Зынг зæгъынæй ком нæ судзы – хæст нæм куы вæййы, уæд кæрæдзи дæр фембарæм, не ‘хсæн вæййы иудзинад, фæриссæм кæрæдзийы рыстæй. Фæзонæм æй, мæнæ ам стæм мах, дæлæ уым та – гуырдзы, уæртæ уым дæр сты ирæттæ, уыдонæй фалдæр та – мæхъæл… Иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр – не ‘нусон знæгтæ. Стæй хæст куы фæвæййы – æви куы ныхъус вæййы, уæд та нæ тых дæр æмæ нæ хъару дæр, нæ цард дæр æмæ нæ бон дæр райдайæм кæрæдзийы ныхмæ тох кæныныл хардз кæнын…

Ахæм цардæй цæргæйæ нæ тау, нæ уидаг ныры онг дæр куыд æрхæццæ, уый диссагæн дзуринаг у. Не знæгтæ зæххæй нæ зонынц се ‘фсис, мах та – политикæйæ!.. Уымæй дæр цахæм политикæйæ? Æнæджелбетт æмæ æнæсæрфат, къуымых æмæ примитивон политикæйæ. Фæстаг хатт ма Тъбеты кæд уыд кæнæ Гуфтайы хидыл кæд ахызт, уый чи нал хъуыды кæны, ахæмтæ дæр дын рабаддзысты, сæ дыстæ бафæлдахдзысты æмæ сæхи Америкæйы сыгъды хъуыддæгтæн тæрхонгæнæг дæр скæндзысты!.. Зонынц алцы дæр – кæцы паддзахадæн цас цæрæнбон ис, уый дæр зонынц…

Мæнмæ – æви махмæ нæ хауы, абоны хъысмæтæвзарæн рæстæджы славяйнаг адæм куыд бафæраздзысты ныгуылæйнаг хæрамы политикæйæн, уый… Сæхи хъуыддаг у… Нæ, уæддæр дзы хъуамæ бабырæм, нæхи сын тæрхонгæнæг, зондамонæг скæнæм. Оу, мæнæ диссаг æрцыди! Цы кæнут, ирон адæм, цы систат уæ уæлфадыл уын цавæр уæззау гал фæлæууыди? Гобозтæм иу зæнджын лæг басгуыхт æмæ фæйнæрдæм фæдисы хъæр кæны, ирон уæвгæйæ, дам, чидæриддæр Путины фарс хæцы, уыдон, дам, иууылдæр гуымыдза фыстæ сты…

Лукашенко 9 майы Уæлахизы парад кæй ауагъта, уымæй раст нæ бакодта. Раст уымæй нæ бакодта, æмæ иугæр дæхи Уæрæсеимæ цæдисон паддзахадыл нымайыс, уæд дын ахæм фарстаты Уæрæсеимæ хъуамæ иу политикæ æмæ иу позици уа. Уый та цы сарæзта? Æнæхъæн дунейæн фадат радта, цæмæй афтæ хъуыды кæной, цыма Путин фæтарст, нæ бауæндыд парад ауадзын, фæлæ уый, Батька, кæуылты хъæбатыр лæг у – Америкæ йын иу бафуйы фаг йедтæмæ нæу, денджыз ын  – уæрагмæ… Уый нæ, фæлæ ма Майк Помпеойы рустæн Брежневы пъатæ дæр фæкодта… Ныр ын уыцы Америкæйы хæрам æмæ чъизи политикæ йæ хъæбатырдзинады хурхмæ куы бавнæлдта, йæ къæлæтджын куы фæцудыдта, уæд æндæр зарæг ныцæлхъ ласта. Ныртæккæ, дам, Белорусы зæххыл цы тыхарæзт революци æнхъизы, уый, дам, æрмæст Белорусы проблемæ нæу, нæ, уый, дам, Уæрæсейы проблемæ дæр у, уымæн æмæ, дам, цæдисон паддзахад стæм…

Уый дын æфсымæр, уый дын – æмцæ-дисон! Цымæ 9 майы Уæрæсейы ахæм дæлдзиныджы бынаты чи сæвæрдта, уый æнæ Уæрæсе цæрын бафæраздзæн, иунæгæй æддагон знæгты ныхмæ стох кæндзæн?.. Ницæй тыххæй! Фæлæ та уый дæр махмæ нæ хауы, сæхи мидæггагон хъуыддаг у, махмæ нæдæр тых ис уый бæрц, нæдæр – фæрæзтæ, цæмæй стыр адæмтæ æмæ паддзахадты политикæ æмæ мидæг-гагон хъуыддæгтыл æндавæм.

Стæй дзырд æндæр цæуылдæр цæуы. Лукашенко парад куы ауагъта, уæд адæмы сæйраг сафæг интернет фæйнæрдæм фæцæйтыдта армыдзаг ирон адæмы ста-уæн комментаритæй. Уый, дам, лæг у, гъе! На, уæдæ, дам, Путин!..

Оу, мæнæ диссаг! Сымах цы кæнут, цы уынгæджы бон уыл ныккодта, стыр поли-тикæйы цы уæ фындзтæ тъыссут?.. Фæсарæйнаг паддзахадтæн къæхтæсæрфæн чи ссис, уыцы стыр бæстæйæ фæстæмæ нæргæ паддзахад чи сарæзта, уыцы Путин æй нæ зоны, парад кæд ауадза, фæлæ йæ сымах базыдтат?..

