Ног азы бæрæгбонтæ æрхæццæ кæнынц æмæ та нæ республикæйы дуканиты, алыгъуызон амалиуæггæнджытæм фæ-зындис пиротехникон дзаумæттæ уæййаг. Кæд æмæ ацы «гуыппгæнæнтæм» нæ цæрджыты фылдæр хай кæсынц æвзæр цæстæй, фыдбылызхæссæг кæй сты, уый тыххæй, уæддæр сын уынгты арæх фехъусæм се срæмыгъдтытæ. Ӕрвылаз дæр æрцæуы бирæ бæллæхтæ ацы рæмудзæн æрмæджытæй пайда кæныны фæстиуæгæн, фæлæ сæ бынтондæр ма уадзой уæй кæнын, уый къухты не ‘фты. Уымæн æмæ амалиуæггæнджытæн ацы бизнес æрхæссы стыр пайда æмæ уымæ гæсгæ закъоны сæрты дæр æнцонтæй ахизынц. Фылдæр хæттыты та сæ фæуæй кæнынц сусæгæй.

Милицийæн уыцы фадат æмæ фæ-рæзтæ нæй, цæмæй нæ республикæйы территоримæ иу «гуыппгæнæн» дæр ма æрбауадзой. Фæлæ æрвылаз дæр фæуадзынц рейдон мадзæлттæ пиротехникæйы ныхмæ, æфхæрд æрцæуынц бирæ амалиуæггæнджытæ, ист æрцæуы дзæвгар контрафактон пиротехникæ. Ӕппæт ацы райсгæ мадзæлтты фæрцы кæд бынтондæр не ссыгъдæг кæнынц «гуыппгæнæнтæй» дуканиты тæрхджытæ, уæддæр стыр ахъаз фæвæййынц фыдбылызтæ фæцъус кæнынæн.

Ныридæгæн та райдыдтой рейдон мадзæлттæ контрафактон пиротехникæйы ныхмæ æмæ уагъд цæудзысты куыд горæт Цхинвалы, афтæ районты дæр. Ацы  райсгæ мадзæлттæ, фыццаджыдæр, ахъаз сты адæмы сабырад бахъахъхъæнынæн æмæ фыдбылызтæ ма æруадзынæн. Уымæн æмæ æрвылаз дæр дунейы базармæ калд æрцæуынц тæссаг пиротехникон дзау-мæттæ, кæцытæ дзуапп нæ дæттынц æмбæлон нормæтæн æмæ уый фæстиуæгæн æрцæуы уды зиæнттæ дæр  кæнæ та чидæртæ баззайынц сахъатджынæй. Уæлдай арæхдæр пиротехникæйæ пайда кæнынц æнахъомтæ, кæцытæм сæхи фыдбылызæй бахизыны хъуыды нæ вæй-йы æмæ арæх бахауынц бæллæхы. Æмæ дзы сывæллон æвыдæй куыд хъуамæ баззайа, кæд æмæ арæх æрцæуы ахæм цаутæ дæр æмæ «гуыппгæнæн» фехæлы ныййарæджы къухты дæр.

Зын бамбарæн сты ахæм ныййарджытæ, кæцытæ арæх фехъусынц пиротехникæимæ баст æнамонд цаутæ, фæлæ уæддæр пачкæгæйттæй фелхæнынц «гуыппгæ-нæнтæ» сæ сывæллæттæн. Ӕмæ афтæмæй та пиротехникон дзаумæтты фылдæр хайæн сæ инструкциты фыст вæййы, цæмæй йæ ма дæттой æнахъомы къухтæм  кæнæ та йемæ архайгæйæ, хъомыл адæймаг уа йæ цуры. Ӕгæрыстæмæй ма сыл бирæтæ, куыд æмбæлы, афтæ ныххæцын дæр нæ фæзонынц, цы уавæрты йæ хъæуы ссудзын, ууыл дæр нæ ахъуыды кæнынц, афтæмæй æруадзынц фыдбылыз. Ӕмæ æнамонд цау куы æрцæуы, уæд æвиппайды сæхи ныццæвынц милицийы кусджытыл, – уæ куыст æвзæр кæнут, пиротехникæ уæй кæнын уадзут æмæ афтæ дарддæр.

