ наркотиктæй;

– зонут, райсом хистæрты бынаты æрлæудзыстут, сымах æмæ ирон æгъдæуттæ куы нæ зонат, уæд сыл куыд ахуыр кæндзыстут уæ кæстæрты? Уыцы хъуыддагыл куыст райдайын хъæуы абон, науæд байрæджы кæндзыстут.

Мах сарæзтам, цы нæ бон уыдис, уый, сымах саразут фылдæр æмæ хуыздæр. Ут аккаг фæдонтæ нæ фыдæлтæн.

Нæ зынаргъ кæстæртæ! Нæ сидт, нæ ныстуан нын райсут æмæ йæ æххæст кæнут! Амондджынæй уæ къухы æфтæт бирæ хорздзинæдтæ, уæ сомбоны рæсугъддæр цардыл хъуыдыгæнгæйæ, Ирыстоны кадæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.