Республикæ Беларусы президенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй бæстæйы президент Александр Лукашенкойы бадзырдмæ гæсгæ Республикæ Беларусы мидхъуыддæгты министрæй нысангонд æрцыд Хъараты Юри.

Уый 2008 азæй нырмæ разамынд лæвæрдта минскаг сæрмагонд æфсæдтæн. Уымæй размæ та командæ кодта æфсæддон хайæн горæт Бобруйскы. Уæвгæ, уыдæтты тыххæй бæлвырддæр бакæсæн уыдзæн газеты хæстæгдæр номыртæй иуы. Ныр та уал, ирон лæг ахæм бæрзонд бынат кæй бацахста, ууыл иумæ бацин кæнæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.