АДÆМИМÆ – КОМКОММÆ НЫХАС

20-æм июны Уæрæсейы Президент Владимир Путин дзуапп лæвæрдта бæстæйы цæрджыты фарстатæн. Эфир кæцы кæд рæстæджы дæргъвæтиндзинадмæ гæсгæ рекордон не ссис, уæддæр уыд хъæздыг тематикæ æмæ фарстыты нымæцмæ гæсгæ. Президент æмбæстæгты фарстытæн дзуаппытæ лæвæрдта 4 сахатæй чысыл фылдæр æмæ сдзуапп кодта 80 фарстæн. Æдæппæтæй æмбæстæгтæй æрбацыд 2 милуанмæ æввахс фарстайы.

УÆРÆСЕЙАГ ДЕЛЕГАЦИ ХАЙАД РАЙСДЗÆН ПАСЕ-ЙЫ СЕССИЙЫ

Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Ду-мæйæ Европæйы советы парламентон ассамблеяйы хайад райсдзысты авд сенаторы æмæ 11 депутаты. Федерацийы Советы дунеон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Константин Косачев сессийы схуыдта историон, уымæн æмæ дзы уæрæсейаг парламентаритæ цыппар азы æххæстæй хайад нæ истой ассамблеяйы куысты. Ныртæккæйы уæ-рæсейаг делегацийы сконд у иууыл минæварджындæр ПАСЕ-йы сессийы Уæрæсейы хайадисты рæстæджы. Сесси йæ куыст райдайдзæн 24-æм июны.

ФЕМБÆЛДЗЫСТЫ САММИТЫ ФÆЛГÆТТЫ

АИШ-ы президент Дональд Трамп бафидар кодта, «большая двадцатка»-йы фæлгæтты УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Китайы сæргъ-лæууæг Си Цзиньпинимæ кæй фембæлдзæн, уый тыххæй. «Мæн фæнды Уæрæсеимæ нæ ахастытæ æрнывыл кæнын æмæ мæ ныфс ис, афтæ кæй уыдзæн. Фæнды мæ Китаимæ дæр хорз ахастыты уæвын. Уымæ гæсгæ фембæлдзынæн дыууæ бæстæйы президенттимæ», – банысан кодта Трамп.

АСЫРДТОЙ МИТИНГГÆНДЖЫТЫ

Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы цур бирæминон протестон акцийы хайадисджыты асырдта полици. Хъыгдард баййæфтой 52 адæймажы, уыцы нымæцы 38 полициаджы, рынчындæттæм бахаудтой дæсгай адæймæгтæ. Демонстрантты ныхмæ полици спайда кодта цæссыгкалæн газ æмæ резинæйæ нæмгуытæй. Дæсгай адæймæгтæ урæд æрцыдысты. Митинг саразыны аххосаг ссис чырыстонады æхсæнпарламентон дунеон ассамблеяйы  26-æм сессийы Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Сергей Гаврилов æмæ уæрæсейаг æндæр делегатты хайадист. 20-æм июны Гаврилов ацы ассамблеяйы президенты хуызы байгом кодта сессийы рабадт Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы. Оппозицион гуырдзиаг депутаттæ смæсты сты, Гаврилов делегаттæм парламенты къæлæтджыныл бадгæйæ кæй æрсидт, уый тыххæй. Оппозицийы минæвæрттæ протесты нысанæн трибунæмæ никæйыуал уагътой æмæ фадат нал радтой генералон ассамблеяйы куыст адарддæр кæнынæн.

ХАТЫР РАКУЫРДТОЙ

Къухдариуæггæнæг парти «Грузинская мечта»-йы сæрдар, миллиардер Бидзина Иванишвили, премьер-министр Мамука Бахтадзе æмæ парламенты спикер Иракли Кобахидзе хатыр ракуырдтой, зæгъгæ, «бæстæ-оккупанты минæвар кæд чысыл рæстæгмæ, уæддæр Гуырдзыстоны парламенты сæрдары къæлæтджын кæй бацахаста», уый тыххæй.

РАХÆЦЫД ПРОТЕСТГÆНДЖЫТЫ  ФАРС

Гуырдзыстоны протестгæнджыты фарс ра-хæцыд бæстæйы раздæры президент Михаил Саакашвили. Уый æрсидт полицимæ, цæмæй ма байхъусой хицауады бардзырдтæм æмæ рахизой адæмы фарсы ‘рдæм.

