99 азы размæ гуырдзиаг меньшевикты къухæй цы 13 коммунары æрцыд мард, уыдон ном арыны цытæн 20 июны Згъудеры уæлмæрдмæ сæ обелискы размæ æр-бацыдысты бæстæйы сæргълæууæг Би-былты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргъ-лæуджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзаламонæг, историзонæг, Постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат дзырдта:

«1920 азы размæ ныры Мадымайрæмы аргъуанмæ хæстæг уыдон гуырдзыйы лæгхортæ ныккæндæй нæмгæ ракодтой Згъудеры къуылдымы ‘рдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон æй æмбæрстой, фæстаг фæндагыл кæй цæуынц, фæлæ никæй раз фæрæдыдысты, никæй раз фæаххосджын сты æмæ сæ уыцы тугмондаг сырдтæ фæстаг фæндагыл æнæхъуаджы кæй кæнынц, уый тыххæй цыдысты сæрбæрзондæй. Ацы бынатмæ сæ куы скодтой, уæд сын сæ къухтæм белтæ радтой, зæгъгæ, скъахут уæрм. Уыдон æй куыднæ æмбæрстой, цæмæн сын къахын кæнынц сæхи къухтæй уæрм, æмæ аппæрстой белтæ – «марут нæ,  уæд нын уæрм дæр уæхæдæг къахдзыстут!»

Гуырдзиаг лæгхортæн уый æнæнхъæ-лæджы уыд. Цасдæр рæстæджы фæстæ горæтæй схæссын кодтой белтæ, цалдæр адæймаджы скодтой ацы бынатмæ æмæ сын скъахын кодтой уæрм. Уый фæстæ рæнхъæй слæууын кодтой ирон лæппуты æмæ сын загътой, зæгъгæ, сауджыны цур ард бахæрут, уæ рæдыдтытыл басæттут, æмæ уын чизоны ныххатыр кæнæм. Уыдон уыдысты мæнгард æмæ фæлитой гуырдзиаг лæджы уæлæнгай митæ, æмæ сæ куыд хъуамæ бауырныдтаиккой сæ ныхæстæ. Фыдæлтæй фæстæмæ нæ адæм зонынц, уыдон фæлитой митæ æмæ архæйдтытыл æууæндæн кæй нæй. Ахст лæппутæй сæ иу, Джиоты Андрей ахуыргæнæг уыд, сауджын æм куы баввахс, уæд ын уый йæ дзуарыл фæстæмæ ахæцыд, зæгъгæ, махæн ницы тæригъæд митæ ис, цæмæй æрфæсмон кæнæм Хуыцауы раз.

Ахст лæппуты ‘хсæн цы хæрзæвзонг лæппу уыд, уый тыххæй хатыдысты, цæмæй йæ ссæрибар кæной, фæлæ нæй… Ацы бынаты уæд æхст æрцыдысты æртындæс коммунары. Сæ иу ма алыгъд, фæлæ мæсыг хи дурæй сæтты, гуырдзиаг «фæткæвæрджыты» æхсæн уыд ирон уæйгæнæг Лохты Артен – уый йæ басырдта, фехста йæ æмæ йæ бæхы сынæгыл бастæй фæстæмæ æрбаласта».

Джиоты Мурат куыд дзырдта, уымæ гæсгæ хæрз чысылæй хъуыста ацы æртындæс коммунары хъæбатырдзинады кой. Ацы æртындæс лæппуйы хъæбатырдзинады кой, хъыгагæн, советон рæстæджы ничиуал кодта, æмæ нæм 90-æм азты фæстæмæ фæлхатт райдыдтой уыцы цаутæ. Фæлæ табу Дунескæнæгæн, никуы фесафдзæн рæстаг адæмы æмæ ныл кæд бирæ фыдбылызтæ æрцыд, уæддæр абон стæм хæдбар паддзахад.

Джиоты Мурат æрсидт, цæмæй ма рох кæнæм 20-æм азтæ, 90-æм æмæ 2008 азты æрцæугæ цаутæ. Нæ зæрдыл сæ дарæм, уыимæ сæ цард нывондæн чи æрхаста сæрибардзинады сæрыл, уыдоны нæмттæ дæр.

