ПУТИН ÆМÆ ЛУКАШЕНКОЙЫ БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæхимæ райста Белорусийы Президент Александр Лукашенкойы. Дыууæ лидеры ныхас кодтой цыппар сахаты бæрц. Баныхæстæ райдыдтой рауæрæхгонд форматы дыууæ бæстæйы делегациты уæнгты хайадистæй. Уæрæсейы фарсæрдыгæй дзы хайад райстой финансты министр Антон Силуанов, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров, вице-премьер Дмитрий Козак, экономикон рæзты министр Максим Орешкин. Белорусийы фарсæрдыгæй та – вице-премьертæ Игорь Петришенко æмæ Игорь Лященко, финансты министр Максим Ермолович, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Макей. Путин æмæ Лукашенко æруынаффæ кодтой дыууæварсон ахастыты фарстытыл. Хъусдарджыты хъуыдымæ гæсгæ,  уыцы фарстатæй уæлдай ахсджиагдæр уыд хъалонты маневртæй Минскы æфтиæгты компенсацийы темæ, кæцы уадзы Мæскуы. Уæрæсейаг фарсы тыхсын кæны Белоруси периодикон æгъдауæй Цæдисон паддзахады таможнæйон режим кæй халы, уый.

 

РАУÆРÆХДÆР КОДТА САНКЦИТÆ

Уæрæсейы Федерацийы премьер-министр Дмитрий Медведев фехъусын кодта, зæгъгæ, уый йæ къух æрфыста уы-наффæйыл, кæцымæ гæсгæ уæрæхдæр кæны Украинæйы физикон æмæ юридикон цæсгæмтты санкцион номхыгъд. «Уый арæзт æрцыд уæрæсейаг паддзахады, кампаниты æмæ æмбæстæгты интерестæ бахъахъхъæныны тыххæй», – бамбарын кодта Медведев. Сæрмагонд экономикон мадзæлттæ ист æрцыдысты 200 юридикон цæсгæмтты æмæ организацитæм ахасты. Уыдон ‘хсæн сты Украинæйы хъахъхъæнынадон комплексы куыстуæттæ «Укробо-ронпром» æмæ «Укрспецэкспорт», «Украинæйы паддзахадон экспортон-импортон банг», бæстæйы егъаудæр энергетикон компанитæй иу – «Центрэнерго», «Фæдзæхстон къорд «ТАС», транспортон-логистикон организацитæ ТЭП «Вертикаль», «Фыццаг логистикон компани» æмæ æндæртæ. Санкцитæ ма парахат цæуынц сæрмагондæй, Украинæйы конституцион тæрхондоны тæрхонгæнджытыл, Уæлдæр Радайы 8-æм æрсидты депутаттыл, Украинæйы президенты администрацийы чиновниктыл, бæстæйы æххæстгæнæг хицауады къухдариуæггæнджытыл æмæ украинæйаг егъау компанитыл.

 

ЛАСЫНЦ ХЪÆСТÆГÆНÆН БУАРАДТИМÆ БОЦКЪАТÆ

Донецкы Адæмон Республикæйы развæдсгарæн управлени сбæрæг кодта, зæгъгæ, горæт Красногоровкайы æфсæнвæндаджы станцмæ æрбацыд Украинæйы гарзджын тыхты сконд токсикон буарадтимæ. Донецкы адæмон милицийы управленийы хистæры хæдивæг Эдуард Басурин экстренон брифинджы фехъусын кодта, зæгъгæ, химикаттимæ боцкъатæ æвгæнын райдыдтой. Басурины ныхæстæм гæсгæ, вагæттæ йедзаг сты æрвгъуызцъæх химион хъæстæгæнæн буарадтимæ боцкъатæй.  Чи сæ æвдæлон кæны, украинæйаг уыцы æфсæддон службæгæнджытыл конд ис хъахъхъæнæн комплекттæ. Эдуард Басурин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыцы районы сты бритайнаг æмæ америкæйаг спецслужбæты эксперттæ, кæцытæ специализаци кæнынц диверситæ ауадзын. Донецкы Адæмон Республикæ æрсидт дунеон организацитæм, цæмæй сæ ныхас зæгъой уый фæдыл. Ацы зонæйы гæнæн ис æмæ хъыгдард баййафой 70 мин сабыр цæрæджы.