Ныр Лукашенкойы ныхмæ адæм куы растадысты, уæд та мах политикон афæлгæсджытæ дæр иннæрдæм ныззылдысты. Ныр та – йæ ныхмæ! Бафæлладысты, дам  дзы йæ адæм, фаг, дам, фæдиктатороба кодта, йеныр, дам, маладойтæй искæй бауадзæд…

 Уый мах адæм дзурынц афтæ, не мирæттæ. Стæй, æвæццæгæн, сæ фырахуырæй, алцы дæр фыссынц уырыссагау… Интернеты тыгъдад та йæ бон калы, дардыл æнхъæвзы, фæрсынц нын нæ комментариты белорусаг адæм сæхæдæг дæр. Ис нын дзы хæлæрттæ, коллегæтæ æмæ нæм радзурынц, афæрсынц сæ ирыстойнаг хæлæртты, сымахæн та цы кодтам, сымах та цы хъыгдарæм, зæгъгæ…

Абон Белорусы цы диссæгтæ цæуы, уыдон фыццаграды Уæрæсейы ныхмæ кæй сты, уый æмбарынц æппæт хъуыдхъом адæм иууылдæр. Махæй йæ чидæртæ æви бирæтæ куыднæ хъуамæ æмбарой, уый у диссаг… Æви Уырысы знæгтæ базмæлыдысты Хуссар Ирыстоны дæр?..

Дзырд абон Лукашенкойыл нæ цæуы. Цал азы бады паддзахады сæргълæууæджы къæлæтджыныл кæнæ цал проценты райста, уыдон бынтондæр никæй æндавынц, уыдон æрмæстдæр æфсоны рахæцæнтæ сты, йæ адæмæн ын æхца чи калы æмæ сæ йæ ныхмæ чи ардауы, уыцы Америкæйæн. Америкæйы фæнды, цæмæй славяйнаг дуне бакъуындæджытæ уа кæронмæ, Путин, ома, Уæрæсе бынтон иунæгæй аззайа æмæ йæ бахурх кæной. Æмæ уæд цы фæуыдзыстæм мах та? Абон Лукашенкойы йæ бынатæй раппарыны тыххæй уынгтæм цы адæм рацыд, уыдонæй иутæ сты æлхæд, иннæтæ та не ‘мбарынц, Лукашенкойы куы раппарой, уæд белорусаг адæммæ кæй æнхъæлмæ кæсы, Януковичы раппæрсты фæстæ украинаг адæм цы уавæры ныххаудтой, ахæм уавæр. Бæстæ чи фæлдахы, хъæр-хъыллистгæнгæ уынгты чи цоппай кæны, уыцы адæм сæхи цæ-мæннæ фæрсынц, Минскы цыдæриддæр ныгуылæйнаг паддзахадты минæварадтæ ис, уыдонæй алкæмæн дæр фæстаг Хуыцаубоны кусгæ бон цæмæн уыд?.. Нæ сæ æвдæлы ууыл ахъуыды кæнынмæ. Фæлæ сын мах бон ницы у иуæрдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр, кæд сын махæй дæр бирæ чидæртæ ардыгæй уырдæм зонд ацамонынц, бахъыдзы сæ кæнынц, уæддæр.

Диссаджы адæм стæм! Ирыстонæн йæ цæгат хайы цæрæг адæмы иу хайæн Грудининæй стырдæр ныфс нæй. Сылгоймæгтæ йын сæхи нывонд кæнынц, Хуыцаумæ кувынц, цæмæй спрезидент уа. Бафæрсын аипп ма уæд, цæмæн уæ фæнды æмæ Грудинин спрезидент уа? Уæрæсе йæ цард къахæй ассон-ассон кæнын райдайдзæн? Куыд? Социализм сараздзæн? Кæимæ? Бон изæрмæ уынгты плакаттимæ рацу-бацу кæнын йедтæмæ чи ницы зоны æмæ аразы, уыцы æрдæгбæгънæг къуыдиппытимæ? Кæнæ… Грудинин куы рамбула, уæд æй чи рамбулын кæна, уыдон æй сымахæн ныууаддзысты. Ницæй тыххæй. Америкæйы абон Грудинин хъæуы æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй уый фæрцы фæкъаддæр уой Путины фарсхæцджытæ. Украинæйы президенты бынатмæ бауагътой Зеленскийы, нæ йæ бахъыгдардтой, адæм ыл сæрра сты, йæ фæдыл ныххæрæтт кодтой. Æмæ цы, цы фиу дзы стыхтой украинаг адæм, цы фесты, цы ныфсытæ дзы æвæрдтой, уыдон, тæдзынæгæй фервæзыны ныфсæй цыхцырæджы бын цæмæн бахаудтой?

Ныр дæр афтæ уыдзæн. Афтæ кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу, фæлæ мах цы кæнæм, мах, цæуыл цин кæнæм? Куырис, дам, сыгъдис æмæ йыл бæттæн худтис. Кæнæ  цы къалиуыл бадæм, уый лыг кæнæм æнæдæндаг хырхæй. Æхсæз азы размæ Америкæ Украинæйæн цы майдан сарæзта, ахæм майдан саразын йæ къухы куы бафта Белорусæн дæр, уæд уый нысан кæны, нæ сæйраг æмцæдисонæн йæ хъару кæй асаст, йæ позицитæ кæй ныллæмæгъ сты. Æмæ, Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ йæ тых бынтон куы асæтта, уæд æй сæхицæй мах тагъддæр кæй бавзардзыстæм, уый нæ рох ма уæд…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.