Æмбæстагон хъахъхъæнынады хъуыддæгтæ, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрæй нысан æрцыд министры хæдивæг Цоциты Азæмæт. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли официалон уавæрты министрады коллективæн базонгæ кодта ног снысангонд министры.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Уæлвæткон уавæрты министрæй Цоциты Азæмæты снысан кæныны уынаффæ ист æрцыд ацы бонты æмæ уый фæдыл бафыст æрцыд æмбæлон барамынд дæр.

«Цоциты Азæмæты лæггæдтæ егъау сты ацы министрады службæ кæнгæйæ. Уый у йæ хъуыддаджы профессионал, йæ разы лæууæг хæстæм ын ис бæрнон ахаст. Æмæ æппæт уыцы хорз миниуджытæ хынцгæйæ, æз райстон ацы уынаффæ – министрæй йæ снысан кæныны фæдыл. Уый хорз зоны куысты спецификæ, зоны куыстуаты уæвæг проблемæтæ. Æмæ мæ ныфс ис, æмæ йæ разы цы хæстæ ис, уыдон æрбæстон кæндзæн  сæрмагонд сконды цæттæдзинад æмæ уæлвæткон уа-вæртæм хъусдард фæбæрзонддæр кæн-дзæн, министрад раздæрау уыдзæн Хуссар Ирыстоны иууыл раззагонтæй сæ иу», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта уый дæр, æмæ йæ фарсмæ кæй уыдзысты цæсгомджын æмæ йæ куыст иттæг хорз чи зоны, уыцы хæдивджытæ, куыд Бестауты Ацæмæз æмæ Захаров Алан.

Президент мадзалы рæстæджы сæрмагонд скондæн фехъусын кодта, Цоциты Азæмæты бынатмæ, ома, министры хæдивæгæй нысан кæй æрцыд Гæбæраты Таймураз.

 Президент банысан кодта ацы министрады ахадындзинад нæ æмбæстæгты царды, зæгъгæ, министрады тыхтæ æмæ хъарутæ фаг сты, цæмæй тæссагдзинæдтыл тых кæной.

Уæлвæткон уавæрты раздæры ми-нистр, парти «Иугонд Ирыстоны» лидер Тадтаты Алан июны парламентон æв-зæрстыты фæстиуæгæн Парламенты Сæрдарæй æвзæрст æрцыд. Уæдæй ныры онг министры хæстæ æххæст кодта министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз.

Уæлвæткон уавæрты ног министр Цоциты Азæмæт бузныг загъта Президент Бибылты Анатолийæн ахæм æууæнкдзинады тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, æппæт дæр кæй сараздзæн службæйы архайд фæбæрзонддæр æмæ куыстхъом коллективы æрбангом кæнынæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Цоциты Азæмæт ацы уагдоны рагæй кæй службæ кæны. Йæ куыст райдыдта Цхинвалы зынгсирвæзты æмæ аварион – ирвæзынгæнæн службæйы, уый фæстæ зынгсирвæзты ныхмæ службæйы паддзахадон управленийы. Уым куыста зынгхуыссынгæнæгæй, уый фæстæ та хайады командæгæнæгæй, хайы старшинæ, инспектор æмæ уый фæстæ – хисдæр инспекторæй. Ныры онг та куыста Æмбæстагон хъахъхъæнынад æмæ зынгсирвæзтæй сæдас кæныны фадыгмæ хъусдарды фæдыл министры хæдивæгæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.