 

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ СРАЗЫДЗИНАДЫЛ

УФ æмæ Вьетнамы парламенттæ сифтонг кæндзысты, уæлдæр æмвæзадыл цы уынаффæтæ ист æрцыдысты, уыдоны закъондæттынадон бындурыл æххæст кæнын.  Вячеслав Володинæн баныхæстæ уыд Вьетнамы Адæмон æмбырды сæрдар Нгуен Тхи Ким Нганимæ, кæцыйы фæстиуджытæм гæсгæ къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл æхсæнпарламентон къамис саразыны тыххæй. Къамисы рабадтытæ уагъд цæудзысты æрвылаз дæр куы Вьетнамы æмæ куы та – Уæрæсейы. Фыццаг рабадт уагъд æрцæудзæн Вьетнамы 2019 азы. «Хъæуы алцыдæр аразын нæ хæлардзинад æмæ рæзты ахастытæ сфидардæр кæныны тыххæй», – загъта Володин. Визиты рæстæджы уагъд æрцыдысты дыууæварсон фембæлдтытæ. Уæрæсейаг делегацийы сæхимæ райстой Вьетнамы президент Нгуен Фу Чонг æмæ премьер-министр Нгуен Суан Фук.

 

УÆРÆСЕ НÆ ФÆКЪАДДÆР КÆНДЗÆН ЙÆ КОНТИНГЕНТ

УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко фехъусын кодта, зæгъгæ,  Иугонд Штаттæ йе ‘фсæдты куы ракæна, уæддæр Уæрæсе нæ фæнд кæны Сирийы йе ‘фсæддон контингент фæкъаддæр кæнын. «Нæ архайдтытæ баст не сты Иугонд Штатты уынаффæимæ, уый аскъуыддзаг кæндзæн сириаг хицауад махимæ иумæ, ома,  сабырадон процесс, ног конституцийы райст, æргом æвзæрстытæ сифтонг кæнын, Сирийы сабырадон цард сæндидзын кæнынæн цас рæстæг бахъæудзæн, уый», – банысан кодта Валентина Матвиенко.

ИУУЫЛ НЫРЫККОНДÆР ÆФСАД

УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 2018 азы уæрæсейаг æфсад фæцис иннæ бæстæты разæй нырыккон хæцæнгæрзты ифтонгады æмвæзадæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иумиагæй Уæрæсе райста хæцæнгæрзты 1,5 мин хуызæджы æмæ техникæйы 80 мин иуæджы бæрц. «Бæрæггæнæнтæм гæсгæ мах рахызтыстæм нырыккон хæцæнгæрзты 61,5 процентмæ. Нырыккондзинады ахæм æмвæзад абоны бон нæ уæвынад кæны дунейы никæцы æфсады», – загъта Шойгу. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, 2010-2020 азты хæцæнгæрзты паддзахадон программæ æххæст цæуы планмæ гæсгæ æмæ, зæгъ, 2019 азы нырыккон хæцæнгæрзты æмвæзад схиздзæн 67 процентæй фылдæрмæ. Хæцæнгæрзтæ хъахъхъæд цæудзысты иууыл нырыккондæр комплексты.

 

ФÆНДÆГТÆ СИУ КÆНЫНЫ ЦЕРЕМОНИ

Цæгат æмæ Хуссар Кореяйы автомобилон æмæ æфсæнвæндæгтæ сиу кæныны иумиаг проект байгом кæныны церемони уагъд æрцыд Цæгат Кореяйы æфсæн-вæндаджы станц Пханмуны. Дыууæ бæстæйы минæвæрттæ байгом кодтой станцы амонæн. Церемонийы хайад райсынмæ уырдæм æрбацыд поезд хуссаркореяйаг 100 хайадисæгимæ, кæцыты ‘хсæн уыд транспорты министр Ким Хен Ми æмæ æндæртæ. Мадзалы хайад райстой ИНО, Уæрæсе, Китай æмæ Монголийы минæвæрттæ.

СРÆМЫГЪД

Ливийы столицæ Триполы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бæстыхайы цур террорист-химар сарæзта срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты æртæ адæймаджы, 21 та фесты алыгъуызон цæфтæ

 

ФÆМАРД СТЫ 43 АДÆЙМАДЖЫ

Кабулы боевиктæ бабырстой хицауады бæстыхаймæ, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 43 адæймаджы, 10 адæймаджы та цæфтæ фесты. Æхсæнадон куыстыты министрады цур айхъуыст срæмыгъд, уый фæстæ ведомствойы территоримæ бацыдысты æртæ хотыхджын террористы. Уыдон æхстой æмæ афтæмæй бацахстой хицауады бæстыхай. Атакæ ахæссыд 10 сахаты бæрц. Æртæ террористы дæр куынæг æрцыдысты.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.