«20-æм азты, ирон адæм геноцид цы у, уый хъусгæ дæр никуы фæ-кодтой  æмæ нæ макуыуал бахъæуæт уыцы ныхас сфæлхатт кæныны сæр, фæлæ цы æрцыд, уый та хъуамæ рох ма кæнæм. Уымæн æмæ фыдракæндæн æмгъуыд нæй æмæ нын нæ рæстдзинад хъуамæ зона æгас дуне», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Æрсидт æмбæстæгтæм, цæмæй чи кæдæм æххæссы, афтæ алыран дæр Хуссар Ирыстоны хабæрттæ дунейæн хъусын кæной. Уымæн æмæ ирон адæмы тох уыд хæдбардзинады сæрыл æмæ Стыр Уæрæсеимæ баиу уæвыны сæраппонд. 1917 азæй Хуссар Ирыстоны адæм ауагътой æхсæз съезды, æмæ алкæцыйы дæр рахастой Гуырдзыстонæй хæдбар уæвын æмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны уынаффæ. Уый зæрдыл æрлæууын кодта Ирыстоны ног историйы æрцæугæ Зары, Ереды, Цъинагары трагедитæ. Уадз æмæ сæ макуыуал бахъæуæд нымайын уыцы трагедиты, æмæ знаг æмæ фыдгулы къухæй мачиуал бабын уæд.

Джиоты Мурат ма зæрдыл æрлæууын кодта, гуырдзиаг фашисттæ нæ горæтмæ цал хатты æрбабырстой, уал хатты сыгъдæг Георгийы номыл Згъудеры аргъуан уыд адæмы хъахъхъæнæг æмæ сæрхъызой.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæмы историйы бирæ трагикон æмæ хъайтарон цаутæ ис. Трагизм æмæ хъайтардзинад ацы уавæры æмбаст сты. Трагеди бавналы алы кары адæммæ. Æмæ адæм кæд фæзонынц, мæлæтмæ кæй цæуынц, уæддæр æвдисынц хъайтардзинад æмæ сæ сæр не ‘ркъул кæнынц фашистты раз æмæ нæ домынц, цæмæй сын ныххатыр кæной.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у ирон адæмы геноцид кæй хонæм, уыцы эпизодтæй сæ иу. Æмæ, зæгъгæ, уыцы эпизодтæ тынг бирæ уыдысты.

«Сæрибардзинадмæ тох нæ æркодта уымæ, æмæ ныртæккæ махæн нæ бон у афтæ дзурын, æмæ уыцы тохы нæ къухты кæй бафтыд уæлахиз æмæ цæрæм хæдбар паддзахады. Уыцы тох здæхт уыд Гуырдзыстонæй хæдбарæй цæрын æмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуыны сæраппонд. Æмæ Уæрæсеимæ баиу уæвыны къахдзæфтæ аразыны уавæртæ ныртæккæ ис махæн», – дзырдта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ирон адæм кæд-фæндыдæр сæ историон фыдыбæстæйыл нымадтой Уæрæсейы, уымæн æмæ йе скондмæ бацыдысты 1774 азы. Æмæ, зæгъгæ, нæ Республикæ æмæ йæ адæмæн сæйраг у, уыцы трагикон цаутæ ма рох кæной æмæ алы аз дæр цæуой мысæн бынæттæм æмæ мысой, мах æмæ нæ сывæллæтты тыххæй чи фæмард, уыдоны хъæбатыр нæмттæ.

Гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнджытæ ра-дзырдтой уæды историон цауты факттæ, куыд фехстой 13 коммунары, уый фæстæ цахæм фæдагурæн мадзæлттæ уагъд цыд, уыдон тыххæй. Ахуыргæнинæгтæ та рахастой 13 коммунары къамтæ æмæ мадзалы кæрон байуæрстой чысыл текстимæ гæххæттытæ, цыран сидтысты, цæмæй Ирыстоны зæххыл нæ адæм цæрынæй бафсæдой æмæ зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ та æнустæм нæ зæрдыл дарæм!

Мадзалы кæрон йæ хайадисджытæ дидинджытæ сæвæрдтой, гуырдзиаг меньшевикты къухæй цы 13 коммунары фæмард, уыдоны обелискы раз.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.