         ÆРÆППÆРСТОЙ ÆНÆПИЛОТОНЫ

Иран фехъусын кодта, зæгъгæ, пысылмон революцийы хъахъхъæнджыты корпусы æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ америкæйаг æфсæддон æнæпилотоны кæй æрæппæрстой, уый у ирд ныстуан Вашингтонмæ. Уый размæ Тегеран фехъусын кодта, зæгъгæ, америкæйаг æнæпилотон Global Hawk-ы æрæппæрстой Ираны уæлдæфон тыгъдад куы фехæлдта, уый фæстæ. Фæстæдæр АИШ-ы гарзджын тыхты минæвар фехъусын кодта, зæгъгæ, «уыцы рæстæджы ницахæм америкæйаг тæхæг аппараттæ нæ архайдтой ирайнаг уæлдæфон тыгъдады».

САРÆЗТОЙ ПЛАНОН АТАХТ

УФ-йы хъахъхъæнынады министрад комментаритæ сарæзта Японы хъусынгæнинагæн уæрæсейаг бомбæзгъалæн хæдтæхджыты тыххæй. «Уæлдæфон-космикон тыхты дыууæ стратегион ракетæхæссæджы Ту-95 МС сæххæст кодтой планон атахт Японы, Скæсæн-Китайаг, Хуссар-Китайаг денджызты, афтæ ма Сабыр океаны ныгуылæн хайы акваториты нейтралон дæтты сæрмæ уæлдæфон тыгъдады», – хъусын кæнынц министрады. Уый размæ, Японы хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхæг дыууæ хатты бахызт сæ бæстæйы уæлдæфон тыгъдадмæ.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТА САУДОВАГ АРАВИЙЫ

Саудоваг журналист Джамал Хашоггийы амæлæты тыххæй бæрндзинад хæссы Саудоваг Арави, – уый тыххæй дзырдæуы адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы советы сæрмагонд докладгæнæг Аньес Каламары хыгъды. Йæ доклады бæлвырд цæуы, зæгъгæ, Турк æмæ Саудоваг Арави цы фæдагуырд ауагътой Хашоггийы амæлæты тыххæй, уый æмбæлон нæу дунеон стандарттæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, журналисты цы бынаты амардтой, уый ссыгъдæггонд æрцыд, æмæ Туркы минæвæртты та Саудоваг Аравийы консулады территоримæ нæ бауагътой. Спецдокладгæнæг сбæрæг кодта, зæгъгæ, ис раст бæлвырдгæнæн-тæ, кæцытæ домынц дарддæры фæдæвзарæн Саудоваг Аравийы бæрзонд бынæтты кусæг хицæн минæвæртты, уыцы нымæцы принцы хайадист журналисты амарыны.

ÆРБАВВАХС СТЫ УÆРÆСЕЙАГ АРÆНТÆМ

 АИШ-ы дард стратегион куынæггæнæг хæд-тæхджытæ В-52Н Балтийы æмæ Сау денджызы ‘рдыгæй уæрæсейаг арæнтæм æрбаввахс уæвын-мæ дыууæ бафæлвæрды, кæцытæн сæ бон у ядерон хæцæнгарз хæссын, фæмæнг кодтой уæрæсейаг уæлдæфон-космикон тыхтæ. 

НОГДÆР РАКЕТОН СИСТЕМÆ «ВИТЯЗЬ»

УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ бакуыстгонд æрцыд ногдæр зенитон ракетон системæ С-350 «Витязь». Уый у ног комплекс æмæ æфсæдты хъуамæ баива ЗРС С-300В. Комплексæн йæ бон у уæлдæфон æрбабырсты æппæт уæвæг æмæ перспективон фæрæзтæ ныццæвын, уыцы нымæцы, чысыл чи зыны, ахæм нысæнттæ æмæ базырджын ракетæты.

АДАРДДÆР КОДТОЙ САНКЦИТÆ

Евроцæдисы совет райста уынаффæ, 2020 азы 23-æм июны онг Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ адарддæр кæныны фæдыл Хъырымы кæй æрбаиу кодта, уый тыххæй. Санкцитæ ист цæудзысты Евроцæдисы юридикон цæсгæмтты æмæ компаниты ныхмæ, кæцытæ архайынц Хъырым æмæ Севастополы.

КОЛЛЕГÆТЫ БАНЫХÆСТÆ

Китайы сæрдар Си Цзиньпин æрцыд Цæгат Кореямæ Ким Чен Ынимæ фембæлыны тыххæй. Политикты баныхæстæ уагъд æрцыдысты Пхеньяны. Баныхæсты темæ нырма нæ раргом кодтой. Фæлæ уый размæ Китайы сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, план кæны дыууæ бæстæйы æмгуыстад фæарфдæр кæнын ахуырад, культурæ, спорт æмæ туризмы фадгуыты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.