Фарон æз мæхæдæг æвдисæн уыдтæн, иу ныййарæг Дзæуджыхъæуæй йæ сывæллæттæн æрхаста æнæхъæн хызын алыгъуызон пиротехникон дзаумæттæ. Куы йын загътон, зæгъгæ  йæ уыйбæрц цæмæн хъæуы, – уæлдайдæр та се ‘хсæн уыд ахæмтæ, кæцыты срæмыгъды цур хæстон гранаттæ дæр ницы у, уæд мын афтæ, – «уадз, æмæ йæм йе ‘мбæлттæ хæлæг кæной». Ахæм адæймаджы банымайæн ис, æппынкъаддæр, æдылыйыл. Афтæ чи хъуыды кæны, гъе, ахæм ныййарджыты тыххæй сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ фæхæлæг кæнынц æмæ сæ алкæй дæр фæфæнды, цæмæй йæм уа «гуыппгæнæнтæ». Сывæллонæн зынтæй бамбарын кæндзынæ, пиротехникæ тæссаг кæй у, уæл-дайдæр та дзы йе ‘мбалæн йæ фыд бирæ куы балхæна, уæд.

Ацы «гуыппгæнæнты» тæссагдзинад ма уый мидæг ис, æмæ уынгты цæуæг фистæг бæлццæттæн сæ уд сæ къæхты бынæй агæпп кæнын кæнынц. Йæ гуыппæй æнæниз адæймаг дæр фæтæрсы æмæ ма алыгъуызон низтæй рынчынтæ та куыд хъуамæ уой, уæлдайдæр та – кардзыд адæм. Рынчын адæймаджы цур ахæм срæмыгъд куы æрцæуы, уæд æй æнæмæнг бахъæуы дохтырты æххуыс. Æмæ цал хатты хъуамæ бавзара ахæм «тухитæ» уыцы адæймаг? Уыцы сывæллæтты ныййарджытæ ууыл цæмæннæ искуы ахъуыд кæнынц?

Бирæ хæттыты фехъусын кæмæйдæрты, ома, сæ дадатæ æмæ нанатæ ахæм рæстæ-джыты, гæнæнуæвгæйæ, уынгмæ нæ фæхизынц, – тæрсынц «гуыппытæй». Æмæ ацы хъуыддаг та æрвылаз дæр фæлхатт кæны, кæд æмæ раздæры азтæм абаргæйæ, пиротехникæйы нымæц бæрæг фæкъаддæр ис, уæддæр. Ацы проблемæ иуварс æрцæудзæнис, кæд æмæ ныййарджытæ къаддæр æлхæной пиротехникон дзаумæттæ сæ сывæллæттæн. Кæннод  æрыгон ныййарджыты дæр уыцы дадаты æмæ нанаты бынатмæ хъæуы æмæ фидæны уыдон дæр хæ-дзæрттæй рахизын нæ уæнддзысты .

Кæд æмæ рейдон мадзæлтты рæстæджы контрафактон товар ист æрцæуы, уæддæр, иумæйагæй сисгæйæ, адæмы ‘хсæн тынг бирæ пиротехникæ апарахат вæййы. Ӕмæ афтæ мачи хъуыды кæнæд, ома сæ милицийы сусæгæй балхæдтой ам, бынаты, – сæ фылдæр хай сын æрхæссынц  Дзæуджыхъæуæй. Ныридæгæн дæр фадыгон инспектортæ зилынц магазинтыл æмæ сæ фæдзæхсынц, цæмæй контрафактон пиро-техникæ ма уæй кæной. Рейдон мадзæлтты рæстæджы нырма нæ рабæрæг кодтой фæтк-халæн цаутæ, фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ уынгты нал фехъусдзыстæм гуыппытæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.